Хуссар Ирыстоны столицæйы микрорайон «Бам»-ы хæстонтæ-интернационалистты цырты разы уагъд æрцыд митинг, кæцы арæзт æрцыд Афганистанæй своетон æфсæдтæ ракæныныл 33 азы сæххæсты сæраппонд.

Мадзал райдыдта хæстонтæ-интернационалистты цырты раз дидинджытæ сæвæрыны церемонийæ, цыран хайад райс-той Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметов, Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим, афтæ ма министрадты æмæ ведомствоты минæвæрттæ, цхинвалы скъола-интернат æмæ №2 скъолайы ахуырдзаутæ.

Афганистаны ветеранты цæдисы сæрдар Гуыцмæзты Мурат радзырдта авд æвзонг хæстон-интернационалисты тыххæй, кæцытæ ацыдысты Хуссар Ирыстонæй æмæ не ‘рыздæхтысты Афганистаны хæстæй.

«Сæ хæдзæрттæм удæгасæй чи æрцыд, уыдон хъахъхъæдтой Райгурæн зæхх гуырдзиаг агрес-сортæй. 15 февралы мах алыхатт дæр æрымысæм, Райгуырæн зæххы сæраппонд йæ цард чи радта, уыцы хæстонты рухс нæмттæ, æмæ сæ мах нæ зæрдыл дардзыстæм. Мах сæрыстыр стæм уыдонæй, уыцы лæппутæй, кæцытæ Афганистанæй не ‘рыздæхтысты, сæ цард радтой Райгуырæн зæххы сæраппонд, æмæ уыдонæй дæр, кæцытæ хайад истой æппæт локалон хæстыты – уыдоны рухс нæмттæ рох нæ уыдзæн», – загъта Гуыцмæзы-фырт æмæ æрæмбырдуæвджытæм бахатыд сæ рухс ном сын иу уысм æдзымæй алæугæйæ æрымысыны тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, абоны бæрæгбонæн хъуамæ кæнæм кад.

«Цытджын афгайнæгтæ, хæстонтæ-интернационалисттæ. О, трагеди уыд, фæлæ абон у бæрæгбонон бон, кæд ыл бирæтæ хъавыдысты цъыф бакалынмæ, зæгъгæ, афгайнаг хæст Советон Цæдисæн уыд æнæрамбулгæ. Нæ афгайнæгтæ цы хæс сæххæст кодтой, уый кодтой дæлæмæ. Æфсад тырысаимæ нæ рахизы, кæм нæ рамбулы, ахæм хæстæй сымах та сæрбæрзондæй рацыдыстут. Афганистаны хæсты уæлахиз уыд советон салдаты уæлахиз. Уымæ гæсгæ, æз афтæ ныма-йын, абоны мадзал, кæцы махæн у æхсызгон æмæ нæ рох кæнæм, тохы быдыры цы хæстон æмгæртты фесæфтам, уыдоны. Абоны бæрæгбоны нысан у нæ хæстонтæ-интернационалисттæн кад кæнын. Сымах махæн стут цæвиттойнаг…» – загъта Бибылы-фырт æмæ йæ цæст бауарзта хæстонтæн æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ.

ХÆСТОНТÆ – ИНТЕРНАЦИОНАЛИСТТЫ  ЦЫТÆН

Афгайнæгты раз митингы раныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметов дæр.

«Махæн – 80 азты адæмæн, афгайнаг у ахсджиаг дзырд. Мах куы дзурæм афгайнаг, уæд æмбарæм, уый кæй у сæрмагонд, сæрыстыр адæймаг, кæцымæ æрхауд царды фæндаджы ахсджиаг нысаниуæг. Хъыгагæн, иууылдæр не ‘рыздæхтысты уыцы зæххæй, фæлæ сæ рухс ном алыхатт дæр уыдзæн нæ зæрдæты. Мах сæ нæ зæрдыл куы нæ дарæм, уæд уый уыдзæн гадзрахатдзинад. Мах сымахæй алыхатт дæр уыдыстæм сæрыстыр», – загъта Уæрæсейы Федерацийы минæвар æмæ бузныджы ныхæстæ загъта митингы хайадисæг афгайнæгтæн.

Мадзалы хайадисджытæ диинджытæ сæвæрдтой №5 астæуккаг скъолайы кæрты цыртдзæвæны раз дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.