Æхсардзинад æмæ националон иудзинады боны цытæн горæт Цхинвалмæ æрбацæуæны Згъудеры бæрзæнды уагъд æрцыд мысæн мадзал, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл Хуссар Ирыстоны адæмы тохы райдиан боны сæраппонд. Мадзалмæ æрбацыдысты бæстæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Хицауад æмæ Парламенты минæвæрттæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзалы райдиан йæ хайадисджытæ веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой Згъудеры къуылдымыл мысынæн цы мемориалон дур æвæрд ис, уый раз.

32 азы размæ ацы бынаты цы хабæрттæ цыд, уыдон зæрдыл æрлæууын кодта культурæйы министры хæдивæг Кадзты Филипп. Уый банысан кодта, ацы бонты Хуссар Ирыстоны цæрджытæ кæй нысан кæнынц Джиуæргуыбайы кувæн бонтæ, кад кæнынц Сыгъдæг Уастырджийы номæн, уыдон кæдфæндыдæр æххуысгæнæг уыдысты ирон адæмæн. Нæ Фыдыбæстæ æмæ нæ адæмы бахъахъхъæнынæн, махæн æххуыс кодта Дунес-кæнæг дæр. Ацы бæрзæнды цы Сыгъдæг Уастырджийы кувæндон ис, уый дæр, æвæццæгæн, æххуысгæнæг уыд нæ адæмæн æмæ фæндаг нæ радта знагæн горæтмæ бацæуынæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ 1989 азы 23 ноябрь ссис Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы ног сыф, уæд рафæлдæхтам уыцы сыф æмæ нын абон хорзæн фæцис. Уыцы историон уæззау цалх тылд, кæддæр-иу нæ йæ быны дæр фæкодта, фæлæ нæ уæддæр фæстейæ нæ ныууагъта. Уыцы рæстæджы ныхас «ма фæрæдиут» – æн стыр нысаниуæг уыд. Уымæн æмæ уæд, æцæгдæр, куы фæрæдыдаиккам, уæд нæ хъуыддæгтæ куыд уыдаиккой, уый бæрæг нæу.

Ныхасгæнæг лæмбынæг æрдзырдта, 32 азы размæ ацы бынаты цы хабæрттæ цыд, уыдоныл, бузныг загъта, знаджы цы лæппутæ не ‘рба-уагътой горæтмæ æмæ уый фæстæ азты чи фæтох кодтой бæстæйы сæрибардзинады сæрвæлтау, æппæт уыдонæн.

«Нæ горæты цæрджытæ бынтондæр не ‘мбæрстой, горæтмæ æрбахизæны цы цæуы, фæлæ фæндвидар лæппутæ цалдæрæй æрлæууыдысты сæ разы. Уæдмæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Хистæр фæлтæры адæм тынг хорз хъуыды кæнынц ацы бон æмæ хъуамæ нæ кæсдæр фæлтæрæн дæр æмбарын кæнæм, нæ бæстæйы хæдбардзинад цы аргъæй бафтыд нæ къухты, уыцы хъуыддаг.

УЫЙ УЫД ФЫЦЦАГ УÆЛАХИЗЫ, ИУДЗИНАДМÆ СИДÆГ БОН

Ныртæккæ мах цæрæм хæдбар, æмæ Стыр Уæрæсейы æмæ къорд æндæр хæларадон бæстæты руаджы нымад паддзахады. Уæрæсейы Федераци ис нæ фарсмæ æмæ нын кæны алыварсон æххуыс. Йæ минæвар Марат Кулахметовы номæй мах стыр бузныг зæгъæм Уæрæсейы къухдариуæгадæн», – банысан кодта ныхасгæнæг.

 

Махæн сæйраг у иудзинад

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли 23 ноябры бон банымадта Иудзинад æмæ хъæбатырдзинадыл дзурæг бæрæгбоныл.

«Уымæн æмæ уый баст у ирон хъæбатыр лæппуты сгуыхтдзинадимæ. Уыцы лæппутæ æрлæууыдысты бирæминон митингаразджыты ныхмæ. Уыдон хъæбатырдзинадæн зын аргъгæнæн у, уымæн æмæ уыцы бон уыдон фенын кодтой лæгдзинад æмæ æнæфæцудгæ хъару.

Мах абон, ныфсхастдзинад æмæ иудзинад чи æвдыста, уыцы лæппутæн сæрыстыр æмæ сæрбæрзондæй дзурæм бузныг. Уыдон уæд афтидармæй сæ хъаруты руаджы равдыстой, нæ адæм æмæ нæ бæстæйыл æнувыд кæй сты, уый. Уыцы хъару æмæ бæстæйыл иузæрдиондзинад æвдисынц ныртæккæйы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ, уыдон дæр хайджын сты уыцы хъæбатырдзинадæй», – банысан кодта Президент.

Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ нæ адæмæн сæйраг у иудзинад, иумæ æмдыхæй, æмзондæй, кæрæдзи фарсмæ æрбалæугæйæ, хъуамæ бæстон кæнæм сæвзæргæ фарстытæ æмæ проблемæтæ. Æрмæстдæр, зæгъгæ, афтæмæй, цы раст фæндагыл лæуд стæм, ууыл размæ цæудзыстæм тыхджын æмæ ныфсджынæй – куыд адæм, æхсæнад æмæ республикæ.

УЫЙ УЫД ФЫЦЦАГ УÆЛАХИЗЫ, ИУДЗИНАДМÆ СИДÆГ БОН

Нæ хæс у, 1989 азы 23 ноябры хуссарирыстойнаг лæппутæ цы æнгомдзинад æмæ иудзинад равдыстой, уый бахъахъхъæнын æмæ дарддæр кæнын, цæмæй нæ сомбон рæсугъд уа алы фадыджы дæр.

«32 азы размæ ацы бынаты, нæ горæт бахъахъхъæныны нысанæн цы лæппутæ слæууыдысты, уыдон ууыл нæ хъуыды кодтой, цæмæй абон кæрæдзи мидæг суæм, фæлæ сæ хъуыды уыд, æмткæй иумæ бахъахъхъæнæм нæ бæстæ, размæ цæуæм æмæ иудзинадмæ тырнæм. Æмæ уыцы иудзинад æрмæст ныхасæй ма хъуамæ уа, фæлæ йæ хъуыддагæй дæр хъуамæ æвдисæм. Уый тыххæй махæй алчидæр хæсджын у, цæмæй æвдиса йæ хъаруйы тых, æхсардзинад, фæндвидардзинад, хъайтардзинад, цæмæй нæ фидæн нæхи фæндиаг уа», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Æппæт ирон адæм ацы къуыри сæхи фæдзæхсынц Сыгъдæг Уастырджийы зæдыл. Уый фæдыл дæр арфæ ракодта бæстæйы сæргълæууæг йæ адæмæн, уадз, зæгъгæ, æрхæссæд хæрзиуджытæ нæ адæмæн æмæ нæ разы цы нысæнттæ ис – æнтыстытæ æмæ размæдзыд, уыдон æххæст кæнæд.

Мадзалы рæстæджы 32 азы размæ ацы бынатмæ цы лæппутæ æрбамбырд, уыдон номæй раныхас кодта Гаглойты Анатоли. Уый бузныг загъта бæстæйы къухдариуæгад æмæ 1989 азæй фæстæмæ бæстæйы сæрибардзинады сæрыл чи тох кодта, уыдонæн.

 

Æнæмæнг хъæуы æхсæнадон организаци аразын

Мадзалы рæстæджы Президент Бибилты Анатоли, 1989 азы 23 ноябры нæ республикæйы хæдбардзинад æмæ суверенитет цы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ хъахъхъæдтой, уыдонмæ æрсидт, цæмæй саразой, гуырдзиаг бирæминон къордты раз чи æрлæууыд, уыцы лæппутæй æхсæнадон организаци æмæ алыгъуызон ныхæстæн кæрон æрцæуа. Уыцы организаци саразын æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй бæрæг патриотикон куыст кæной рæзгæ фæлтæримæ, дзурой сын ирон хъæбатыр лæппуты хъайтардзинады тыххæй, уыцы рæстæджы цы цаутæ цыд, уыдон тыххæй.

Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ мах ма хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм истори фыс-джытæм, цæмæй уыдон фыссой нæ ног историйы цаутæ. Афтæ уыд нæ фыдæлтæм дæр æмæ иу дзыхæй-дзыхмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрд цыдысты алыгъуызон цаутæ.

«Ацы организаци саразын ныртæккæ æнæмæнг хъуыддаг у, цæмæй рабæрæг кæнæм нæ историйы лæмбынæг цаутæ æмæ но-джыдæр базонæм нæ лæппуты хъайтардзинад æмæ æхсардзинады тыххæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Мах азæй азмæ ноджыдæр мысдзыстæм афтидарм ирон лæппутæ цы хъæбатырдзинад æвдыстой, уыцы бон азæй азмæ. Уыцы хъæбатырдзинад баззайдзæн адæмы хъуыдыйы æмæ нæ историйы. Гуырдзиаг лæбурæг знаджы ныхмæ тохы та ацы бон ссис ирон адæмы фыццаг уæлахиз.

Къæбулты  Марина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.