Хæст. Иунæг цыбыр дзырд, фæлæ цас фыдбылызтæ, фыдбæллæхтæ æрхæссы рæстагон адæмæн. Фехалы сын се нцойад, се ‘нæмаст цард æмæ фæвæййынц зæрдæдзурæнты, цæрæнбонты цы фæллæйттæ скæнынц, уыдон ын æмбойны æрбайсафы. Фæлæ царды уæддæр сæйраг адæймаг у, уый æвæллайгæ архайд æмæ куысты фæрцы рантысынц зæрдæйы фæндиаг хорздзинæдтæ. Фæлæ хæстæндзарджытæ уыдоныл бынтондæр нæ фæхъуыды кæнынц, æрмæстдæр фæтырнынц сабыруарзаг дзыллæты бафхæрынмæ. Афтæ уыд 2008-æм азы августы хæст дæр Хуссар Ирыстоны. Йæ фыццаг ахъаззаг цæфтæ йын йæхиуыл чи бавзæрста, фыццæгтæй уыд Къостайыхъæу. Ацы хæсты цаутæн æвдисæн уыд бынæттон цæрæг Гæбæраты Барис дæр.

Зæгъын хъæуы, августы хæсты цаутæ хъæуы кæй райдыдтой августы мæйы фыццаг бонты. Фæлæ уæддæр йæ ахъаззаг цæфтæ райдыдтой 7 августæй, комкоммæ йæ уæд райдыдтой æхсын уæззау артиллерийæ æмæ адæм зæрдæдзурæнты фесты. Сихорæй ахызт, афтæ цæрджытæ фæфæдис кодтой, æнамонд цаутæ кæм æрцыд, уыцы бынатмæ. Тыхджын гуыппытæ æмæ æхстытæй адæймаджы хъустæ къуырма кодтой æмæ уыцы тæссаг уавæр нæ сабыр кодта суанг изæрмæ. Кæрæдзи фæдыл æрцыд дыууæ æнамонд фыдуацы. Знаджы судзгæ нæмгуытæсæ тых бавзæрстой сыхæгтæ æмæ æрвадæлтæ Мамиты Валикъо æмæ Петры æддæгуæлæ хæдзæрттыл. Фæлæ иууыл æвирхъаудæр уыд, Валикъойы хо Тамарæ æмæ Петры цард кæй фескъуыдта, уый. Баталынг сыл сæ хур, сæ бирæ рæсугъд фæндтæ æмæ хъуыдытæ фескъудысты æрдæгыл. Æмæ æрмæст уыцы дыууæ адæймаджы нæ фесты знаджы амæттаг, фыдгул сæ амондджын цард атыдта æвзонг, цардбæллон лæппутæ Томайты Æхсар, Мæлдзыгаты Джемал, Джиоты Аслан, Тедеты Къоли, Хуыбиаты Вадик, хæрзæгъдау сылгоймаг Джиоты Настяйæн. Знаджы æрбалæбурдæй ацы хъæуæй фыдæвзарæнты чи бахауд, уыдон уыдысты Хуыбиаты Георги, Джиоты Вадик, Мæлдзыгаты Юри, Сабанты Гурам, Мамиты Къоте, Къудухты Шамил, йе мкъай Мамиты Зарæ, сæ фырт Алан, Хуыбиаты Митя æмæ æндæртæ.

Гæбæраты Барис радзырдта, зæгъгæ, ноджы уæззаудæр уыд сæ хъысмæт, гуырдзиаг лæгхортæ ам, бынаты кæй æрцахстой æмæ Гуырдзыстоны ахæстæтты бирæ рæстæг кæй фæдардтой, хъæуы уыцы æмбæстæгтæн. Цыма Мамиты бинонтæн фаг нæ уыд, сæ хæдзары хистæр Петры кæй бацарæфтыд кодтой, ис хæдзарæй сæ æнæ хæдзар кæй фæкодтой, уый. Ноджы ма ахæстоны дуæрттæ бакæнын кодтой йе мкъай Дзерассæ, йæ дыууæ фырт Сослан æмæ Григорийæн. Гуырдзыстоны ахæстонмæ ма ноджыдæр  бахаудысты ацы хъæуы ницыгæнæг æмбæстæгтæ Лохты Серги, Бæззаты Ацæмæз æмæ æндæртæ.

Гæбæраты Барисы ныхæстæм гæсгæ гуырдзиаг хотыхджынты ахъаззаг цæфты фæстиуæгæн цæрджыты хæдзæртты 80 проценты бынтон пырх æмæ сыгъд æрцыдысты. Сæ цæрæн хæдзæрттæ цæрынæн кæмæн нал сбæззыдысты, уыдон нымæцы сты Мамиты Æхсар, Гæджиты Маир, Хуыбиаты Альберт, Хаситы Матрона, Джусойты Ахмæт, Бигъуылаты Славик, Ефим, Мамиты Дуду, Лохты Вилен, Джиоты Мурат, Тыджыты Гия, Бигъуылаты Хазби, Бекъойты Ефим, Тегкаты Лев, Мамиты-Арсенидзе Этери, Тедеты Владимир æмæ æндæртæ. Сæ тых бавзæрстой, Стыр фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонты цыртдзæвæн, цæрæн корпус, дзулфыцæн, хъæууон администраци æмæ æндæр агъуыстытыл. Нæ сæ ферох, нæ рæзгæ фæлтæр кæм ахуыр кодтой, ахуыргæнджытæ сын сæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй кæм амыдтой, уыцы рухсадон артдзæст – хъæуы астæуккаг скъола дæр.

Кæд ахæм уæззау цæфтæ бавзæрста хъæу, æнкъард æмæ æнтъыснæг рæстæгæн йæ кæрон нæ зынд, уæддæр цæрджытæ хъæддых фæлæууыдысты, ныфсы хос уыдысты æндæртæн, уырныдта сæ, ацы хъизæмайраг бонтæн кæй æрцæудзæн кæрон æмæ та раздæрау сæ цард кæй æрвитдзысты сыгъдæг арвы бын. Уæдмæ уал хъæуы сæрæн лæппутæ лæууыдысты фидар, æххуыс кодтой, йæ цæрæн бынатæй рæстæгмæ чи фæиппæрд, уыдоны бинонтæн. Знаджы судзгæ нæмгуыты амæттаг чи фæци, уыдон уыцы тæссаг уавæрты сæ сыджыты хайыл сæмбæлын кодтой Саулохты Нодар, Гоцъиты Таймураз, Хъабанты Амиран, Хуыбиаты Геник æмæ æндæртæ.

Августы хæст ахицæн Хуссар Ирыстоны фæуæлахизæй Стыр Уæрæсе æмæ нæ хъæбатыр сахъгуырдты фæрцы. Сæндидзыдта хъæу, гæзæмæтæй дарддæр цæрджытæн ног цæрæн хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты, хъæу рафидыдта йæ ног дыууæуæладзыгон нырыккон скъолайы агъуыстæй. Хуссар Ирыстон, уыцы нымæцы Къостайыхъæуы сæрмæ дæр ис сыгъдæг арв æмæ сæ рухс сомбонмæ кæсынц ныфсджынæй.

                                                 ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.