Ныры дуджы, раздӕр цытджын ӕгъдауӕй цы бӕрӕгбонтӕ нысан кодтам, уыдонӕй иу къорд рохуаты аззадысты.

Хуыцау нӕ бахизӕд, цӕмӕй нӕ бӕрӕгбонты къӕлиндарӕй искуы ист ӕрцӕуа Стыр Уӕлахизы бон. Ивгъуыйынц азтӕ, семӕ ивгъуыйынц хӕсты ветерантӕ, къаддӕр кӕны сӕ нымӕц. Цы кӕнӕм, рӕстӕг ӕгъатыр у. Фӕлӕ мӕн фидарӕй уырны, 9 майы бӕрӕгбон ӕнустӕм кӕй цӕрдзӕн адӕмы зӕрдӕты.

Ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ Стыр Уӕлахизы бонты алы хӕдзары бинонтӕ дæр тӕрхӕгӕй альбом райсынц ӕмӕ, зӕронд къамтӕм ӕнкъардӕй кӕсгӕйӕ, сӕ зӕрдыл ӕрбалӕууынц сӕ фыдӕлтӕ, хӕсты хайадисджытӕ, фронтӕй ӕрӕрвитгӕ фыстӕджытӕ, кӕнӕ та радон хатт цӕссыгтӕ ӕрхауынц «похоронка»-тӕ кӕй хуыдтой, уыцы зонӕн бӕрӕггӕнӕнтыл.

Уыцы ӕгъдау нӕ хӕдзары дӕр биноныг ӕрцыд. Ӕмӕ та мӕм радон хатт зӕронд, рӕстӕгӕй чи сбур и, уыцы къамтӕй ракӕсынц мӕ фыд, стӕй уӕд йе фсымӕрты фӕлгӕндзтӕ. Стӕй уӕд райсын чингуыты тӕрхӕгӕй рагон хӕстон уацтӕ, ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгӕндтӕ, ӕмӕ сыл ӕнкъардӕй мӕ цӕст ахӕссын. Ӕмӕ мӕм ахӕм фӕнд сӕвзӕрд, цӕмӕй мӕ фыды, ома фыссӕг, ӕфсӕддон поэт Пухаты Дрисы фырт Петройы ӕмдзӕвгӕтӕй иу-цалдæр нӕ газеты фарсыл мы-хуыр ӕрцӕуой.

ПУХАТЫ Къоста

ПУХАТЫ  Петро

       ТОХЫ БОНТӔ

Госпиталы мах уыдыстæм,

Онгыл нал хӕцыдис онг…

Цӕф нӕма байгас, цыдыстӕм

Арты цӕхӕрмӕ мах ног.

О, куыд зын уыдис, мӕ боныл,

Цард нын фестадис зындон.

Знаджы полк уым хъӕумӕ тоны,

Нӕу йӕ бацахсын сӕ бон.

Хӕст ысцырын, мах дыууӕйӕ

Уайӕм, ницы уыны цӕст,

Кӕм сындӕг, кӕм та тындзгӕйӕ,

 «Взаг» ӕркӕнын у нӕ хӕс.

Max бырӕм, ӕхсӕвы тар у,

Нал уыд н’ амӕттаг дӕр дард.

Фӕлӕ дын: «Уӕ къухтӕ сдарут,

Науӕд байсӕфти уӕ цард!»

Ӕмӕ бацайдагъ куырмӕджы

 Махӕн тар ӕхсӕвы тох.

Райстам сӕ нӕ маст ӕрмӕджы,

Фӕлӕ.. Февзӕры фыдох…

Ме ‘мбал нӕмгуытӕй ныкъуыхтӕ,

 Адӕймаг куы нӕу ӕндон!

Иу сӕ бафтыди мӕ къухты,

Радта махонтӕн уый ком…

Бӕстӕ фестади цӕхӕр.

Абырстам уӕд райсом раджы,

Хъӕуӕй атардтам ызнаджы,

Ныр фӕцис йӕ кой, йӕ сӕр.

Ногӕй – цӕф, кӕм ма дӕн уагыл!

 Хӕст мын баууылдта мӕ къах,

Фӕлӕ стыр балцы фӕндагыл

 Ис мӕ сырх туджы ӕртах.

Свердловск, 1944

ХӔСТДЗАГЪД САЛДАТ

Уый, махау, йӕ амондӕй ради,

Ныр та сты йӕ къӕхтӕ дӕр хауд.

 Ӕмӕ нӕм хӕстонӕн цы кад и,

Гъе, уымӕй йӕ фаг бӕрц ӕрхауд.

Фӕлӕ уый нӕ уадзы йӕ фӕллой,

Нӕ зоны ӕнцойад уӕддӕр.

У заводы хъуыстгонд йӕ хорз кой,

 Куысты дӕр у тохау цӕхӕр.

Уыдтӕн ӕм ӕз цехы. Уый ам та

Йӕ бандонмӕ цадӕг ысхызт.

Салдӕттӕн цырыхъхъытӕ карста,

О, диссаг, куыд тынг ын ӕнтыст!

Салдат та йын йе ‘нцойад хизы,

Йӕ фӕдон хъӕбатыр фӕлтӕр!

 Фыдызнаг йӕ тӕсӕй куы ризы,

Нӕ уӕнды ысдарын йӕ сӕр.

***

Фӕцӕуы автобусмӕ иу лӕг,

Иӕ лӕдзӕгӕй йӕ развӕд сгары,

– Фӕкӕс мӕм, автобусмӕ

 Кӕмӕдӕр уый йӕ къух фӕдары.

Фӕцӕуынц кӕстӕртӕ йӕ цуры,

Фӕндаг – ын, лӕдзӕг та

Ӕрлӕууыд куырм лӕг ӕмӕ дзуры:

– Мӕ бон уӕ макӕуыл ӕркӕнӕд.

Фӕлӕ йӕ кӕстӕртӕ ӕмбарынц:

Уый хӕст нӕ ныууагъта ӕвыдӕй.

Ӕдзух ыл кадгӕнгӕ ӕмбӕлынц,

Ӕмӕ йӕ арвитынц рӕвдыдӕй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.