2008 азы августы хæсты йæхи мысинæгтæ ис булкъон, Уæрæсейы хъайтар Андрей Леониды фырт Красовæн дæр. Уый райгуырд Оренбурджы областы Землянкайы хъæуы. 1988 азы каст фæци Рязаны дыууæ хатты Сырхтырысаджын уæлдæр уæлдæфон-десантон ахуыргæнæндон. 2004 азы та сырх дипломыл каст фæцис Гарзджын тыхты иумиагæфсæддон академи. Хорзæхджын у Кады орден, «Æфсæддон лæггæдты тыххæй» орденæй, «Фыдыбæстæйы раз йæ лæггæдты тыххæй II-аг къæпхæны» ордены майданæй æмæ æндæр хорзæхтæй. 2008 азы 5-æм сентябры УФ-йы Президенты Барамындæй Л.Красовæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Хъайтары ном «Сырх Стъалыйы» майданимæ 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны фидауынгæнæн операци уадзыны рæстæджы йæ фæндвидар архайдтыты тыххæй.

Гуырдзыстоны фидыдадмæ æркæныны операцийы рæстæджы Красовы командæйæ 76-æм гвардион десантон-штурмон дивизийы батальоны тактикон къордтæй сæ иу архайдта раззагон къорды хуызы.

«Августы райдианы æз службæйон командировкæйы уыдтæн Петерурджы цур горæт Пушкины. Нæ 76-æм десантон-штурмгæнæг дивизи (уый ис Псковы) хъуамæ хайад райстаид тактикон ахуырты «Ладога-2008»-ы. 2008 азы 8-æм августы мæм æхсæвы дыууæ сахатыл фæдзырдта нæ дивизийы оперативон радгæс æмæ мын загъта, зæгъгæ, абон райсомы 4 сахатыл хъуамæ уай дивизийы командирмæ. Фæрсын æй: «Цы æрцыд?». Уый мын сдзуапп кодта: «Телеуынынады ног хабæрттæм байхъус». Æз баиу кодтон телевизор, уым æвдыстой судзгæ Цхинвалы. Уæд алцыдæр бамбæрстон, райдыдта хæст… Мæ хъуыддæгтæ тагъдыл фæуыны фæстæ, 8-æм августы изæры мæ бон ссис дивизимæ æрбаздæхын. Уæдмæ десантонты фыццаг батальонон-тактикон къорд атахт Цæгат Ирыстонмæ, уыдоны фæстæ та Беслæнмæ атахт нæ къорд. Беслæны аэродром æмбæстагон кæй у, уымæ гæсгæ йæ бон нæу бирæнымæц æфсæддон хæдтæхджытæ райсын. Ацы проблемæ скъуыддзаггонд æрцыд афтæ: нырма æрбадын кæндзыстæм фондз хæдтæхæджы, тагъдыл рахизын кæндзыстæм чи дзы бады, уыдоны æмæ фæстæмæ атæхдзысты. Æрмæст уый фæстæ уыдзæн фадат иннæ хæдтæхджыты æрбадын кæнынæн.

Мах куы æртахтыстæм, уæд нын Уæлдæфон-десантон æфсæдты инæлар-майор Вячеслав Борисов фехъусын кодта, зæгъгæ, ирон хæйттæ æмæ бархионтæ карз тох кæнынц гуырдзиæгтимæ, ныридæгæн фæмард сты дæсгай фидауынгæнджытæ. Уыцы тæссаг хабар бандæвдта хæстонты зæрдæйыуагыл. Уыдон бамбæрстой уавæр вазыгджын кæй у, уый æмæ аскъуыддзаг кодтой кæронмæ кæй тох кæндзысты. Аэродромы нын инæлар-майор Борисов бамбарын кодта нæ хæстæ. Æхсæвы мах рацыдыстæм ахæм маршрутыл: Беслæн-Алагир-Ручъы тунель. Уæд нæ механиктæ-шофыртæ сарæзтой коллективон сгуыхтдзинад. Уæ цæстытыл ауайын кæнут: æхсæв, хæххон фæндаг, фæндагыл бирæ техникæ, машинæтыл лигъдæттæ, æнæзонгæ фæндаг…

Æз ахъуыды кодтон, хорз уыд æмæ 2008 азы июлы Цæгат Ирыстоны уагъд æрцыдысты командон-штабон ахуыртæ. Уыдон фесты хæстæй иу къуырийы размæ. Уæд мах сахуыр кодтам Ручъы тунелмæ цæуæг æппæт фæндæгтæ. Тунелæй рахызтыстæм райсомы 10 сахатыл æмæ изæрмæ æрхæццæ стæм Дзаумæ. Дыккаг бон мах æрбацыдыстæм Цхинвалы хуссар-скæсæн хайы кæронмæ. 12 сахатмæ æввахс нын нæ разы æрæвæрдтой хæслæвæрд: хуссар здæхты ацæуын. Куыддæр азмæлыдыстæм, афтæ нæ сæрты атахт гуырдзиаг аиваци. Спырх нын кодтой нæ БМД-2. Уæд, нæ амондæн ничи фæцæф. Хистæр лейтенант Тарасовский уайтагъд зенитон-ракетон комплексæй сцæф кодта гуырдзиаг хæдтæхæджы æмæ йæ æрæппæрста.

Мах дарддæр нæ цыды хай кодтам. Гуырдзиаг хъæу Мегъврекисмæ куы бахæццæ стæм, уæд нæ фæндагмæ æввахс хæдзæрттæй райдыдтой æхсын, гуырдзиаг снайпер сцæф кодта лейтенант Пуцыкины сæр, уый фæмард. Йæ амæлæты фæстæ йын лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Хъайтары ном. Мах дæр дзуаппон хæст кæнгæйæ цыдыстæм Гуры ‘рдæм. Уæд та нæ сатакæ кодтой дыууæ гуырдзиаг хæдтæхæджы. Мах сæ æхстам зенитон ифтонгæдтæй. Тохы фыццаг сахатты нæ хæстонтæ тыхстысты, фæлæ сæ тыхстдзинад тагъд æрбайсæфт æмæ архайдтой хорз. Тагъдыл-иу алыгъдысты машинæтæй. Иууыл фæстагмæ-иу хæстон машинæтæй рахызтысты механиктæ-шофыртæ æмæ оператортæ, уыдонæн уыд уæлдай зындæр. Æртæйæ дзы уæззау цæфтæ фесты, иуæн дзы ныппырх йæ риу. Фæлæ сæ рæстæгыл эвакуаци скодтам æмæ удæгасæй баззадысты.

Нæ зонæйы, мах дыууæ тактикон къордæй, 700 адæймаджы скондæй ныппырх кодтам ныхмæлæууæджы хъахъхъæнынад. Цал гуырдзиаджы лæууыд нæ ныхмæ, ууыл хъуыды дæр нæ кодтам. Зонын æрмстæдæр уый, æмæ гуырдзиаг фыццаг фистæгон дивизийы бригадæйы кæй уыд 4 мин адæймагæй фылдæр. Уыимæ уыдон уыдысты фæлтæрдджын æмæ алыгъуызон хæцæнгæрзтæй ифтонг. Мах сын бацахстам сæ базæ, ссардтам сын сæ штабы чиныг. Базæйы æфсæддон службæгæнджытæ контракттыл сæ къухтæ æрфыстой 2004-2006 азты. Бригадæйы батальонтæй иу уыд  Иракы, æмæ йын йæ хæстонты америкæйаг хæстон хæдтæхджытыл тагъдыл раздæхтой Гуырдзыстонмæ. Фæлæ уыцы батальоныл нæ сæмбæлдыстæм, бамбæхстысты.

Нæ дыууæ къорды фæмард сты дыууæйæ.  Афицер – снайперы нæмыгæй, æмæ хистæр сержант та амард госпиталы туг бирæ кæй фесæфта, уый фæстиуæгæн. Фæлæ мах нæ хæстæ цы вазыгджын, уæззау уавæрты сæххæст кодтам, уымæ гæсгæ афтæ бирæ салдатты нæ фесæфтам, гæнæн уыд бирæ æвзæрдæр фæстиуджытæ. Базæ куыддæр бацахстам афтæ гуырдзигæтæ фæтарстысты æмæ лыгъдысты Цхинвал-Гур-Тбилисы маршрутыл. Афтæмæй Америкæ гуырдзиаг æфсæдтыл цы æхцайы фæрæзтæ фæхардз кодта, уыдон æнæхъуаджы фесты. Бирæ цæмæндæрты ис бамбарæн, гуырдзиæгтæ сæ фæстæ цахæм уавæр ныууагътой, уый фенгæйæ. Казармæты дзуамæттæ пырхытæй лæууыдысты. Хæцæнгæрзтæ æмæ хæстон æрмæджытæ – рæдзæгъдтæй. Æрмæст Гуры мах байстам 53 ног танкæйы Т-72. Уыдоны Гуырдзыстонæн радта Украинæ 2007 азы. Уым ма байстам 26 БМП-2 æмæ 16 бынтон ног «Кливер» БМП-йы. Уыдонимæ ма ноджы 100 тоннæйы бæрц хæстон æрмæджытæ.

Нæ ротæтæй иу ныхæццæ Каспы онг æмæ йæ пост сæвæрдта Тбилисæй 40 км æддæдæр. Картæмæ куы æркастыстæм æмæ куы саргъ кодтам, цас дæрддзæг рацыдыстæм уымæн, уæд æй бамбæрстам гуырдзиæгтæ хæстонтæ кæй не сты, уый. Уыдонмæ уыд цæмæй æхстаиккой, уый, фæлæ фыртасæй фæйнæрдæм фæлыгъдысты. Уыимæ ма йæ куы базыдтой Гуырдзыстоны ‘рдæм 76-æм десантон-штурмон дивизи рацæуы сæрмагонд батальон «Запад» æмæ «Восток»-ы цæцæйнаг хæстонтимæ, уæд бынтон паникæты ныххаудысты.

Уыцы бон Гурмæ æрцыд Гуырдзыстоны Æдасдзинады секретарь Ломая. Уый разынд тынг æвзæр адæймаг. Фыццаг фондз боны фыртасæй зыр-зыр кодта, фæлæ йæ куы базыдта æвзæрæй йын ницы сараздзыстæм, уæд йæхиуыл схæцыд æмæ схъæл ныхæстæ райдыдта, фæлæ йæ уайтагъд йæ бынаты æрбадын кодтам. Зæгъæн ис афтæ, æмæ Гуры хуымæтæджы цæрджытæ кæй бахаудтой катастрофон уавæры. Нæ сын уыд ссад, дзул. Фыццаг уырдыгæй алыгъд полици, уый фæстæ та – горæты администраци. Нæ дивизийы командир бацыд администрацийы бæстыхаймæ, æрбадт губернаторы къæлæтджыныл æмæ дзуры: «Цæй, кæм ис хицауад?». Æмæ къулыл ныффыста: «Губернатор, раздæх дæ адæммæ, тæппуд!».

Гуры базæйы мах уыдыстæм 12-20 августмæ. Мах федтам гуырдзиæгты тарст цæстытæ, развæдсгарæн архайдтыты рæстæджы ссардтам ноджы æфсæддон техникæ, хæцæнгæрзтæ, хæстон æрмæджытæ. Уыдоны хъахъхъæдтой гуырдзигæтæ æмбæстагон формæйы, фæлæ нæ ныхмæ бынтондæр нæ фæлæууыдысты.

Хæстон архайдтытæ æруромыны фæстæ мах фидауынгæнджытимæ гуманитарон æххуыс ластам гуырдзиаг хъæутæм. Зæгъдзынæн афтæ æмæ комкоммæ хæстон архайдтытæй тынг тагъд рахызтыстæм колоннæты хизын кæнынмæ. 11-æм августы мах мæлæтдзаг тох кодтам гуырдзигæтимæ, æмæ сын 14 августы та æххуыс кодтам  сæ мардбуарты ласынæн.

Ацы æнæнхъæлæджы хæст мæ ныхъуыды кæнын кодта бирæ цæуылдæрты. Уырыссаг адæмон аргъæутты уырыссаг бæгъатыртæ алыхатт дæр хъахъхъæдтой лæмæгъдæрты. Афтæ рауад ам дæр. 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны чысылнымæц адæм кæд хъæбатырæй лæууыдысты знаджы ныхмæ, уæддæр сæ бон нæ уыд адекватон дзуапп радтын гуырдзиаг бирæнымæц æфсæдтæн, кæцытæ ифтонг уыдысты алыгъуызон хæцæнгæрзтæй.

Сыгъдæг князь Александр Невский дзырдта: «Æнæраст адæймаг фесафы йæ тых, æмæ раст адæймагæн та йæ тыхтæ сдывæр вæййынц». 76-æм дивизийы 234-æм десантон-штурмгæнæг полк хæссы Александр Невскийы ном. Æныдыгъддзинад уыд фæстаг моменты онг. Хæст махæн фæцис Псковы,  нæ хæцæнгæрзтæ æмæ хæстон æрмæджытæ фæстæмæ куы радтам, уæд.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.