Зары хъӕд! Дарын дӕ азымы,
Мӕнæ — уӕлдай зӕрдӕриссӕн:
Ацы ран туджы фӕд нал зыны, —
Стыр фыдӕн чи уа ӕвдисӕн…

Зары хъӕд! Хӕсты уӕззау дуджы
Адӕмӕн хъӕдарф — ӕмбӕхсӕн…
Ам та… лыгъд адӕм сӕ хъарм туджы
Кодтой быгъдулӕг, утӕхсӕн!..

Зары хъӕд! Масты мӕй ралӕууыд,
Ӕмӕ ды дӕр дӕ фыдохау…
Дыууынӕм майы дӕ афтӕ хъуыд:
Ралӕбыр Хетӕджы къохау!..

Зары хъӕд! Ракал-иу сау сыфтӕр
Ацы ран — зноны мӕрдадзы…
Цагъд мӕрдтӕй мыс-иу уӕлдай тынгдӕр
Зайраг ӕнахъом Батрадзы!..

Зары хъӕд! Дзур-иу ӕнӕмӕнгӕй
Сомы фӕлтӕртӕн фӕдзӕхстӕй:
«Гуырдзы кӕй сурынц йӕ уӕзӕгӕй,
Уый дӕр фӕмарынц ӕмбӕхстӕй!»

Зары хъӕд! Бамбар-иу дзурӕджы,
Де ’рдӕм куы феппары дуртӕ:
Лидзӕджы бӕсты ды сурӕджы
Бамбӕхстай ӕмӕ… ыстуг дӕ!!!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.