Фæстаг цалдæр къуырийы нæ царды уаг, нæ царды фæтк, зæгъæн ис, цæхгæр фæивта. Сабыр, æнæхæст дуджы чи аныгъуылд, сæ рухс фидæныл чи баууæндыд, нæ уыцы чысыл адæмæн, куыд фæзæгъынц, сæ къахы хæдбынæй фæзынд фыдбылыз. Æрцыд трагеди. Æвирхъау мардæй амардтой æрыгон лæппуйы. Фыднад фæкодтой æндæр лæппуты. Уый тыххæй нал дзурдзынæн. Махæй йæ алчи дæр райста, куыд хи трагеди, афтæ. Нæ адæмы зæрдæ, дыууын азæй фылдæр кæй зæрдæтæ рыстысты нæ уæззау уавæрæй, уыдонæн сæ рыст сног. Сног, æддæрдыгæй тых-бахасты азарæй нæ. Сног, закъон чи хъуамæ хъахъхъæна, нæ бартæ нын чи хъуамæ хъахъхъæна, уыдоны æнæзакъонон архайдтыты аххосæй. Уый стыр фыдракæнд у. Милицийы кусæг хицауиуæгады минæвар у. Йæ ныхмæ исты антибарадон архайд сарæзтай – уголовон кодексы дæ ныхмæ сæрмагонд статья цæттæ у – карз æфхæрд баййафдзынæ. Фæлæ барадхъахъхъæнæг органты кусæг исты антибарадон архайд сарæзта – фылдæр хатт ын йæ мады ‘хсырау батайы.

 Цæмæн æрцыдыстæм нæ абоны уавæрмæ æмæ дунейы цæмæн æркæсын кодтам нæхимæ? Цæмæн рацыдысты адæм митингтæм? Цæмæн та райдыдтам нæхи ‘хсæн знæгтæ агурын? Цæуылнæ нæ исчи разыны уавæрæн объективон, раст аргъ чи скæна? Президентмæ цæуы сидтытæ, исы сидтытæ нæ газеты редакци дæр æндæр æмæ æндæр организацитæй, фæсарæнтæй, цыран домынц сæ фысджытæ, цæмæй аххосджынтæ æмбæлон æфхæрд баййафой. Фæлæ дзы иу стæмтæй дарддæр ничи зæгъы йæ хъуыды, дарддæр цы саразын хъæуы, цæмæй ахæм трагеди фæлхатт макуыуал æрцæуа. Мах нæ хæстон азты бирæ æвзонг адæймæгты мæлæтæн уыдыстæм æвдисæн. Мардта сæ знаг, мардтой кæрæдзийы дæр, фæлæ барад чи хъахъхъæны, фыдракæнд чи хъуамæ сбæлвырд кæна, уыдон – фыднад, фыдæфхæрд кæной, мæлæты тæрхон хæссой, уымæй мах нæхи дунеон æмæхсæнады раз дæлдзиныг кæнæм. Уымæн мæм раст фæкастысты нæ  универ-ситеты ректор Тедеты Вадимы ныхæстæ, нæ республикæйы æгас барадхъахъхъæнæг системæйы кæй хъæуы реформæ ауадзын.

Бирæ алыгъуызон ныхæстæ ис фехъусæн президенты, Парламенты æмæ оппозици кæй хонынц, уыдоны адресыл. Æмæ уый æмбæрстгонд дæр у. Уыдон æрмæст Дзабиты бинонты трагеди нæ райстой сæ зæрдæмæ æввахс, алкæй  дæр тыхсын кæны, цы лæппуты хъизæмарæй мардтой, уыдоны бынаты бар-æнæбары  гæнæн ис махæй исчи  кæнæ йæ кæстæр бахауа æмæ уæд зæрдæдзурæнты нæ уыдзæн? Цæмæн кæнынц æнæзакъонон митæ закъон хъахъхъæн-джытæ? Кæмæн ис, аххосджын у æви нæ, уый не сбæрæг кæнгæйæ, адæймаджы æфхæрын? Æрмæстдæр тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ хъуамæ æрцæуа æфхæрд аххосджын. Йе ‘фхæрд та – цы æмгъуыд ын снысан кæной, уый ахæстоны фæбадын.

Бирæтæй ма фехъусæн ис, зæгъгæ, раздæр дæр цыдысты ахæм хабæрттæ, фæлæ… кæрон сын кæддæр хъуамæ ма ‘рцæуа?

Ацы бонты Театралон фæзуаты Дзабиты мыггаджы номæй Дзабиты Зарбег загъта, зæгъгæ, цы трагеди æрцыд, уымæй политикæ мачи аразæт. Æмæ, æцæгæйдæр, æрцыд Дзабиты бинонтыл трагеди. Адæм æй райстой, куыд сæхи трагеди, афтæ. Уымæн æмæ дарддæр афтæ цæрæн нал ис. Америкæйы кæддæр уыд Линчы тæрхон, кæцыйæн карз тæрхон рахаста дунеон æмæхсæнад. Адæймаджы цард байсын никæмæн ис бар тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ  мæлæты тæрхон рахæссынæй дарддæр.

Æз сидгæ никæмæ кæнын, цæмæй мæм æрыхъусой. Æз зæгъын мæ хъуыдытæ, цæмæй ныл цы трагеди æрцыд, уый нын зондзонæн уа æмæ дарддæр нæхи бахизæм ахæм трагикон цаутæй. Уый нæ у алкæй хæс дæр, президентæй райдайгæйæ, хуымæтæг адæймаджы онг.

Æмæ ма, кæронбæттæны, мæ зæрдæйыл чи сæмбæлдысты, уыцы ныхæсты тыххæй. Загъта сæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы Комитеты сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Константин Затулин. Уый йæ катайдзинад æвдисы, Хуссар Ирыстоны фæстаг рæстæджы цытæ цæуы, уыдоны тыххæй. Банысан кодта, Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл иумæ кæй тох кодтам. Уый æрсидт, раст чи у æмæ аххосджын чи у, уыдонмæ дæр, цæмæй иу бинонты трагеди ма рахиза, чи нæма сфидар, уыцы республикæйы трагедимæ, цæмæй кæрæдзимæ претензитæ ма фылдæр кæной. Куыдфæнды зын ма уа, уæддæр быцæуæй кæй хъæуы рахизын диалогмæ.

Хъыгагæн, нырма кæрæдзийы не ‘ мбарæм…

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.