Хæдзарыл арт куы сирвæза, уæд æй бинонтæ æмхуызонæй хъуамæ ахуыссын кæной. Иутæ йыл дон куы калой, иннæтæ – хус æндзарæнтæ, уæд тагъддæр басудздзæн, уымæн æмæ Хуыцау дæр ахъуыды кæндзæн, иудзинады фарн кæм нæй, ахæм хæдзар судзинаг кæй у, ууыл æмæ цъыбыртты сыгъд бауыдзæн, æртхутæг фестдзæн…

  Арт та сирвæзт нæ хæдзарыл, иууыл иумæ кæм цæрæм, уыцы хæдзарыл – Ирыстоныл… Æбуалгъы мардæй амардтой Ирыстоны кæстæры, кæйдæр арвыуациллайы хуызæн хъæбулы, кæйдæр уарзон æмкъайы, кæйдæр ныфсы æфсымæры æмæ æртæ æнахъом хъæбулы фыд Дзабиты Иналы…  Армыдзаг нацийæн иу адæймаджы амæлæт дæр стыр трагеди у. Уæлдайдæр та… Лæг ма йæхи низæй куы амæла, уæд дæ цы бон ис – Хуыцау йæ бон калы, царддæттæг дæр йæхæдæг у æмæ цардисæг дæр… Адæймаг донласт кæнæ зæйласт фæуа, машинæйы бын бахауа, искуы йæ абырджытæ амарой æви йыл æндæр исты фыдбылыз æрцæуа, уæд дæр афтæ: хъысмæт дæр йæ бон калы, ныхыфыстæй ничи ма аирвæзт… Фæлæ ахæм цардбæллон ирон лæппу ирон лæджы надæй амæла, уæлдайдæр та, искæй нæмыны бар кæй нæй, уыцы закъон чи хъуамæ æххæст кæна, ахæмты – барадхъахъхъæнæг органты кусджыты къухæй, фыднадæй æмæ хъизæмарæй, уый бынтон æбуалгъ æмæ тугтæригъæд трагеди у…

Дзырд дæр ыл нæй, чидæриддæр ахæм æбуалгъы хъуыд-даг сарæзта, кæйдæриддæр хъуыдыйы сæвзæрд ахæм цыдæр саразын, кæйдæриддæр æвзаг фæтасыд йæ зæгъынмæ, кæйдæриддæр къух фæтасыд йæ сæххæст кæнынмæ, уыдон хъуамæ иууылдæр карз æфхæрд баййафой, дзуапп радтой!

Закъоны раз дæр æмæ Хуыцауы раз дæр!..

Фæлæ ацы æнамонд хабар цы диссæгтæ расайдта, уыдонмæ кæсгæйæ  æнæзæгъгæ нæй: искæй цæрынхъуаг хъæбулы мардæй политикон нысæнттæн пайда кæныны бар дæр  никæмæн ис!

Йæ къух æм чи систа, чи йæ амардта, уыдоны уæлдай ма ноджы исчи азымджын у? Кæй зæгъын æй хъæуы! Махæй алчи дæр! Уымæн æмæ ахæм цыдæртæ цы æхсæнады цæуа, ахæм æхсæнадæн хос кæнын хъæуы. Æрмæст иумæ, æмудæй, æмдыхæй. Судзгæ хæдзар бинонтæн иумæ ахуыссын кæнгæйæ куыд у, афтæ.

Алцæмæн дæр ис фæтк, алцы дæр аразгæ у закъон æмæ фыдæлты æгъдæуттæм гæсгæ… Уæлдайдæр та, цы æнамонддзинад ныл æрцыд, уый фæдыл куыдфæстагмæ куы ‘взæра ноджы карздæр, ноджы зынæмбарæндæр фарстатæ… Кæй æрцыд, уый трагеди у, фæлæ цæмæн æмæ цы рæстæ-джы æрцыд, уый та цы схонæм, цахæм аргъ ын скæнæм?.. Уайтагъд фæдисы дзæнгæрджытæ чи ныццагъта, адæммæ уынгтæм рацæуынмæ чи сидт, уыдоны уыцы мæгуыр лæппу æмæ Ирыстоны хæрзæбоны мæт уыд?.. Куыд?.. Кæд æмæ авдæны сывæллæттæ дæр æмбарынц, ныры дуджы митингтæ кæнын, æнæзакъондзинады тыххæй фыддæр æнæзакъондзинад домын цахæм фыдбылызтæ æмæ æнамонддзинæдтæм æркæны, уый…

Ахъуыды ма кæнут, ХОРЗ АДÆМ, алцæуыл дæр ма лæм-бынæг ахъуыды кæнут: сымахмæ уынгтæм рацæуын æмæ президенты йæ бынатæй раппарынмæ чи сидт, уыдон уыцы тæригъæдтаг хъæбулы  амæлæтыл куы рыстаиккой, уæд сæ кæрæдзийы ‘хсæн стыр бынæттæ дих кæныны тыххæй интернеты «опростæ» уадзын  æндæвтаид?!.

Мард нырма уæлæуыл уыд, йæ бинонтæ йыл сæ рустæ тыдтой, сæхи судзгæ цæссыджы æхсадтой, афтæмæй!..

Ахъуыды кæнут!..

Президент дзуапп дæтты алкæй æмæ алцæй тыххæй дæр, фæлæ нæдæр хæсджын у, нæдæр ын уый рæстæг ис, цæмæй æхсæвæй-бонæй ахæстоны кæнæ рæстæгмæдарæн изоляторы бада æмæ нæмын макæй бауадза. Цы æрцыд, уый тыххæй комкоммæ бæрндзинад чи хæссы, уыдоны ссæрибар кодта сæ бынæттæй, цæуы фæдагуырд. Раздæр æй кæй хъуыд афтæ бакæнын, уымæн дæр уыд бындур… Йæ алыварс чи ис, уыдон иууылдæр йæ иузæрдион æххуысгæнджытæ кæй не сты, алчи дæр ын сæ йæ имидж фæбæрзонддæр кæныныл кæй нæ архайы, уый дæр дызæрдыггаг никæмæн у – кæм не ‘мбæлы, ахæм ран кепкæ худы рабадынæй райдайгæйæ(!..)

Фæлæ… Закъоны сæрыл тох кæныны æфсон цæмæн цы-рын кæнынц ноджы фыддæр æнæзакъондзинад! Президент, хицауады отставкæйы кæй арвыста, уый сын фаг нæу, йæхæдæг дæр, дам, ацæуæд отставкæйы! Куыд? Æмæ стæй цы уыдзæн æмæ куыд уыдзæн, цы кодтат, цы уыл æрцыд, хорз адæм?!. Иу хатт афтæ, иннæ хатт – афтæ!.. Иу нын нæ бæззы, иннæ нын нæ бæззы… Стæй та нын, фæкæс æмæ, чи нæ фæбæззы, уыдон фæстæмæ националон лидертæй агæпп ласынц… Ирыстоны хæрзæбоныл хъуыды кæнгæйæ нæ – кæйдæр цæстмæ, кæйдæр фыдæнæн… Æмæ афтæ цæрæм, ахæм фæндагыл цæуæм, ахæм фæндаг нæ кæдæм æркæндзæн, ууыл нæ хъуыды кæнæм, афтæмæй.

Ныртæккæ уый гæнæн нæй, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент отставкæйы ацæуа – уыцы бынаты Бибылты Анатоли уа æви бынтон æндæр исчи, уæддæр!.. Нæй уый гæнæн, ницæй тыххæй, ницы хуызы!!!

 Науæд… Адæм æй уый тыххæй равзæрстой, цæмæй йæ бынатæй æмгъуыдæй раздæр ацæуа? Бибылты Анатолимæ фæзуаты чи хъæр кодта (…иуæй-иутæ дзы худгæ та цæмæн кодтой, уый æндæр фарст у), отставкæйы ацу, зæгъгæ, уыдон адæмы бафарстой, ацæуа æви ма ацæуа?.. Адæм ын фæзуаты схъæлæс кодтой, цæмæй спрезидент уа? Ойы, уыцы изæр фæзуаты президенты отставкæ чи домдта, уыдон дæр мах адæм сты, нæ туг, не стæг сты, фæлæ, цæмæй Бибылты Анатоли спрезидент уа, уый тыххæй, фæзуаты цал адæйма-джы уыдис, уымæй фылдæр адæм схъæлæс кодта!.. Уыцы адæм бафæрсыны аккаг не сты? Чизоны иууылдæр йæ ныхмæ сты, фæлæ йæ исчи, закъонмæ гæсгæ, сбæлвырд кодта, æвзæрстытæ кæнæ референдум ауагъта?.. Иуæй закъондзинад домæм, иннæмæй йæ халгæ кæнæм. Чи йæ фæзуаты хъæр кæнгæйæ халы, чи – дардæй, иу сидт иннæ сидты фæдыл къæрцц кæнгæйæ!..

Президент хицауды сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæст кæнын Бекъойты Геннадийæн кæй бахæс кодта, уый бынтон сызнæт кодта адæмы: нырма æвзонг у, фæлтæрддзинад æм нæй æмæ афтæ дарддæр… Рæстæгмæ у, гукк! Бынтон дзы куы ничи уа, уæд хуыздæр уыдзæн?.. Оу, мæнæ диссæгтæ, царциаты диссæгтæ!..

Æмæ нæ диссæгтæ уæлдай цымыдисаг уымæй сты, президенты ныхмæ компани ацы æнамонд хабарæй къуыри раздæр кæй райдыдта, къуыри раздæр ын кæй райдыдтой адæмы йæ ныхмæ ардауын. Фæлæ уыцы адæмæн иу ныхас дæр ничи скодта, хорзæй цы сарæзта, уыдæтты тыххæй. Зæгъæм, йæ кæрон цы театры бæстыхайы арæзтадæн нал зынд, уымæн кæрон скодта, афтæ Хъайтарты уынгыл арæзтæрцæуæг цæрæн корпустæн дæр. Цалдæр мæймæ кæлæддзаг уазæгдон «Ирыстон»-ы бынаты цæхæртæ скалдта ног уазæгдон. «Царзы районы» хæрзцыбыр æмгъуыдмæ арæзт æрцыд, ныры онг нæм чи нæма уыд, ахæм рæсугъд, сыгъдæг агуыридурæй амад дыууæ дæргъæй-дæргъмæ бирæуæладзыгон цæрæн корпусы æмæ бавнæл-дтой æндæртæ аразынмæ дæр. Сырæзт цалдæр сывæл-лæтты цæхæрадоны. Республикæйы Хъалонты комитеты ног агъуыст. Кæдæй-уæдæй бантыст Уанаты донæн горæтмæ рауадзын. Горæты ноджы цалдæр уынгы æрцыдысты хæрзарæзт,  митингтæм цырыхъхъытæ æмæ къалосты цæуын нал хъæуы. Бирæфатерон корпустæ сырæзт Дзауы, Знауыры æмæ ноджыдæр рæзы. Цал хæдзары æрцыд арæзт, 8 августæй фæстæмæ æртхутæгæй цы хæдзæрттæ дзынæзтой, уыдонæй, цал æвæрæз бинонтæм фæдаргъ кодта æххуысы къух, цал уæззау рынчынæн баххуыс кодта, цал сывæллонæн, цал спортсменæн, цал аивады кусæгæн байгом кодта уæрæх дуæрттæ!.. Æмæ афтæ дарддæр, фæлæ уыдæтты кой ничи кæны… Уыйхыгъд… Аунеуы цавæрдæр инвестор æхсæры талатæ ныссагъта æмæ бахус сты!.. Уый хорз нæу, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ уыцы талатыл чи «тыхсы», уыдон абонæй стырдæр æмæ бæрнондæр бынæтты куы бадтысты, уæд сыбыртт дæр цæмæннæ искуы скодтой, дæсгай ссæдзгай милуанты аргъ фæткъуыйы, сæнæфсиры, æхсæры талатæ куы «бахус» сты, уæд?.. Цы фесты, дæсгай, ссæдзгай, сæдæгай милуантæ цы хъалмыхъаг мыггаг фосыл, фыстыл, мыдыбындзытыл æмæ алыгъуызон хæрæджы дымджытыл «бахардз» сты, уыдон?..

Диссæгтæ хъуысы ацы бонты, диссæгтæ – ныры онг, дам, Хуссар Ирыстоны æнæзакъон хъуыддæгтæн бынат никуы уыд… Уанцон нæу? Присы адæмы сывæллæтты сугъты цагъд нæ ныккодтой? Ирыстоны хъахъхъæнджытæн сæ фылдæр кæй къухæй мард æрцыдысты? Къуайсайы фæндагыл кæйдæр суинаг лæппуты фыдмард нæ акодтой æмæ сæ арф коммæ, халæттæн холыйæн нæ атылдтой? Парламентмæ хотыхджын пъагонджынтæ никуы балæбурдтой? Закъоны æппæт нормæтæм гæсгæ чи спрезидент, ахæммæ йæ къух никуы ничи систа? Адæмы æвзæрст депутаты фæндаджы хъæбæрыл никуы фæхостой?.. Ахæстоны дæр æмæ æндæр рæтты дæр цытæ цыдис, уыдæттæ нал хъуыды кæнут, хорз адæм, нæ хъуыдыкæнынад бынтон сцыбыр?.. Уæд кæм уыдысты, абон митингтæм чи сиды, уыдон, бæрзонд бынæтты куы бадтысты – адæймаджы бартæ зæгъай æви барвæтк хъахъхъæнын кæмæ хауд уыдон?!.

Куыд ис афтæ зæгъæн, æмæ Бибылты Анатоли президенты къæлæтджыныл йæхи «супер клейæ» баныхæста, кæд æмæ йыл æртæ азы йедтæмæ нæма бады уæд? Цыма дæс азы фæбадт уыцы къæлæтджыныл, фæлæ йæм дæс азы фаг нæ фæкастысты æмæ парламентмæ хотыхджын æфсад барвыста, цæмæй ма дзы иу æмгъуыд уæддæр фæбада, уый тыххæй!..Уанцон нæу, гормæттæ – карк дон куы баназы, уæд ма уый дæр Хуыцаумæ куы скæсы!..

Æмбарæм алкæй зæрдæрыст дæр. Ацы æхгæддуары дудгæбонæй æвзаргæ хъизæмар алкæй дæр мары. Зын у, уæззау рынчынтæ цы хæдзæртты ис, æрмæстдæр Цæгат Ирыстоны исгæ пенсийæ чи цæры æмæ уыдон дæр уалдзæгæй фæстæмæ чи нæ райста, уыцы бинонты судзгæ æлгъыстытæ æмæ зæрдæхалæн кæуынмæ хъусын…

Зын у… Фæлæ æнæрастдзинады дудгæбон æмæ мастæй рæдыд фæндагыл ацæуын ноджы тæссагдæр у, ахæм фæндаджы кæрон нæ æрмæстдæр сæрсæфæнмæ æркæндзæн…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.