МÆ ДЗÆБÆХ ИР

 

СӔРИБАР

Фӕззӕджы был Ир ысдиссаг

Амӕндты амонд фыссӕгау.

Суӕлбикъон дӕн быркуы сисӕг,

Кусарт акӕнӕг фысымау.

 

Хур кӕсы нӕ дзӕбӕх Ирӕй,

Растӕндӕр мӕ риуы арфӕй!

Нуазӕн айсут дзӕбидырӕй!

Зӕдтӕ бахудынц цъӕх арвӕй!

 

Цинӕй зӕхх тӕлфы мӕ быны –

‘Нӕвнӕлд чызджы ризгӕ тӕвд буар.

У ӕцӕг.

Нӕ уыдис фыны –

Райста раттӕг Ир Сӕрибар!

 

ӔРБАЦӔУТ МӔ КУЫВДМӔ!

Ӕмуд дзыллӕйӕн тых нӕ ары знаг.

Нӕ фыдызнаджы цӕфӕй ыстӕм дихтӕ.

Цӕй паддзахад?!

Кӕд-ма рамардтам caг…

Нӕ сӕрмӕ зилынц тарӕй-тардӕр мигътӕ.

 

Тӕрхоны лӕгтӕй иуыл ӕууӕнк нӕй.

Нӕ Иры сиумӕ фыны дӕр нӕ хъавынц.

Кӕрдихгай сын хуыздӕр тайы.

Фӕрнӕй

Сӕ дзыппытӕм нӕ Иры сойтӕ хафынц.

Ӕхца дӕр нал.

У «цъӕх» сӕ пох.

Мӕнӕн та у Хуыцау къӕрццхъус мӕ куывдмӕ

Нӕ Иры сиумӕ урс нывонд – мӕ богъ.

Ӕрцӕут-иу мӕ куывдмӕ!

 

СӔУРАЙСОМ

Хур йӕ фӕндаг ауындзгӕ

Хохы тигъмӕ рахста.

Ӕхсӕрдзӕн кӕл-кӕлгӕнгӕ

Раирвӕзти ахстӕй.

 

Тигътыл урсбуар бӕрзытӕ –

Уайсадӕг чындзытау.

‘Взист уахъӕзы мӕрзынтӕ…

Мӕсгуытӕ – цыртытау.

 

Мӕргъты цины зарджыты

Ленк кӕнын кӕсагау.

Хох лӕууы йӕ уӕрджытыл

Хауынӕй тӕрсӕгау.

 

Арвы цӕст у афтӕ цъӕх,

Афтӕ ирд у, афтӕ,

Сӕфтыдтӕн ӕм, зӕгъгӕ, ӕз,

Сзынг уаид мӕ кафтӕй!

 

Уымӕн ыссы Ирзӕхмӕ

Не знаг салд ӕфсӕртӕ.

Чи уӕнды мӕ риуӕй мын

Сӕфтауа мӕ зӕрдӕ?!

 

ХЪАЙТАР САХАР

Ӕрцыд ныл не знӕгты хин цал!

Цӕмӕ нӕ тырныдтой фыдӕй!

Дӕуӕй кӕнгӕ уыдис, Цхинвал,

Мӕ Ирыстоны рухс фидӕн!

 

Нӕ сыхаг разынди мӕнгард, –

Ӕрмӕст ӕй уыд цыма нӕ мӕт, –

Нӕ чъылдымы ныссагъта кард.

Уӕддӕр иронӕн нӕй мӕлӕт.

 

Куывтам: «Цы фӕдӕ, Стыр Хуыцау?!.

Дӕ цоты сӕфт куыд быхсыс, ау?!»

Ӕрдхорды ‘ххуысы уыд йӕ тых –

Ныццавтам лӕбурӕджы ных.

 

Ӕрзылд парахатӕй нӕ дуг –

Ӕрӕнцой нал зыдта тӕпп уд.

Ныууарыд знаджы сӕрыл туг –

Бӕгънӕгӕй лыгъд лӕгхор тӕппуд.

 

Лӕвӕрдтам ын нӕ дзул, нӕ цӕхх.

Йӕ армы – къӕбицы дӕгъӕл.

Нӕ ис-бон нын иста, нӕ зӕхх.

Йӕхи зӕхх баззайӕд дзӕгъӕл.

 

У Мцхетайӕ ацырдӕм мах.

Нӕ зӕххӕй иу уылынгыл, иу,

Нӕ баззайдзӕн ызнаджы къах.

Фӕлӕууӕм, лӕппутӕ, хӕлиу!

Мӕ уарзт, мӕ цинты цин Цхинвал,

Ӕнусты фарнимӕ цӕрай!

Ӕрцыд дыл тохы цал хин, цал!

Ныр дӕ сӕрибар, худгӕ рай!

Ызнагӕн чи нӕ радта ком,

Хуыйны хъайтар сахары ном

Цхинвал – мӕ уарзт! Цхинвал – мӕ бон!

Цхинвал – мӕ кувӕндон!

 

ФӔСХӔСТ

Стыр хӕст фӕсабыр.

Нӕ пырх уынгты

Иугай сӕруӕлдӕйттӕ –

тарстхуызӕй.

Зӕрдӕ нынкъуысы,

цӕст кӕй уыны,

Уыцы ӕрдӕгсыгъд,

пырх агъуысттӕй.

 

Зӕххы цъар

сыстъыгътой бомбӕтӕ!

Мӕрдтӕ!..

Нӕ сӕ ис ныгӕнджытӕ.

Мӕстӕй

фӕтонынц сӕ гом тӕрттӕ.

Райдыдтой

цудын мӕ уӕрджытӕ…

 

Иуы ныхмӕ ныл

сӕдӕ хӕцыд.

Далӕ

фӕсарӕйнаг хотыхтӕй

Кодтой,

фыддуджы цынӕ ӕрцыд…

Чи нӕ бахызтаид

хомхортӕй?

 

Бомбӕкъахт акъопптӕй

мингӕйттӕй  гилдзытӕ

дарынц сӕ гом дзыхтӕ –

Бахъахъхъӕдтой нӕ

сӕ ингӕнтӕй

Не ‘дзард ӕфсымӕртӕ

куыйдзыхтӕй…

 

Уалынмӕ бакӕс,

хӕрз гыццыл чызг

Ратӕхы – рухс царды фидиуӕг.

Бомбӕты схъистӕй

ӕрдӕгпырх уынг

Рафтыдта уый худтмӕ

дидинӕг.

 

УЫРЫСЫ ДӔНДАГ

Уырыс зонгуытыл ӕрхауд.

Нозтыл банцадис йӕ фӕндаг.

Даудта йӕм ызнаг йӕ кард:

– Асаст Уырысӕн йӕ дӕндаг!

 

Цуаны нал амардзӕн car;

Хъисрагъ фос дӕр ӕм ысуӕндаг;

Разынд ын йӕ хъан ызнаг:

– Асаст Уырысӕн йӕ дӕндаг!

 

He Скӕнӕгӕн кад уӕд, цыт –

Махмӕ ницы уыд дывӕндаг.

Раттӕг Ир уыдис ӕмдзырд:

– Уырыс равдисдзӕн йӕ дӕндаг!

 

Тохы нын куы уыдис тас,

He знаг уӕд фӕцис фыдвӕндаг –

Слӕууыд Уырыс – стыр урс арс:

– Уырыс равдыста йӕ дӕндаг!

 

Алы тугхор, алы ‘взӕр,

Ныр фӕуыдзыстут ӕвӕдаг.

Додойаг фӕцис уӕ сӕр:

– Уырыс равдыста йӕ дӕндаг!

 

ӔРТӔСТӔМ AЗ

Ӕртӕстӕм аз – 08.08.08 –

Мӕ зӕрдӕйы и – цырагъфыстӕй.

Уӕддӕр мӕ ‘ргӕвды судзгӕ ног фарст:

Ирвӕзт дӕн ныр мӕ рӕхыстӕй?!.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.