Иуæндæс азы рацыд, 7-æм августы фынæй горæты ныхмæ егъаумасштабон хæстон архайдтытæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад куы райтынг кодта, уымæй. Уæд уыцы æхсæв æрулæфыд горæт, цæмæй та райсом хуры рухс тынтимæ хъæлдзæгæй сæмбæла ног боныл. Фæлæ æмæхсæвæджы ныннæрыд алыгъуызон уæззау æхсæнгæрзты хъæр æмæ райдыдта хæст. Тугцъир, æгъатыр, мæнгард знаг æрбабырста сабыр Ирыстонмæ. Уыдонæн сæ фæнд уыд нæ бæстæйæ «сыгъдæг быдыр» саразын. Гуырдзыстоны бирæнымæц æфсæддон техникæ æмæ æфсад лæгæрстой Хуссар Ирыстонмæ тугмондаг сырдау. Уымæ æнæ кæсгæйæ, хуссарирыстойнаг æфсæддон дæлхæйттæ, бархионтæ сæ разы æрæвæрдтой хæс, знагæй Райгуырæн зæхх æппæт амæлттæй дæр бахъахъхъæнын. Æнæмсæр тохы уыдон равдыстой хъæбатырдзинад æмæ патриотизм, цалынмæ сæм æххуысмæ Уæрæсейы æфсад нæ фæзындысты, уæдмæ.

Ацы бонты æппæт Хуссар Ирыстон, æппæт ирон адæм ногæй мысынц 2008 азы августы цаутæ. Ирон адæмыл æрцæугæ трагеди, бирæнымæц адæймæгты мæлæт нырма дæр æнцойад нæ дæттынц адæмæн.

2008 азы нæ горæты бирæ сабырцæрæг æмбæстæгтæ лыгъдысты знаджы нæмыгæй. Фæлæ знаджы æфсæддон гæрзифтонг тыхтæ фæрсаг фæндагмæ кæй æрбаирвæзтысты, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæй бирæтæ фæмард сты знаджы нæмыгæй Тъбеты фæндагыл. Уыдоны номыл Тъбеты хъæугæрон арæзт æрцыд «Сыгъд удты музей», кæцыйы экспонаттæ систы, гуырдзиаг бронетехникæйæ пырх æмæ сыгъд цы хæдтулгæтæ æрцыдысты, уыдон.

Уыдон æмбæрзт сты æфсæддон хуыз хъуымацы лыггæгтæй. 7 августы изæры 22.30 сахатыл уыцы бынатмæ æрæмбырд сты бирæ æмбæстæгтæ.

Дудайты Сæрмæт ирон фæндыры кæугæ хъæлæсы зæлтæй мадзалы хайадисджыты зæрдæтæ ноджыдæр æрхæндæг кодта…

Хъахъхъæнынады министрады Цытджын хъарагъул Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы номæй «Хъынцъымгæнæг бæлас»-ы раз сæвæрдта венок. Мадзалы ма хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, министрадтæ, ведомствоты къухдариуæггæнджытæ æмæ кусджытæ, æфсæддон службæгæнджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Уыдон дæр дидинджытæ æмæ веноктæ æвæрдтой фæмардуæвджыты номыл.

Уыцы бынаты чырыстон дзуары раз уагъд æрцыд Хуыцаумæ скуывд сæрæгæсты цардамонд æмæ фæмардуæвджыты удæнцойады тыххæй.

Акци «Хъуыды кæндзыстæм æппæтдæр»

2008 азы августы знаг сырд куы æрцыд нæ горæтæй, уæд йæ адæмы уæззау маст уæлдай кæмæн нæ уыд, уый уыд не ‘мбæстаг, зынгæ маэстро Гергиты Валери. Уый, йæ адæмы тугхъулон хъæдгæмттæн схос кæныныл хъуыдыгæнгæйæ, уæды сыгъд Парламенты бæстыхайы раз асинтыл ауагъта концерт-реквием. Уæдæй фæстæмæ уыцы асинтæ хуыйнынц Гергиты Валерийы номыл асинтæ.

Æрвылазау ацы аз дæр асинтыл æвæрд æрцыдысты гуырдзиаг нæмыгæй алы азты фæмардуæвджыты къамтæ… Сæ разы сыгъдысты цырæгътæ…

Акци «Хъуыды кæндзыстæм æппæтдæр»-ы хайад райстой хицауиуæгады бæрнон кусджытæ Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, бæстæйы раздæры Президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæварад Марат Кулахметовы сæргълæудæй æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Акцийы фæлгæтты ма уыцы бынаты æвдыст æрцыд, «Российская газета» цы нывты равдыст сарæзта, уый. Ацы нывты, сæйраджыдæр, æвдыст æрцыд 2008 азы августы æрцæугæ цауты хроникæ.

Мадзаламонджытæ базонгæ кодтой æрæм-бырдуæвджыты гуырдзиаг-ирон ныхмæлæу-уынады рагисториимæ. Æрдзырдтой 2008 азы августы агрессийы райдианыл, зæгъгæ, уæд нæ горæты сабырцæрæг адæм уыцы æхсæвы онг хъуыды кодтой сабыр цардыл, сабиты ирд сомбоныл. Фæлæ æмбисæхсæв арвы тыгъдад ныццæхæртæ калдта… æмæ райдыдта тугуа-рæн хæст… Знаг йæ сырдон дзæмбытæй æрбавнæлдта нæ Райгуырæн бæстæмæ, пырх æмæ цæгъдын райдыдтой нæ ирондзинад, нæ фарн æмæ нæ намыс. Фæлæ сын нæ бантыст кæронмæ сæ фыдвæнд сæххæст кæнын.

 Мысæн акцийы йæ æмбæстæгтæм сидты рæстæджы Президент Бибылты Анатоли банысан кодта ныр иуæндæс азы ацы бон мах кæй æмбырд кæнæм ацы бынатмæ, цæмæй кад кæнæм, 2008 азы 8 августы чи фæмард, уыдон нæмттæн. Асинтыл æвæрд къамтæй, зæгъгæ, махмæ цы адæм кæсынц, уыдон фæаххосджын сты уый тыххæй, æмæ Хуссар Ирыстоны кæй райгуырдысты, ирæттæ кæй уыдысты.

«Мах куынæг кодтой, афтидарм æмбæстæгты, сылгоймæгты æмæ сывæллæтты. Мæнмæ диссаг кæсы, дунеон æмæхсæнад цæмæннæ тæрхон кæны адæймагады ныхмæ Гуырдзыстоны сырдон ахастæн», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Уыцы сырдон ахаст, зæгъгæ, никуы ферох уыдзæнис ирон адæмæй æмæ никуы ныххатыр кæндзысты знагæн. Ныфс бавæрдта, цасфæн-ды рæстæг ма рацæуа, уæддæр уыцы æнæадæймагадон сырдтæ, æнæмæнгдæр, æфхæрд кæй баййафдзысты. Æрцæудзæн уыцы рæстæг, æмæ уыцы цауты сæйраг фыдгæнæг  Михаил Саакашвили дунеон трибуналы раз æрлæудзæн æмæ æмбæлон æфхæрд баййафдзæн.

«Мах хъуамæ æдзух нæ зæрдыл дарæм бæстæйы сæрвæлтау йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыдон нæмттæ æмæ аразæм æппæтдæр, цæмæй уыдоны мæлæт æнæхъуаджы ма уа, цæмæй хуссарирыстойнаг æхсæнад рæза æмæ размæ цæуа, æнгомдæр кæна. Уый у нæ иууыл æвæджиагдæр хæс фæмардуæвджыты рухс нæмтты раз. Мах кæдфæндыдæр хъуыды кæндзыстæм нæ сæрибардзинады сæрыл йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыцы æнæаххос фæмардуæвджыты. Уыдоны нæмттæ æнустæм уыдзысты нæ хъуыдыты, се сгуыхтдзинады тыххæй мах дзурдзыстæм фидæны фæлтæр-тæн»,- дзырдта Бибылты Анатоли.

Президент стыр бузныджы ныхæстæ хуссарирыстойнаг адæмы фервæзын кæныны тыххæй загъта Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады номыл. Банысан кодта, ныр дæр Уæрæсе кæй аразы æппæт дæр, цæмæй рæза æмæ размæ цæуа нæ бæстæ. Хъомысджын Уæрæсейы руаджы дунеон æмæхсæнад уæд зонгæ кодта Хуссар Ирыстоны трагикон цаутимæ. Ныр дæр Уæрæсе бирæ тыхтæ хардз кæны, цæмæй нын нæ бæстæйы хæдбардзинад банымайой дунейы æндæр бæстæтæ. Бибылты Анатоли нæ республикæйы æппæт дзыллæйады номæй бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин, Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев æмæ уæды рæстæджы æфсæддон æххуыс бакæныны фæдыл уынаффæ чи иста æмæ ныр дæр Хуссар Ирыстоны æндидзын æмæ рæзыны хъуыддаджы чи æххуыс кæны, æппæт уыдонæн.

Цард дарддæр кæны

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты уырыссаг æвзаджы кафедрæйы сæргълæууæг Тедеты Зæлинæ радзырдта, 2008 азы фæсхæст университеты ахуыры азы райдиан куыд райдыдта, уый тыххæй.

«Университеты бæстыхай тынг æфхæрд уыд знаджы æгъатыр нæмгуытæй, æмæ уый ноджы мах бацырын кодта уæхскуæзæй  куыстмæ – хъуамæ ма ауадзæм нæ къухтæ  æмæ нæ куыст райдыдта æртæ сменæйы. Зын уыд студентты тарст æмæ уый æмрæнхъ æнкъард цæстытæм кæсын, кæцыты фыст уыд:  «Цæмæн мын амардтой мæ фыды?, Цæмæн мын амардтой мæ хæлары?, Цæмæн фæмард сты Ирыстоны хъахъхъæнджытæ?». Æмæ уæд нæ æвæджиаг хæстæй иу ссис, студентон фæсивæды сабыр цардмæ раздахын, ахуырадон процессыл сæ фæцалх кæнын, равзаргæ професси базонын æмæ Ирыстонæн пайдайы æмбæстæгтæ суæвын», – дзырдта Зæлинæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма уæд сæйраг уыд, цæмæй студенттæ хъуыды кæной, фæстаджы онг Фыдыбæстæ æмæ намыс чи бахъахъ-хъæдта, йæ цард æмæ йæ æнæниздзинады аргъæй махæн сабырад чи æрхаста, уыдоны нæмттæ. Йæ ныхасы кæрон уый бакаст, йæ хъæбулы цы мад фесæфта хæстон рæстæджы, уый марой…

Тæрхон кæнæм æмæ азымы дарæм фашизмы

Сырдон мардæй Ереды хъæуы кæй æфсымæры амардтой гуырдзиаг тыхæйисджытæ, уыцы Дыгъуызты Никъала дæр æрсидт – марын æмæ къахыр хъысмæтты тыххæй фашизмы фæазымджын кæнын. Уый у Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы администрацийы сæргълæууæг. 2008 азы августы хæстон цауты рæс-тæджы йæ хъæуы бамынæг сты хæдзæртты рухсытæ.

«Æппæт уыдонмæ кæсгæйæ, æз мæ мидхъуыдыты райстон уыцы рыст æмæ æнамонддзинад, кæцы раххæссыд абоны онг. Уыцы рыстæн кæрон æрцыд æмæ сидын, мах чи бахъахъхъæдта, уыцы салдатты ныййарджытæм. Мах хъуыды кæнæм æппæт дæр æмæ бузныг стæм уыдон хъæбатырдзинадæй», – банысан кодта уый.

Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты ирон батальоны службæгæнæг Æрсойты Нодар дæр æрсидт, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы сырдон архайдтытæ арæзта, уыдоныл тæрхон скæнын. Уыдоны, зæгъгæ, геноцидæй дарддæр схонæн ницы ис.

«Фидауынгæнæг тыхтæ уыдысты сабырады гарант нæ зæххыл. Æз тæрхон кæнын гуырдзиаг батальоны фидауынгæнæг тыхты архайдыл, кæцытæ августы уæрæхмасштабон архайдтытæй дыууæ бон раздæр ныууагътой сæ хъусдарæн постытæ æмæ алыгъдысты.

Куыд Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, афтæ тæрхон кæнын Гуырдзыстоны меньшевикон хицауадыл, ирон адæмы ныхмæ 1920-æм азты саразгæ геноциды тыххæй, тæрхон кæнын Гамсахурдия, Шеварднадзе æмæ Саакашвилийы фашистон режимыл, Зар æмæ Ереды трагедиты, мæ сыгъд горæт Цхинвалы тыххæй», – дзырдта йæ сидты Нодар.

Уый рахæцыд УФ-йы Федерацийы Совет æмæ Паддзахадон Думæмæ ирон адæмы геноцид банымайын æмæ æркæсыны фæдыл РХИ-йы Парламенты сидты фарс. Агрессор, зæгъгæ, хъуамæ æфхæрд баййафа æмæ йыл тæрхон скæной дунеон æмæхсæнад. 

Мадзалы хайадисджытæ иу минут æмырæй алæугæйæ, ссардтой нæ æдзард хъайтарты рухс нæмттæ.

 Акцийы рæстæджы чысыл сабитæ рахызтысты асинтыл æвæрд къамты фарсмæ, сæ къухты Мады-Майрæмы къамтæ, афтæмæй. Уыдон куывтой Дунескæнæгмæ, куырдтой æххуыс сæрæгæсты номыл… фæмардуæвджыты удæнцойыл…

Иуæндæс азы рацыд августы агрессийæ… цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйас арфдæр мах æмбарæм, хæсты цæхæрыл чи рацыд, уыдон хъæбатыр адæм кæй сты. Мах, Хуссар Ирыстоны адæм, кастытæм мæлæты цæстытæм дæргъвæтин ссæдз азы. Фæлæ фæрæзтам, кæд уæззау рыст æмæ дудгæбæттæ æвзæрстам, уæддæр…

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.