Нæ абоны цардæй ист нывтæ

Фæзæгъынц, зæгъгæ, фыдбылыз фæзыны хи къахы хæдбынæй дæр. Æмæ та, æцæгæйдæр, фæзындис. Иу адæймаджы, иу паддзахады хæдбынæй нæ, фæлæ, зæгъæн ис, æгас дунейы адæмты къæхты хæдбынæй. Фæзындис коронавирусы хуызы. Бирæ дзурынц уый фæдыл адæм, уæдæ телевизор, радио баиу кæн, газет райс дæ къухмæ æмæ коронавирусы кой йедтæмæ ницы фехъусдзынæ, интернеты дæр афтæ. Æгæрыстæмæй, иту куы баиу кæнай, уæд адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма иту нæ кæны, фæлæ дын коронавирус, коронавирус дзуры.

 Алкæмæн йæхи хъуыды ис ацы æнæхайыры вирусы тыххæй, стæй сæхи дæр иугъуызон нæ дарынц. Иутæ дзы тæрсынц емынæйау, æндæртæ – нæ. Иуты уырнгæ дæр нæ кæны, уæвы ахæм вирус, уый, æндæр-тæ та – æууæндынц. Иутæ йæ адæймаджы рафæлдисгæ хонынц, æндæртæ та – æрдзы. Куыдфæнды ма уа – паддзахадты сæргълæуджытæ дзуапп дæттынц сæ адæмтæн æмæ цæмæй ацы низ ма фæзына, ма апарахат уа æмæ стыр зиæнттæ ма ракæна, уый тыххæй сæ сбадын кодтой сæ хæдзæртты.

Ахæм уавæры, ома, карантины рæстæ-джы, нæ горæты цæрæн корпустæй сæ иуы цард куыд цæуы, ууыл у мæ ныхасы сæр. Корпус – куыд корпус. Ницæмæй хицæн кæны иннæ бæстыхæйттæй. Фондзуæладзыгон, æртæ бахизæнимæ, 45-фатерон. Фатертæй бирæты цæрæг нæй. Сæ хицæуттæ хæст æмæ мæгуырдзинадæй раджы фæлыгъдысты цæрынмæ алы рæттæм, фæлæ ма сæ чи баззадысты, уыдон ныр бадынц сæ хæдзæртты. Коронавирусы аххосæй. Йæ койæ дæр ын тынг тæрсынц адæм.

Бабе ацæргæ лæг у. Йæ царды бонтæ хæххон хъæуы арвыста. Ныр йæ фыртмæ цæры. Цыппæрæм уæладзыджы. Фыртæн та йæхи бинонтæ ис – ус æмæ æртæ сывæллоны. Иууыл иумæ æхсæзæй сты дыууæхатæнон фатеры. Уыдон-иу райсомæй ахуырмæ, куыстытæм ацыдысты æмæ-иу Бабе иунæгæй аззад – уарзта иунæгæй уæвын. Фæлæ ныр та? Хибарæй кæм æрынцайа, уый дæр ын нæй. Æмæ мæсты кæны, сывæллæттæ æдзух хъæлæба кæй кæ-нынц, сæ ныййарджытæ сæм куы схыл кæнынц кæнæ уыдон дæр кæрæдзимæ тыз-мæг куы сдзурынц, уæд. Æндыгъд уавæр вæййы хæдзары æмæ фæлмæцы, мысы йæ хъæуы сæрибар цард.

Ацы фатеры цæрджыты уавæрæн ма быхсæн ис. Диссæгтæ дзы се ‘мкъул фатеры цæуы. Ам ноджы фылдæр цæрджытæ цæрынц. Куыд зыны, афтæмæй кæрæдзийы хорз не ‘мбарынц æмæ сæ хъæр-хъæлæба, сæ хъыллистæй бæстæ сæ сæрыл сисынц. Зæгъгæ, коронавирусы кой тæгъдты нæ фесæфт æмæ æдтæмæ нæ аивæрз-тысты, уæд цы бауыдзысты, уый зын зæгъæн у.

Уæлæ корпусмæ астæуккаг бахизæны æртыккаг уæладзыджы балконмæ маскæйы мидæг рахызт Михел – бæрзонд, фæтæнтæ лæг, йæ сæр, мæнæ куыд фæзæгъынц, арс, дам ын æй йæ лæгæтмæ нæ батулдзæн, ахæм стыр, стæй – хъуынджын. Кæд цæсгомæй цæстытæ йедтæмæ ницы зынд, уæддæр адæймагмæ афтæ каст, цыма йæ ныфсæй ныфсджын уыдзынæ, йæ хъаруйæ – хъаруджын. Лæг акаст йæ алывæрсты æмæ йæхицæй чысыл æдтæдæр йæ цæст схæцыд йæ сыхаг Батырыл. Уый æнцойгæнæныл æрæнцой кодта æмæ йæхицæн æдыхстæй тамако дымдта.

– Дæ бон хорз уа, мæ сыхаг! – бадзырдта йæм Михел.

– О, кæй бон у, уый хорзæх дæ уа, – йе ‘рдæм разилгæйæ, салам радта Батыр дæр.

– Цæй, ницы ма хъуысы хорзæй, – кæд æдзух телевизоры раз бады æмæ алцыдæр хъусы, уæддæр бафарста йæ сыхаджы Михел.

– Уый цæмæй зæгъыс, мæ хорз сыхаг?

– Цæмæй зæгъын, цæмæй зæгъын… Цæмæй, цæ, уыцы æнæхайыры низæй.

– Æмæ дзы цæмæй тæрсыс, Михел. Куыд фæзындис дунейы, афтæ сæфгæ дæр фæкæндзæнис.

– О, фæлæ… Махмæ дæр куы фæзына æмæ мæ куы амара, уæд стæй фæнды фесæфæд, фæнды – нæ. Кæрдæг куынæ дæн æмæ ногæй, мыййаг, куынæ сзайдзынæн… Цас адæм мæлы, цас! Уый дын Китайы, Америчы, Итали, Испани… Уæрæсейы дæр… О, хуыцау, ма йæ æруадз мах онг!

– Михел, дæ хорзæхæй, хирургæй райдыдтай кусын? – уый йæм сыхаг корпусы йæ фатеры балконæй æрбадзырдта Славик. Хъæлдзæг лæг у.

– О, кусын, кусын. Дзæгъæлдзыхтæн се ‘взæгтæ лыг кæнын æмæ рады слæуу, – йæ дзыхæй маскæ аиуварс кодта, афтæмæй йæм адзырдта.

Амæсты йæ кодта Славик. Йæ мастыл ын ноджы цæхх айзæрста. Стæй ма Гæбушы фатерæй цы музыкæйы, зарды зæлтæ хъуыстысты, уыдон дæр ын йæ уавæр æнтъыснæгдæр кодтой. «Ансамблы кусы Гæбуш фæлæ еныр уыцы рæстæг у?  Адæм сæргой фесты, уый та музыкæ тъæлланг ласы, йæ бæгъ-бæгъæй нал æнцайы». Афтæ хъуыдыгæнгæ Батыры фæуагъта æмæ фæстæмæ йæ фатермæ хъуырхъуыргæнгæ бахызт. Фæлæ уым йæ уавæр фæхуыздæр? Куыннæ, стæй! Хæдзар байдзаг сывæллæттæй, чындзæй, фыртæй – нал ахуыр кæнынц, нал кусгæ æмæ ацу ныр сæ æнæхъуаджы ныхас, сæ хъæр-хъæлæбамæ сын хъус! Йæхи айста йæ сынтæгмæ æмæ йыл уæлгоммæ адæргъ. Йæ æрмтты йæ сæры бын фæкодта æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Цардыл – нæ. Коронавирусыл. Мæлæт чи хæссы, уыцы коронавирусыл. Зæрæдтæм, дам, æмхицдæр у… О, æдзух уыцы низыл хъуыды кæны. Афтæ йæм кæсы, цыма йæ фырт æмæ йæ чындз куы фæныхас кæнынц, сывæллæттæ куы фæхъæлæба кæнынц, уæд сæ ныхæсты фылдæр «вирус», «коронавирус» вæййы.

Мæгуырау хабæрттæ цыд æртыккаг бахизæны 41-æм фатеры. Тынг мæгуырау. Хъуыддаг хицæнмæ æрцыд, афтæмæй та нырма æрæджы бацардысты. Алик æмæ Замирæйæ зæгъын. Фыццаг хатт нæ хыл кæны лæппумæ Замирæ, фæлæ ацы хатт æгæр карз рауадысты йæ ныхæстæ:

– Циу, цавæр у! Ау, лæг нæ дæ? Дæ сæрæй куыдз куы рахауа,  уæд дзы зæхмæ ницыуал æрхæццæ уыдзæн, афтæмæй сабиау тъизыс, кæсут, коронавирусæй тæрсы, нæма фæзындис, афтæмæй. Æмæ дæуыл кæм хæца, уым мæныл нæ бахæцдзæнис æви мæнмæ не ‘рбауæнддзæн, афтæ æндæртæм дæр. Æрмæст ды мæлдзынæ уæд?

– Ныууадз мæ, алчидæр йæхи царды тыххæй дзуапп кæны. Чизоны, дæу, æндæр искæйы цæрын нæ фæнды, мæн та фæнды… – Цыма йыл мард æрцыд, ахæм хъæлæсы уагæй дзуапп радта лæппу.

– Фæнды дæ æмæ цæр. Æз цæугæ кæнын. Ды нæлгоймаг хъуамæ уаис æмæ æз та сылгоймаг? Æмæ сылгоймæгтæ дæр афтæ нæ тæрсынц. Низ дæ куынæ мара, уæддæр дæхи дæ тæппуддзинадæй амардзынæ. Ды удæгас мард дæ! Æз цæуын…

…Дыккаг бахизæны æртыккаг уæладзыг. 26-æм фатеры дуар бахоста æрыгон лæп-пу-лæг. Хъæргæнæг уыд, æниу ма ныр хъæр чи кæны, хонæг æй хонынц. Сыхаг корпусы иу лæгæн йæ фыд фæзиан æмæ йæ кæндмæ хоны Цъунары хъæумæ. Фатеры хицау Гигуц уæнтæхъилæй араст дуары ‘рдæм. Акаст кæсæнцæстæй æмæ суыдта сыхæгты лæппуйы. Æвæндонæй бакодта дуар æмæ мæнæ йæ тæккæ раз слæууыд. Салам ын радта.

-Æдтæдæр алæуу! Ноджы дарддæр. Метр – метр æмæ æрдæг! – Лæппу фер-гъуыйау, фæлæ йæхицæн сæххæст кодта Гигуцы бардзырд, стæй йын фехъусын кодта къæсæрыл йе ‘рбалæуды сæр.

– Ацы рæстæджы хистытæ кæнын афон у. Уæдта искæуыл уыцы низ ис, уæд сыл иу-уылдæр хъуамæ бахæца… – уый Гигуц лæп-пумæ нал дзырдта, фæлæ йæхицæн, дуар куы ахгæдта, уæд.

– Чи уыдис, баба? Цы йæ хъуыдис?, – ми-дæггаг хатæнæй йæм радзырдта йæ фырт

– Хонæг уыдис, зианмæ.

– О, фехъуыстон зианы хабар, цæуын хъæудзæн…

– Цæугæ, цæугæ, æндæра нæ фæхæццæ уыдзæнис йæ бынатмæ…

Корпусы иу зæронд усæн та цы акодтой йæ бинонтæ. Æрæджы Цæгат Ирыстонæй æрцыд. Йæ чызгмæ уыд. Æмæ дын куы схуыфид. Сур хуыфт. Кæмæй тæрсынц, ахæм хуыфт. Æмæ йæ рынчындоны къуырийы размæ куы амидæг кæниккой. Сылгоймаг йæ цæрæнбонты рынчындоны никуы уы-дис, æгæрыстæмæй, йæ сывæллæтты дæр хæдзары ныййардта æмæ нæ бамбæрста, цæмæн æй æррынчын кодтой, уый. Дыууæ къуырийы, дам, хъуамæ фæхуыссай. Дзуры бинонтæн, акæнут мæ ардыгæй, ницы мæ риссы, дзуры дохтыртæн, ауадзут мæ, æнæниз дæн, фæлæ сæ ничи уисæн кæны. Хуысс, дам, æмæ де ‘мгъуыды кæронмæ æнхъæлмæ кæс. Æмæ бартхъирæн кæны йæ бинонтæм, багъæцут, æз, дам уын фе-нын кæндзынæн, аивæрзон уал, дам, арды-гæй.

Алыгъуызон профессийы адæймæгтæ цæры корпусы. Æгæрыстæмæй, министр дæр. Цæры дзы дохтыр, цæры дзы магазины, продукттæ адæм кæцæй хæссынц, ахæм магазины кусæг. Уыдон, цыма ацы низы кой хъусгæ дæр никуы фæкодтой, уыйау райсомæй ацæуынц сæ куыстмæ æмæ изæрæй фæстæмæ æрбаздæхынц.

Ацы корпусы цæрджытæ сæхи чындзæх-сæвмæ цæттæ кодтой. Чындзæхсæв та Азæмæт кæны, дыккаг бахизæны фæн-дзæм уæладзыджы цæры. Фæлæ уæдмæ коронавирусы кой райхъуыст, адæмы дзыхы бафтыд æмæ сæ тас уадзын райдыдта. Нал ис бар, адæм кæдæм æмбырд кæной, ахæм мадзæлттæ уадзынæн æмæ Азæмæт дæр йæ чындзæхсæв аргъæвта. Раст у, адæм уæддæр зианы кæндмæ цæуынц. Чындзæхсæв бархи хъуыддаг у, мард æвæ-рыны æгъдау та тæссаг низæй тыхджын-дæр разынд… Фæлæ уарзондзинад дæр йæ бон калы, уымæн дæр ахæм низтæ – гæнгæлы æмæ Азæмæт æрвылбон дæр, цæсгомыл – маскæ, афтæмæй атагъд кæны йæ уарзонимæ фембæлдмæ. Æрмæст æм-бæрстгонд нæу иу цыдæр. Хъуыддаг пъа кæнынмæ куы ‘рцæуы, уæд уыцы архайд куыд феххæст кæнынц? Цæй, уый сæхи хъуыддаг у…

Бирæты кой уын ракодтон ацы корпусы цæрджытæй. Куы ма загътон, æнæуый дæр дзы афтæ бирæ цæрджытæ нал ис, фæлæ мæ ныхас нырма ууыл нæ фæцис, уый уын уæлейæ, фатерты цытæ цæуы, уыдоны тыххæй радзырдтон æмæ раст нæ уыдзæн, корпусæн йæ ныккæндтæм куынæ ныккæ-сæм, уæд. Афтæмæй та ам хицæн æмæ хицæн ныккæндты цард «æхсидгæ» кæны. Цæвиттон, иу ахæмы телеуынынады ра-дзырдтой, коронавирусы ныхмæ ахадæн «хостæ» кæй сты арахъ, сырх сæн æмæ бæгæны. Ахæм хабар æхсызгон куыннæ уыд, нозтмæ æмхиц чи у, йæ аназынмæ зи-вæг чи нæ кæны, ахæмтæн. Æмæ нык-кæндты арæхæй-арæхдæр бæрæг кæнын райдыдтой. Уæдæ сæ кусынмæ нæ уа-дзынц æмæ цы саразой. Ныккæндтæ та кæ-рæдзийы фарсмæ сты æмæ сæ хицæуттæ кæрæдзийыл куыннæ хъуамæ сæмбæлой. Сæмбæлынц æмæ уынаффæ рахæссынц, цæмæй хæрд, нозт феной æмæ абадой. Се ‘фсинтæ цы зымæгон æвæрæнтæ фæкодтой, уыдон бынтон нæма райхсыдысты, стæй магазинмæ дæр цæуын уадзынц. Нозтыл дзурын дæр нæ хъæуы, уæлдайдæр та – сæн, нырма боцкъатæ æрдæгнозт дæр не сты. Æмæ абадынц сыхæгтæ фынджы фарсмæ. Нырма  – сабырæй, стæй сæ хъæ-лæс бæрзондæй-бæрзонддæр кæнын райдайы, фæстагмæ сæ хъæлдзæг зард дæр райхъуысы. Уый та корпусы цæрджытæй бирæты зæрдæмæ нæ цæуы æмæ сæм дзы чидæртæ лæбургæ дæр ныккæнынц.

Цæвиттон, фыццаг бахизæны фыццаг уæладзыджы цæрæг Симонæн йæ хæд-бынмæ ныккæнды нæ равæрынц фынджы? Æмæ сæм ацу æмæ хъус! Иу ахæмы нал ба-быхста æмæ сæм ныллæбурдта:

– Циу, цы хабар у, адæмы цæрын цæуыл-нæ уадзут?! – хыл сæм кæны.

– Рахиз-ма мидæмæ, нæ сыхаг, æмæ Хуыцауæн акув, цæмæй нæм коронавирус ма фæзына.

– Рацу, æмæ нæ цуры абад! – дзурынц æм алырдыгæй.

– Æз бадынмæ не ‘рцыдтæн, фæлæ æгæр хъæлæба кæнут, – йе ‘нæразыдзинад та равдыста Симон.

Куыд, цы, фæлæ лæбурæджы «æртасын» кодтой, æрбадтис сæ фарсмæ, адард-той йын уæлдæйттæ, цæмæй сæ «рай-йæфтаид». Уæдмæ дын æртыккаг уæла-дзыджы цæрæг Арчил куы ныцæлхъ кæнид: О, вирус, вирус, коронавирус, мæ сæр куы ысурс  дæ тасы койæ. Дæ кой кæндзыс-тæм, дæхæдæг фесæф Тъымытъыматæм. Уæрæйдæ, рæйдæ, гъей!».

Хорз зары Арчил, йæ хъæлæс æй амоны, стæй æмдзæвгæтæ фыссынмæ дæр чысыл арæхсы. Ацы зарæджы ныхæстæ дæр йæхæдæг æрхъуыды кодта.

Симон, куыд лæбурæг, афтæ къухылтухгæ разынд, фæлæ иууыл ахæмтæ кæм вæййынц. Корпусы æртыккаг бахизæны ныккæндтæй сæ иуы цæлгæнджытæм ацы бахизæны дыккаг уæладзыджы цæрæг Ахмæт куы фæмидæг, æцæг тох дзы уæд рауад, хъæбæр ныхасæй тох.

– Æппын уæм худинаг ницы кæсы, адæм зæрдæдзурæнты сты, æхсæвæй, бонæй сæ хæдзæртты сты, сæхи цы фæкæной, уый нæ зонынц, сымах та ам цæл-минас кæнут, уæ хъæр-хъæлæба, уæ бæгъ-бæгъæй бæс-тæ уæ сæрыл систат!

Цæлгæнджытæ райдианы дипломатон æгъдауæй ацархайдтой лæбурæджы æрсабыр кæныныл, «æртасын» æй кæныныл, фæлæ дзы ницы рауад æмæ уæд сæ хъæ-лæсты тых æркъаддæр кодтой.

– Зæгъгæ-ма уæ хъæлæба райхъуыст – милицимæ фæдзурдзынæн! – бартхъирæн ма сæм кодта Ахмæт æмæ раздæхт фæс-тæмæ.

Æмæ, æцæгдæр, бадгæ-иу акодтой, фæлæ сæ хъæлæба æдтæмæ тынг нал хъуыст.

Афтæ цæрынц ацы корпусы цæрджытæ, йæ койæ дæр тасдзинад чи хæссы, уыцы коронавирусы уаргъы бын.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.