Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, немыцаг фашисттæ сырдон æгъдауæй нæ райгуырæн зæхмæ бырсын куы райдыдтой, уæд фыдыбæстæйы сæрибардзинад бахъахъхъæныны сæрыл тохмæ фæцыдысты Ирыстоны æхсарджын фырттæ.

Цыфыддæр знаджы ныхмæ джебогъ æмæ сисæй тох кодтой уæды фæлтæры фысджытæ дæр. Сæ фыссын нæ уагътой акоппыты, фыстой æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, очерктæ советон хæстонты хъæбатырдзинадыл, се ‘мгæртты разæнгард кодтой, цæмæй немыцаг тыхæйисджытыл тагъддæр фæуæлахиз уыдаиккой.

Хуссар Ирыстонæй хæстмæ цы æрыгон фысджытæ ацыд æмæ нал æрыздæхт, уыдон уыдысты 13. Цы уацмыстæ сын бантыст ныффыссын, уыдон чиныгмæ æрæмбырд кодтой зынгæ ирон фысджытæ Асаты Реуаз, Бестауты Гиуæрги æмæ Плиты Илья, кæцы мыхуыры рацыд 1959 азы, ахæм номимæ «Джебогъ æмæ сисæй».

Уыцы æрыгон фысджытæй сæ иу уыд Тъехты Читъайы фырт Барис. Уый райгуырд 1920 азы, Сталиниры районы Тъбеты хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты колхозонтæ. 1937 азы Барис авдазон скъола каст фæцис горæт Сталиниры. Уыцы аз  ахуыр кæнынмæ бацыд Сталиниры нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ. 4-æм курсы ахуыр кодта, афтæ йæм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Барис фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, пьесæтæ. Йæ фыстытæ мыхуыры цыдысты журнал «Фидиуæг», газет «Коммунист»-ы. Йæ радзырдты хуыздæр «Дыууæ æфсир»-ы мыхуыр æрцыд, фысджытæн цы иумиаг æмбырдгонд рацыд, уым. Йе ‘мдзæвгæты уыдысты лирикон æмæ сæ æвдыста Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Уый рæсугъд ахорæнтæй ныв кодта Ирыстоны хæхтæ, быдыртæ. Зарыд Сырх Æфсадыл, колхозон цардарæзтадыл. Йæ æмдзæвгæ «Сырх Æфсад»-ы дзырдта:

«Нæ домбайриу, нæ буц Сырх Æфсад,

Ды дæ нæ фидар ныфс, нæ бон».

Тъехты Барисы фыдыфсы-мæры лæппу Аслан нын куыд радзырдта, афтæмæй Барис хæстмæ куы цыд, уæд, дам, æй уырныдта, Советон Цæдис кæй фæуæлахиз уыдзæнис. Йæ ныхæстæм гæсгæ уый уыд хæдæфсарм лæппу, ахуырмæ æвзыгъд, хъæлдзæг, æмгæртты уарзаг. Бирæ, зæгъгæ, уарзта ирон литературæ, лæппуты-иу æрæмбырд кодта æмæ сын хъæрæй каст, куыд йæхи фыст, афтæ ирон фысджыты æмдзæвгæтæ дæр.

Тъехты Барисы къаннæг радзырд «Дыууæ æфсир»-ы чи бакæса æмæ кæй зæр-дæмæ нæ фæцæуа, æвæццæгæн, стæм ахæм адæймаг разындзæн. Æрыгон курдиатджын фыссæг дæсны æвзагæй, æнæ уæлдай ныхæстæй равдыста хæххон адæмы æвадат цард, æнæзæхх куыд уыдысты æмæ дыууæ æфсиры тыххæй фыд æмæ фырт куыд бабын сты.

Тъехты Барис ма ныффыста æндæр радзырдтæ дæр, уыдонæй иуæй-иутæ бахаудтой чиныг «Джебогъ æмæ сисæй»-мæ. Фæлæ йæ фыды æфсымæры лæппу куыд зæ-гъы, афтæмæй уымæн ис æндæр æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ дæр. Стæй ма йын баззад йæхи къухæй конд нывтæ дæр. Аслан зæгъы, зæгъгæ, нывгæнæн ахуыргæнæндоны куы ахуыр кодта, уæд, дам, ын йæ куыстытæн тынг аргъ кодта Тугъанты Махарбег.

Тъехты Барис хæсты цы æмдзæвгæтæ фыста, уыдон-иу, гæнæнуæвгæйæ, æрырвыста йæ бинонтæм. Æмæ сæ уыдон дæр цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц абон дæр. Рæстæг сыл йæ фæд ныу-уагъта. Фыстытæ сбур сты, кæцыдæр дзырдтæ зынгæ дæр нал кæнынц, фæлæ сæ Барисы фыды ‘фсымæры лæппу йæхи къухæй раног кодта.

Тъехты Барисы сау гæххæтт фронтæй æрцыд 1943 азы. Фæмард Севастополы цур тохты. Йæ сау гæххæтты куыд фыст уыд, афтæмæй уый службæ кодта развæдсгарджыты къорды хистæрæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.