Хæрзаг зæгъы, Къостайæ зæгъын, ома, мыййаг ма дзы цæмæн хъæуы – уæ митæй мæ мæрдон уд мæ хъуырмæ куы схæццæ, мæ ингæны къæйтæ стонынмæ куы хъавын… Зæгъдзæн, цæмæннæ зæгъдзæн – йæхæдæг куы загъта, хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, зæгъгæ, уæд æм уырдæм дæр куыднæ хъуысдзысты нæ митæ, цытæ йын кæнæм, уыдæттæ… Уымæ бæлвырд хъуысдзæн алцы дæр – уый нæхæдæг нал хъусæм нæхи хъæр, нæхæдæг ныдзæгъæл стæм пыхсы…

Мæ цæсгом хъæцгæ дæр нал кæны – цал хатты хъуамæ ныффыссай ацы удæвдæрзæг премийы тыххæй, стæй цæмæн хъуамæ фыссай, куы ничи дæ æмбара, дæ кæуын дурмæ дæр куынæ хъара, уæд?.. Фæлæ къуырмайы æфсон дæр куыд скæнæм, нæ хъæнтæм куырмæфсонæй куыд кæсæм?..

Банысан та кодтам Къостайы райгуырæн бон, фæкайдтам та нæ райстбавæрд ныхæсты дзæкъулæй, сывæллæттæн та «æнæкæсгæтæ» фæдзурын кодтам. Фæлæ уыдæттæй Къостайы уæлвæндаг нæ фæкæндзыстæм – йæхæдæг æй махæй раздæр куы загъта, «æфсæрмæй кæудзыстут», зæгъгæ… Куы ницы нæ домдта йæ мæгуыр удæн, йæ катай, йæ мæты сæр æрмæстдæр махыл, йæ фæстагæттыл куы уыд, кæрæдзи уарзгæйæ цæрын нын куы фæдзæхста… Æмæ – гъа, йæ фæдзæхст ын ма æххæст кæнæм, кæрæдзи ма уарзæм, нæхицæн – фыддæр! Фæлæ Къостайы уаз номæй базар кæй сарæзтам, йæ номыл преми нын искæй арæвдауын, искæй зæрдæ ссарыны сæйраг фæрæз кæй ссис, æмæ уымæй адæмы кæрæдзийыл кæй бафтыдтам, уый нын йæ мæрдон уд дæр куыд хъуамæ ныббара?..

Боныфæстагмæ, ницы гæнæн ис, цæмæй йæ сæхгæнæм, цæмæй бынтондæр мауал уа, цæмæй ма иу цалдæр азы æнæзæрдæхудт æмæ æнæкæрæдзи хæргæйæ ацæрæм?.. Къостайæн йæхицæн куынæ дæр Къостайы преми уыд, куынæ дæр – Нафийы преми, куынæ дæр – Нарты фæткъуыйы преми, фæлæ йын йæ преми райсыныл кæрæдзи хъуынхъис чи фæхæры, уыдонæй бирæ æвзæрдæр куынæ фыста…

Цы сты, цы сæрнизæн нæ бахъуыдысты ацы алыгъуызон премитæ æмæ сгуыхт нæмттæ? Хорз у преми, йæ бынаты куы уа, уæд, хорз у, хуыздæрты хуыздæры бынаты æвæрын, фæлæ йæ мах хуыздæрæны бынаты рагæй нал æвæрæм – хатт афтæ рауайы, æмæ кæмæ æмбæлы, уыцы прин-ципæй сæйрагдæр свæййынц, чи куыд æдзæсгомдæр æмæ домагдæр у, кæнæ йæ фырт чи у æмæ цы бынаты кусы, уыцы принциптæ. Советон дуджы цæмæй адæмон артист суыдаис, уый тыххæй хъуамæ  дæ уд аивадæн лæггад кæнынæй рафтыдаид, цæмæй булкъон суыдаис, уый тыххæй дæ игæрæй сыджыт хъуамæ фæмарзтаис! Ныр адæмон артисттæй æнæадæмонтæ фæкадджындæр уыдзысты, уымæн æмæ иугæйтты йедтæмæ нал сты; нæ инæлæрттæ æмæ нæ булкъонтæ рæнхъон салдæттæй фæфылдæр уыдзысты æмæ сæхæдæг сæхиуыл командæ кæнын райдайдзысты… Цыдæриддæр нæм хорзæхтæ æмæ кадджын нæмттæ ис, уыдоны,  кæфойæ æвгæнæгау, уарæм. Уæд та афтæ бакæнæм, æмæ-иу чи райгуыра, уымæн-иу уайтагъд радтæм алцы дæр – цыдæриддæр премитæ, хорзæхтæ æмæ сгуыхт нæмттæ ис, уыдон иууылдæр! Уæддæр афтæ у: алкæмæн дæр чи уа, уым ма цы кад æмæ цы ад хъуамæ уа? Хуымæтæджы дзымандытæ æмдзæвгæйыл чи нымайы, уымæн дæр Къостайы преми куы уа, дыууæ дзырды æнæрæдыдæй кæрæдзийыл чи нæ бабæтдзæн, уый дæр сгуыхт журналист куы уа, æмæ афтæ дарддæр, уæд æцæгæй кæмæ æмбæлынц, æцæгæй чи у премийы аккаг дæр æмæ сгуыхт номы аккаг дæр, уыдоны ма цæмæн бахъуыдысты, цы ад ма сын хъуамæ кæной! Хорзæй – æвзæрæй алкæй дæр иу колхозон хъæццулы бын куы схуыссын кæнæм, уæд дзы цы рауайдзæн, кæнæ цы райгуырдзæн?

Иннæ судзаггаджы фарст та уый у, æмæ зæрдæхудтæй – нæ, Хуыцауы фыдæхæй дæр нал тæрсæм! Æндæр бæстæтæм абаргæйæ Ирыстон армытъæпæныйас йедтæмæ нæу, æндæр адæмтæм абаргæйæ мах армыдзыхъыдзаг йедтæмæ не стæм – махмæ ницы бамбæхсдзынæ, цыфæнды сусæгдзинадыл дæр къæхтæ базайы, адæмы хъусты ныффидар вæййы. Цал æмæ цал хатты уыд афтæ, æмæ-иу преми дæттыны афонмæ æввахс иу кæнæ  иннæ кандидатæн аивæй куы дзырдтой: «Рагацау дын арфæ кæнын»… Ома, рагацау бæрæг вæййы, преми кæмæн ратдзысты æмæ кæмæн нæ ратдзысты, уый… Афтæ нæу, хорз адæм? Фыццаг хатт уын æз зæгъын ацы ныхас æви йæ ныры онг дæр бирæ кæмæйдæрты фехъуыстат?..

Афтæ у. Æмæ ма уæд уый цæй конкурс у, адæмы ма кæрæдзиуыл цæмæн ардауæм, кæрæдзийæн сæ знæгтæ цæмæн кæнæм? Кæмæн дæттинаг æй вæййынц, уымæн-иу æй радтæнт, иннæты ма Хуыцауы æнæхъуаджы цæмæн риссын кæнæм, сæ ныфс, се онг сын цæмæн марæм?.. Цалдæр хатты йæ загътон æмæ йæ ноджыдæр зæгъын: кæд дзы æндæр хос æмæ фæрæз нал уыд, кæд афтæ æнæмæнгхъæуæг уыд кæмæндæр Къостайы преми радтын, уæд Хъазиты Мелитон уый аккаг нæ уыд, цæмæй йын æй аивæй бамбарын кодтаиккой æмæ йæхи конкурсæй сисын кодтаид?.. Куыд хъуамæ уæм ахæм æгъатыр, цæмæй нæ хуыздæрты, нæ аккагдæрты риссын кæнæм, дæлдзиныг сæ кæнæм?!.

Къоста ирон адæмы хъысмæтыл рисгæйæ, сæ сæрыл дзургæйæ азымы кæй дардта, карз æлгъыст кæй кодта, зæйæн кæй ласын кодта? Нæ тæрхоны лæгты. Æмæ чи сты уыцы тæрхоны лæгтæ? Адæмы хъысмæт кæй къухы ис, премитæ, хорзæхтæ, алыгъуызон рæвдауæнтæ чи дæтты, уыдон. Æмæ диссаг куыднæ у – Къостайæн йæ фæдзæхстытæ дæр, йæ уайдзæфтæ дæр æмæ йе лгъыстытæ дæр ницæмæуал дарæм, нал нæ хъæуынц, фæлæ нæ йæ преми хъæуы… Цæмæн – Къостайы ном æнусон кæнынæн? Курдиатджындæр æмæ аккагдæр чи у, уыдонæн саргъ кæныны тыххæй? Рæзты фæндагыл чи цæуы, уыдоны ног сфæлдыстадон æнтыстытæм разæнгард кæнынæн?..

Æви искæй зæрдæ балхæнынæн?..

Ехх, Къоста, Къоста!.. Сыгъзæрин талатæ суадзай дæ дзæнæтон дунейы, куыд дардмæуынаг уыдтæ, æмæ куыд зæрдæрисгæйæ ныссагъæс кодтай: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?..»

Цæй фидæн, цæй фæстаг… Къостайы фæстаг фæдзæхст «кæрæдзи уарзгæйæ цæрут»-æн йæ ахсджиаг амард, кæрæдзи уарзыныл ма чи дзуры –  кæрæдзийæн æцæгæлæттæ, фыдгул знæгтæ куы фестадыстæм, ирондзинад, фарн æмæ намысæй нын алыгъуызон бибитæ æмæ æфтийæгтæ куы фæуæлдæр сты… Лæгдзинады, адæймагдзинады барæнтæй барыны принципыл мæрдырох куы бафтыд: уый къуыдайраг у, уый – чысайнаг у, уый – дыгурон у … Гъе уый дын нæ сæйраг барæн!..

Хистæрæй æфсæрмы кæнын, хистæрæн аргъ кæнын та нæ бынтон ферох…

Къостайы номыл паддзахадон преми хæрзæрæджы лæвæрд æрцыд поэт Касаты Батрадзæн. Ацы преми литературæйы фадыджы кæмæн саккаг кодтой, уыдонæй Батрадзмæ кæмæйдæрты раздæр æмбæлд. Батрадз, æнæдызæрдыгæй,  поэт у. Нобелы преми йын куы саккаг кæной, уæддæр мын хъыг нæ уыдзæн,  фырцинæй мæ уд йæхи арвы милтыл асæрфдзæн. Батрадз мын æрдхорд æфсымæр у, мадызæнæджы ад мын кæны. Фæлæ… Хуыгаты Сергей мын æрдхорд æфсымæр нæу, мадызæнæджы ад мын нæ кæны, фæлæ Сергей ирон дзырдаивадæн Батрадзæй хуыздæр æмæ фылдæр хæрзты бацыд. Стæй  ма дзы иу хабар ис…  Мæ ныхас Хуыцаумæ хъыг ма фæкæсæд, фæлæ Хуыгаты Сергейы кар æмæ Касаты Батрадзы кар кæрæдзийыл куы абарæм, уæд Батрадзæн нырма фылдæр рæстæг ис премитæ исынæн дæр æмæ сфæлдыстадон æнтыстытæн дæр. Чизоны æндæр кæмæдæрты ахæм цыдæртæ нымаинаг рагæй нал сты, фæлæ мах ирон адæм стæм, махæн нымаинаг сты…

…Мæнæн, кæй зæгъын æй хъæуы, нæй къамисы уынаффæтæ дзырддаг кæныны бар. Алкæмæн дæр ис, хуыздæр æмæ аккагдæрыл кæй нымайы, уымæн схъæлæс кæныны бар. Æрмæст мын афтæ мачи зæгъæд, æмæ-иу…  преми райсыны амонд кæмæ хъуамæ æрхауа, уый развæлгъау, æппынкъаддæр бон раздæр, ничи фæзоны…

Гъемæ, Хуыцау уын хорз ракæна, цас диссаг уыд æмæ нæ фарны хистæр Сергейæн дæр исчи бон раздæр аивæй бамбарын кодтаид, æмæ исты æфсон йæхи конкурсæй сисын кодтаид…

Уанцон нæу, гормон макуы фæуæм – карк дон куы баназы, уæддæр Хуыцаумæ куы скæсы…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.