Ӕз ирон дӕн! – уымӕй дӕн сӕрыстыр.

Me ‘взаг у рӕсугъд ӕмӕ хъӕздыг.

Сты мӕ цӕрӕн: Иры хӕхтӕ, быдыр,

Ацы къуым у ирӕттӕн фӕрныг.

Ам ирон лӕг стох кодта йӕ бартыл,

Карз хӕстыты басгуыхти хъайтар,

Н’ ауӕрста йӕ уд ӕмӕ йӕ цардыл

Ӕмӕ знӕгтӕн никуы сси цагъар.

Хъахъхъӕны ӕцӕг ирон йӕ хорз ном,

Хъахъхъӕны ӕцӕг ирон йӕ кад,

Уыдон ысты ирӕттӕн сӕ сомбон.

Уыдон ысты нацийы бӕркад.

Уыд рӕстдзинад ирӕттӕн сӕ туджы,

Хин, мӕнгардӕй ничи зылд лӕгыл.

Цард ирон мӕгуыр ӕмӕ фыддуджы,

Фӕлӕ цард ӕцӕг лӕгӕй зӕххыл.

Уӕй нӕ кодтой исбоныл кӕрӕдзи…

Гуыбын сӕрӕй никуы уыд уӕлдӕр…

Фӕлӕ цард нӕ фӕкъахыр, нӕ фӕци,

Се стыр кад дӕр не ‘рцыди дӕлдӕр.

Исчи дæм куы фæсида æххуысмæ, –

Кæд рæстудæй бафхæрдтой кæйдæр, –

 Уæд æрлæуу æфсымæрау йæ фарсмæ, –

 Уыцы фæтк уыд ирæттæм кæддæр.

Стӕй Фыдызӕхх хи удтау куыд уарзтой,

Радтой-иу йӕ сӕрвӕлтау сӕ цард.

Уыцы уарзт сӕ риуты мидӕг хастой,

Хордтой-иу дзы карз хӕстыты ард.

Абон та, нӕ ирӕттӕ, цы кӕнут?!

Алантӕй куы ничи уыд тӕппуд.

Фсымӕртау кӕрӕдзи фарсмӕ ‘рлӕуут!

Зынты – ма кӕрӕдзийыл хӕцут!

Хъахъхъӕнӕм ӕмхуызонӕй нӕ Иры…

Ма бауадзӕм не ‘взаджы мӕлын.

Карз фыдбылыз н’ алывӕрсты зилы,

Ма йӕ уадзӕм не ‘хсӕнмӕ цӕуын.

Не ‘взаг у нӕ тых ӕмӕ нӕ сомбон,

Не ‘взаг нӕ кӕрӕдзийыл бӕтты,

Бабаста нӕ ивгъуыдимӕ абон,

Фидӕнмӕ дӕр не ‘гъдӕутты хӕссы.

Уӕдӕ не ‘взаг фарнхӕссӕг у Ирӕн,

Не ‘взаг у нӕ ирӕтты гӕнах,

Не ‘взаг у нӕ нацийӕн йӕ фидӕн,

Н’ адæмæн у амонды цырагъ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.