Адæймаг йæ царды размæ куыд кæсы æмæ йыл йæ хъуыдытæ куыд нывæнды, афтæ акæсы фæстæмæ, рацæугæ фæндагмæ дæр æмæ дзы ахсджиагдæр, зæрдылдаринагдæр цы вæййы, уыдоны йæ мысынады ныффыссы æмæ сæм ног æмæ ногæй йæ хъуыдыты раздæхы. Махæн, Хуссар Ирыстоны цæрджытæн, Гуырдзыстоны хъомысджын хæстон, куынæггæнæн машинæйы ныхмæ æнæ хæцæнгарзæй чи баззадысты, уыдонæн 2008 азы августы æртæбонон хæст сæ зæрдæтыл, сæ буары алы чырæгыл рацыд. О, бирæты фесæфтам мах, бирæтæ сæмбæлдысты сæ мæлæтыл, ссардтой æнусон æнцойад уыцы бонты, бирæтæн нал уыд балæууæндон – ныппырх сты сæ хæдзæрттæ, фесæфтой æппæт сæ царды дæргъы ссаргæ фæллæйттæ, фæлæ æвыдæй  нæ баззадысты, сæрæгасæй чи аивæрзтысты, уыдон дæр. Цы федтой, цы бавзæрстой, уыдон сын бавдæрстой сæ удты æмæ йын абон уынæм йæ фæстиуæг – цыбыр кæнынц сæ царды бонтæ æмæ цæрынхъуагæй иугай не ‘хсæнæй цæуынц се ‘нусон бынатмæ.

Зын у уыцы бонты мысын. Мысын, дзурын, фыссын та сыл хъæуы. Цæмæй сæ нæ фæстагæттæ зоной æмæ сæ зæрдыл дарой, цы ‘рцыдис уæд æмæ цы зындоны фæндагыл рацыдысты сæ хистæр фæлтæр, уый. Хæст сын иу уыд, фæлæ алкæмæн дæр йæхи хæст уыдис. Алкæмæн дæр йæ зæрдæ йæхирдыгонау рыст, алчидæр æм йæхи цæстæй каст æмæ алкæмæндæр йæ хъуыдыйы йæхи мысинæгтæ баззадысты.

Фæнды мæ, хæсты фæстæ мæ горæты цахæмæй федтон, уый тыххæй цыбыртæй зæгъын.

Уæрæсейы æфсад, бæлвырддæрæй та 58-æм армийы æфсæддон хæйттæ Цхинвалмæ куы бацыдысты, гуырдзыйы æфсад та сæргой куы фесты æмæ сæ фæд-фæд фæстæмæ куы лыгъдысты, уæд йæ цæрджытæ сулæфыдысты сæ риуыдзаг æмæ сæ ныккæндтæй райдыдтой хизын уынгтæм. Фыццаджы-фыццаг цы бæрæг кодтой, уый – сæ фатерты, сæ хæдзæртты. Чи нæ цымыдис кодта, йæ цæрæнбонты ссаргæ фæллæйттæ аивæрзтысты, æви сын зынджы, кæнæ хæлæн снарядты амæттаг баисты, уый базонынмæ! Нæ цæрæн корпусы кæцы бахизæны цæрын, уым цыппæрæм уæладзыджы Наниты Тенгизы æртæхатæнон фатерæн скæсæнырдыгæй йæ къул кæй фегом, уый зыдтам – хæлæн æрмæг мидæгæй спырх æмæ йæ арæдывта, йæ къæйдуртæ зæххыл февзæрдысты, ныскъуыдтæ сты цар, æхсæнкъултæ. Цыдæриддæр дзы дзаумæтæ, мигæнæнтæ уыд – ныцъæлтæ, ныппырхытæ сты. Ныр æм уынæг цыдысты сыхæгтæ.

Цавæрдæр снаряд ахызт фыццаг уæла-дзыджы Дзабиты Хасаны фатеры æппæт къулты дæр æмæ ныссагъд бахизæны асинтæн иннæрдыгæй фарс къулы. Разиан ын кодта йæ фатерæн, ныппырх йæ ногцалцæг ваннæ…

Иуныхасæй, алчидæр нæ базонгæ ис, кæмæн цы разиан чындæуыд æмæ алчидæр æрывнæлдта, цалдæр боны хæст сæ хицæутты кæдæм нæ уагъта, уыцы фатертæ æфснайынмæ. Зиан та алкæмæн дæр ракодта, иууыл къаддæр зиан – рудзгуытыл, стæм рæттæй дарддæр, авг никæмæн баззад æмæ сæ дымгæ, фатерты рæстæгмæ хицау, къуыззитт кодта уыцы хæтон бонты.

Алырдыгæй хъуысын райдыдтой, фатерты хицæуттæ кæй æмбырд кодтой, уы-цы æвгты згъæлæнты сæртæг зæлтæ – уыдонæй сыгъдæг кодтой фатерты, асинты æмæ корпусы алыварс – æвгæдтам сæ æмæ сæ хастам брондонмæ. Хъуыстис амыты-уымыты дзæбуджы къæрцц-къæрцц – уый сæ рудзгуыты æмбæрзтой, кæмæн йæ къухы цы æфтыд, уымæй – целлофанæй, фанеры, фæйнæджы гæппæлтæй, картонæй…

Ныккæндæй уынгмæ, рухсмæ рацæу-джыты сæ хæдзæрттæй къаддæр нæ цымыдис кодта, горæт цахæм уавæры ис, уый базонын. Æмæ нæ дыууæ сыхаг кор-пусты цæрджытæ дæр къордгæйттæ-къордгæйттæй цыдысты горæтмæ. Фæстæ-мæ æрбаздæхгæйæ, кæрæдзийæн дзырдтой, чи цы федта, уый.

Мах дæр æртæ нæлгоймагæй рараст стæм горæтмæ. Развæлгъау нæ цæнгтыл бабастам урс хæцъилтæ. Хъуыддаг уый мидæг уыдис, æмæ горæт æххæстæй нæма ссыгъдæг, чи йæ дæрæн кодтой, уыдонæй æмæ сæ фæдыл зылдысты. Гъе, æмæ цæмæй дызæрдыгдзинад ма æвзæрын кодтаиккой бынæттон цæрджытæм, уый тыххæй афтæ домдæуыд.

Горæтмæ рахизгæйæ, цæстытыл фыццаджыдæр цы ныдзæвд, уый – æвгты згъæлæнтæй йедзаг тротуартæ, бæлæсты къалиутæй æхгæд уынгтæ. Хæдзæрттæй æнæпырхæй чи аирвæзтысты, уыдон дзагъырдзастæй æмырæй лæууыдысты. Бахызтыстæм Сталины уынгмæ æмæ цæуæм Театралон фæзуаты ‘рдæм. Нæ къæхты бын æвгты згъæлæнтæ хъыррыст кæнынц. Хæдзæрттæй бирæтæ пырхытæ, фæлæ дзы бынтон чи ныпырх, ахæмыл цæст нæма схæцыд. Тагъд æххусы станцы бæстыхайæ чысыл уæлдæр, йæ цæлхытæ хæрдмæ, афтæмæй уыд иу БРДМ. Гуырдзиаг кæй уыд, уый æнцон базонæн уыдис – йæ фарсыл уыд гуырдзиагау фыст.

Йæ фарсмæ чысыл æттæдæр – гуырдзиаг хæстоны мард. Иу мард та – ноджы уæлдæр. Ахызтыстæм фæндагæн иннæ фарсмæ. Ам иу хæдзары размæ лæууыд цалдæр адæймаджы. Гæбæраты хæдзар кæй у, уый зыдтон. Хæдзармæ бахизæны згъæрдуар – гом, æгасæйдæр хуынчъытæ, цы машнæ дзы лæууыд, уый дæр – афтæ. «Машинæ ма, гъа, фæлæ уæртæ уымæн та цы бакæнон?» – амоны хæдзары хицау, къулгæрон цы снаряд ныссагъд æмæ чи нæ фе-хæлд, уымæ.

Нæ цыды хай акодтам дарддæр. Фæзуатмæ хæстæг – хæлцадон магазин. Йе стыр æвгтæ ныцъæлтæ, ныффæстытæ сты, фæлæ дзы мидæмæ æнцонтæй нæ бабырыдаис. Мидæгæй иу нæлгоймаг, цы чысыл цыдæртæ ма дзы аззад продукттæй, уыдоны бæстæттæ кодта. Ме ‘мбæлттæй йæм сæ иу бадзырдта, иу цæххы пачкæ ма, дам, мын радт – æлхæныныл дзырд нæ цыдис, чи цы хъуамæ уæй кодтаид хæсты хæдфæстæ, стæй ма магазин дæр кæм уыд, сæ хицæутты ма уыдон æндæвтой æмæ сæ «сæрæнтæ» афистæг кодтой. Иудзырдæй, нæ йын радта цæхх æмæ араст стæм дарддæр. Фæзуатæн йæ уæллаг кæрон – рæсугъд æртæуæладзыгон хæдзар. Йæ фыццаг уæладзыджы магазин уыд – «Сабиты дуне». Ахæмæй йæ зыдтам, ахæмæй уад нæ цæстытыл ацы бæстыхай. Ныр мæнæ йæ размæ æрбахæццæ стæм æмæ… Нæ разы хъæдхъиутæй лæууы – цъыбыртты сыгъд бацис, йæ къултæ ма дзы аззадысты. Уыдон дæр фæздæджы ныссау сты æмæ сæ бакастæй  адæймаджы зæрдæйыл ноджы  фыддæр æрхæндæгдзинад æфтауынц.

Ам æз фæхицæн дæн ме ‘мбæлттæй. Уыдоны фæндыд Богиримæ ссæуын, стæй горæты дарддæр азилын, мæн та бафæндыд мæ куыстмæ, редакцимæ бацæуын, нæ бæстыхай, нæ кусæн бынæттæ цахæм уавæры сты, уый базонын, кæд Богирийыл фæндаг бирæ дарддæр нæ уыд, уæддæр. Сыгъд бæстыхайы рæзты  Ногдзауты парчы ‘рдæм фæзилгæйæ æмæ иучысыл бауайгæйæ, нал базыдтон парчы. Уый парчы хуызæн нал уыд, фæлæ уыд, цавæрдæр æнагъæддаджы тыхдымгæ кæнæ æндæр æрдзон сау тыхтæ бæлæсты куы ныффæлгæрон кæнынц, сæ цæнгтæ сын куы æрæхсæдынц, сæ зæнгтыл сæ куы арæдувынц æмæ сæ зæххыл хæстдзагъд хæстонтау кæрæдзийыл куы самайынц, уый хуызæн. Æрмæст ам бæлæсты æд уидæгтæ не скъуындæуыд, цавæрдæр хæцæнгæрзтæ рæдывтой, цæнгтæ кæуыл не ‘ххæссыдысты, ахæм бæлæсты зæнгты дæр æмæ ныр кæрæдзийыл фæлдæхтæй æмырæй кæрæдзийыл хуыссыдысты.

Афтæ-ма кæрæдзийыл калдæй  ластой Зары трагедийы амæттæгты 1992 азы 20 майы….

Сæ зæнгтæ кæмæн аирвæзтысты, фæлæ цонг, къалиу, иу стæмтæй дарддæр, кæуыл нал аззад, уыдон та хъæдхъиутæй, цыма цы бавзæрстой, уымæй нæма æрчъицыдтой, уыйау тарстгъуыз æвдыстой.

Зын уыд рæдывд бæлæсты, къалиуты сæрты размæ цæуын, фæлæ уæддæр бахызтæн Ленины уынгмæ. Кæсын æмæ уынгæн иннæ фарс цалдæр хæдзары кæ-рæдзийы фарсмæ бынтон пырхытæй лæууынц. Сæ æмбæрзтыты зесты габæзтæ амыты-уымыты дзедзлой кæнынц. Акастæн уæрæх уынджы уæлæмæ æмæ дзы нæдæр тротуартæ зындысты, нæдæр уынг йæхæдæг бæлæсты къалиутæй. Уынг кæм райдайы, уыцы ‘рдæм куы акастæн, уæд та суыдтон… нæ университеты сæйраг корпусы цъыбыртты сыгъдæй…

Редакцийы ‘рдæм куыд фæраст дæн, афтæ иу æфсæддон лæгыл  амбæлдтæн. Майоры пъагæттæ йыл уыдис. Уый лæууыд пырх хæдзары раз æмæ, æвæццæгæн, æнхъæлмæ каст, кæд амбæлдзæн бынæттон цæрæгыл. Ахæм ын разындтæн æз æмæ мæ иронау, фалæрдыгон ныхасыздæхтыл дзургæйæ, бафарста:

–  Бахатыр кæн, фæлæ ам, Цхинвалы цæрыс?

– О, ам цæрын, – бакодтон æз.

– Æз Уæрæсейы уæлвæткон уавæрты министрады службæгæнæг дæн. Бабæрн мын кодтой, цæмæй мæнæ ацы хæдзары цæрæг Гобозты Азæ кæм ис, цы бацис, уый бабæрæг кæнон. Кæд дæ бон у, уæд мын куы баххуыс кæнис исты бæрæг дзы базоныны хъуыддаджы. Петербургæй йæ йе ‘мбал зæрдиагæй агуры.

Хæдзар кæй у æмæ дзы чи цæрынц, уыдоны та куыннæ зыдтон – Азæйы æфсымæр Валери мæ хорз хæлар уыд, тынг хорз ын зонын йæ дыууæ хойы дæр, фæлæ ныртæккæ кæм сты, цы баисты, уымæн ницы зыдтон. Хæдзар йæхæдæг цæрынæн нал бæззыд, стæй дзы хи бахъахъхъæнæн дæр кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ, æвæццæгæн, кæмдæр кæйдæр ныккæнды уыдысты уыцы æртæ боны. Валерийы телефоны номыртæ мæм бæргæ уыдысты, фæлæ бастдзинад нæ уыдис æмæ йæм адзурæн дæр нæ уыд.

Мæ бон баххуыс кæнын нæ бацис æфсæддонæн, афтæмæй фæхицæнтæ стæм…

Редакцийы бæстыхайы фарсмæ цы уæ-рæх фæзуат ис, уым æрбынат кодтой Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады службæгæнджытæ сæ техникæимæ. Хæстон техникæйæ азмæлæнтæ нал уыд Мæскуыйы æмæ уымæ хæстæг уынгты. Лæууыдысты типографы кæрты, æрлæууыны фадат кæм уыдис, æндæр ахæм бынæтты. Мæскуыйы уынджы цы техникæ лæууыд, уыдонæн сæ ных арæзт уыд Гуры фæндаджы ‘рдæм – хæст кæд Цхинвалы нал цыд, уæддæр Гуырдзыстоны  тыхæй сабырадмæ æркæныны фæдыл операци нæма фæцис…

О, зæххæн уæз кодтой уыцы алыгъуызон хæстон уæззау техникæ,  æмæ ныфс уагътой алы бынæттон цæрæджы дæр. Уыцы техникæ здæхт уыдысты  Гуырдзыстоны ‘рдæм. Разæй уыд нырма дыууæ боны,  августы фондзбонон хæстæй.

…Мæнæ редакцийы бæстыхай дæр. Йæ разы йын бæласы бын бандоныл бадгæйæ баййæфтон Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Гаглойты Ирæйы. Ам сæмбæлдтæн нæ газеты редактор Гæбæраты Юрийыл дæр. Æндæр дзы зынæг ничи уыд. Гаглойты чызг фæдзæхста, цæмæй журналисттæй бынаты чи ис, уыдон æмбæлой цæрджытимæ, æмæ кæуыл цы зиæнттæ æрцыд, чи цы бавзæрста, уыдон фыссой.

Бæстыхайы уæладзгуыты зилгæйæ дæр зæрдæ ницæмæй байрад, кæд зæрдæйæн æхсызгон уыд къæлидорты, кусæн кабинетты ногæй азилын, уæддæр. Дуæрттæ, рудзгуытæ уыдысты тыгъд. Къабинетты астæрдтыл, къæлидорты – хуртуанау зæрст фыссæн гæххæттытæ, газеттæ. Стъолты лæгъзтæ – змæст, сисынæн хъæуæгыл цы нымадтой, уыдон истой. Чингуытæ, гæххæттытæм нæ февнæлдтой – уыдон сæ, æвæццæгæн, нæ цымыдис кодтой. Кæдæмфæнды фæкæс – чъизи, змæст. Ахæм фæдтæ дзы чи ныууагътой,  уый бæлвырдæй нæ зонын.

Мæ кусæн кабинетмæ бахизгæйæ, рудзынджы фæйнæгыл фæкомкоммæ дæн… маргъы сисмæ. Бабызы сисы йас. Цы йæ бахаста урдæм, чи йæ сæвæрдта уым, уымæн абон дæр ницы зонын. Æмæ ахъуыды кодтон, зæгъын, чизоны, цытæ ‘рцыдис, цытæ бавзæрстам, уыдоныл фыссын кæй хъæуы, уый нысан у. Фæлæ ам, редакцийы кабинетты нырма æрбадæн, куыстмæ æрæвналæн нæ уыдис. Уый тыххæй нæ, æмæ ам алцы æрæфснайын кæй хъуыдис. Уый тыххæй æмæ кусджытæй бирæтæ сæ сывæллæттимæ сæхи хæстæй дарддæр – Цæгат Ирыстоны кæй  бааууон кодтой. Уый хорз хъуыддаг уыдис – хæсты сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ, æгæрыстæмæй, æнæхæцæнгарз нæлгоймæгтæ дæр хæсты нæ хъæуынц. Æвзæр уый уыд, æмæ нæ ныккæндты бирæ ахæм адæймæгтæ кæй баззадысты.

Куыстмæ, газет уадзынмæ æрывналын ма гæнæн уымæн нæ уыдис, æмæ горæт ифтонг нæ уыдис электроэнергийæ. Электротелтæ ныскъуыдтæ сты уынгты æмæ сæ ивынмæ уайтагъд æрæвнæлдтой уæрæсейаг энергетиктæ.

Цы ма бадардтон уыцы бон редакцимæ бацæугæйæ, уый – нæ бæстыхайы ныккæн-ды бирæ марды чырынтæ… Цæгат Ирыс-тонæй сæ ластой. Амондæн, иууыл нæ бахъуыдысты æмæ ма хæсты фæстæ дæр бирæ рæстæджы уым лæзæрыдысты.

Дарддæр æз мæ балц акодтон вагзалы ‘рдæм. Фыццаг хатт федтон, Профцæдисты хæдзары размæ цы гуырдзиаг танкты спырх кодтой нæ хæстонтæ, уыдоны. Араст дæн Хъайтарты змæст, донласт, ламийæ йедзаг уынджы дæлæмæ. Уынг уæлдай æвзæрдæр уавæры уыд Исахъы  уынгæй дæлæмæ. Ам ноджы фенæн уыд, кæй спырх чындæуыд, ахæм гуырдзиаг танктæн, гуырдзиаг хæстонты мæрдтæн. Уыд тæвд бон æмæ, чи нæма басур, уыцы уынджы уæлцъарæй цыд æнуд тæф. Йæ улæфын зын уыд æмæ æз дæр, цы иугай цæуджытæ-иу дзы фæзындысты, уыдонау тагъд-тагъд цыдтæн, зынтæй ахизæн цы цъыфты, цæдты, алыгъуызон брæтты сæрты уыдис, ууылты.  Чкаловы уынжы онг ныццæугæйæ, сæмбæлдтæн мæ зонгæтыл æмæ аздæхтыстæм уыцы уынджы бæгæныфыцæн заводы ‘рдæм. Уыдон та цыдысты, гуырдзиаг æфсæдтæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты кæм ныццагътой, уыцы бынатæй. Уыдонæй фехъуыстон, мæ хорз зонгæ, Ленины уынджы кæрон цæрæг Тедеты Аветик кæй фæмард знаджы нæмыгæй. Йæ сыхагимæ ныккæндæй рахизæнмæ рахызтысты тамако дымынмæ æмæ сæ дыууæйы дæр уырдæм баййæфта нæмыг. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй Аветикы мард аластой Цæгат Ирыстонмæ æмæ йæ уым бавæрдтой. Уый уыд, мæ зонгæтæй чи фæмард сты æмæ дзы йæ сау хабар фыццаг кæмæн фехъуыстон… Диссаджы адæймаг уыдис Аветик. Йæ рæстæджы нымад уыдис завод «Эмальпровод»-ы хуыздæр кусджытæй сæ иуыл. Уымæй дарддæр ма хъæды куыстæй цæмæ нæ арæхст, æвæццæгæн, ахæм нæ уыд. Кафын, зарынмæ – рæвдз. Уæдæ фынгыл æгъдау дæттынмæ дæр фæстæ никæмæй лæууыд…

Мæ балц ууыл фæцис. Æз базонгæ дæн, æртæ боны размæ цы Цхинвалы зыдтон, уыимæ нæ, фæлæ æндæр – чи ныппырх, йæ туджы чи мæцыд, чи ныффыдуынд, ахæм Цхинвалимæ. Бирæ хъизæмæрттæ, бирæ уды зиæнттæ йын æрхастой уыцы æртæ боны. Чи бабын сты, уыдоны нæмттæ мах нæ зæрдыл дардзыстæм. Фæлæ нæ нæ фæнды нæ хъуыдымæ æруадзын, ацы хæст, Цхинвалы чи баззадысты, уыдонæй алкæйы дæр, хæст кæй цард ахаста, уыдонмæ кæй феввахсдæр кодта, уыдонмæ фæндаг нæ алкæмæндæр кæй фæцыбырдæр кодта.

Цы ‘рцыд, цы бавзæрстам, уый макуы бавзарæнт нæ фæстагæттæ. Кæнæд сæ цард сабыр арвы бын. Сабырад цас зынаргъ у, уый хорз базыдтам мах.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.