Президент Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд æмбырд 2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстаты фæдыл.

Паддзахады сæргълæууæгæн фехъусын кодтой хыгъдон рæстæджы куысты фæстуиджыты тыххæй.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы генералон директор Мæхъиты Семен банысан кодта, зæгъгæ, 15 сентябрмæ æртæ столицæйон уынгтæ цæттæ уыдзысты асфальт кæнынмæ, кæцытæ цалцæг æрцæудзысты ацы аз Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты.

Боны фæткмæ ма хаст æрцыд Уанаты хъæуы донæмбырдгæнæны хæтæлтæ саразыны фарст. Подрядон банысан код-та, азы кæрон уыцы хæтæлтæ уагъд кæй æрцæудзысты.

Бибылты Анатоли бацымыдис кодта Цхинвалы центры уазæгдон «Ирыстон»-ы арæзтады фæуд æмæ эксплуатацимæ радтыны æмгъуыдмæ.

Паддзахады сæргълæууæгæн куыд фехъусын кодтой, афтæмæй  ма уазæгдоны бæстыхай эксплуатацимæ радтыны тыххæй баззад программон ифтонгад срæвдз кæнын: фæ-хонын администраторы къорд адæмимæ, кæцытæ сæххæст кæндзысты сæ куыст. Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта, цæмæй фæтагъддæр кæной æмгъуыдтæ.

Уыимæ иумæ Президент æрдомдта, цæмæй куысты темптæ фæтагъддæр кæной, уымæн æмæ коронавирусон инфекци COVID-19-ы  пандеми фехæлдта бирæ плæнттæ.

«Цытджын коллегæтæ!

Æз ма уæ ноджыдæр курæг дæн, цæмæй Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты куыстытæ фæтагъддæр кæнат æмæ уый æмрæнхъ æххæст кæнат æндæр куыстытæ дæр, кæд уын ахæм фадат ис, уæд», – загъта уый.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуардæн Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй бабæрæг кæна æппæт объекттæ дæр, лæмбынæгдæр сбæлвырд кæна графиктæ æмæ барасткæни-нæгтæ бахæсса, цæмæй максималонæй фæтагъддæр уой куысты темптæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.