Зæрдиаг арфæ уын кæнын хæстонтæ-интернационалистты боны цытæн.

1989 азы 15 февралы советон æфсæдты фæстаг колоннæ рацыд Афганистанæй. Уæдæй фæстæмæ ацы бон нысан цæуы куыд хæстонтæ-интернационалистты нæмттæ æрымысыны бонæй. Фæлæ абон мах мысæм æрмæст хæстонтæ-афгайнæгты нæ, фæлæ мах кад кæнæм æмæ бузныг стæм хæстон конфликттæ бауромыны рæстæджы цы салдаттæ æмæ офицертæ истой хайад, æппæт уыдонæн. Мах кад кæнæм, хæсты быдыры чи фæмард, уыдонæн æмæ бузныг стæм, удæгасæй чи æрыздæхт, æхсардзинад, хъайтардзинад æмæ хъæддыхдзинад чи равдыста, æппæт уыдонæн, Райгуырæн зæххы раз хæстон æмæ æмбæстагон хæс кадимæ чи æххæст кодта, уыдонæн.

Афгайнаг зæххыл сæ хæс цы хæстонтæ-нтернационалисттæ æххæст кодтой, уыдоны ‘хсæн уыдысты не ‘мзæххонтæ, кæцыты интернационалон сгуыхтдзинад у нырыккон æвзонг фæлтæрæн аккаг цæвиттон. Æмæ абон уыцы салдаттæ æмæ афицертæ, кæцытæ рацыдысты хæсты цæхæр, активонæй архайынц нæ республикæйы рæзты хъуыддаджы.

Ныфс мæ ис, аивгъуыйгæ азтæ ахуыр кæнгæйæ, историйы ног уроктæ хынцгæйæ, мах нæ зæрдыл дардзыстæм Фыдыбæстæйæн службæ кæнгæйæ сæ цард цы салдаттæ æмæ афицертæ радтой, уыдоны.

Мæ цæст уарзы хæстон архайдтыты æппæт ветерантæн, хæстонтæ-интернационалисттæн æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад, сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.