2008-æм азы августы Ирыстоны цы æрцыдис, уый æнæнхъæлæджы нæ уыдис. Хуссар Ирыстон скуынæг кæныны хъуыддаг биноныгæй цæттæ кодта гуырдзиаг разамынад æмæ æрбафсæрстой бирæнымæц æфсад æмæ нырыккон хæстон техникæимæ Ирыстоны æнæсæттон адæмы скуынæг кæнынмæ. Æмæ сын цы ракодтой, цæмæннæ сæ уагътой сæ хæдзæртты æнцад-æнцойæ цæрын? Цы сарæзтой æнæзакъонæй ирон адæм? Цæмæн сæ æркодтой раууатмæ, сæ цард цæрæнбонты фæллойæ афтид цæмæн абадтысты? Рахау-бахауаг, хъеллауаг цæмæн систы?

Хи ссаргæ фæллой, дæхи къухæй саразгæ хæдзар куыд адджын сты. Æмæ адæм цæуыл фæфыдæбон кодтой, уыцы цард-цæрæнбоны ссаргæ фæллæйттæ сын уысммæ æрбайсæфтысты. Уыцы бонты цы æрцыдис Ирыстоныл, уыдон цæстыты разæй никуы фесæфдзысты, зæрдæйæ та рох нæ бауыдзысты.

Лæбурдтой алы фарсæрдыгæй дæр горæтмæ. Æрхъавыдысты йæ æгасæйдæр басудзынмæ. Сæ ныхмæ бæргæ лæууыдысты нæ лæппутæ, фæлæ алыгъуызон æхсæнгæрзтæй ифтыгъд адæмы ныхмæ æнцон æрлæууæн нæ уыд. Стахтысты сæ хæдтæхджытæ, вертолеттæ æмæ сабыр цæрджытыл райдыдтой калын бомбæтæ. Адæм цы фæуой уымæн ницыуал зыдтой. Бирæтæ ма архайдтой сæ сывæллæтты Цæгат Ирыстонмæ аирвæзын кæныныл. Фæцæй сæ скъæфта Джуссойты Маир дæр. Тагъд кодтой, фæлæ сæ знаг баййæфта, Исахъ æмæ Хъайтарты уынгтæ кæм иу кæнынц, уым фæзилæны. Машинæ танкæй фехстой. Бадтысты дзы Маир, йæ бинойнаг, йæ чызг, йæ лæппу, сæ иу 8-æм, иннæ 10-æм къласы ахуыргæнинæгтæ. Машинæйы ма бадтысты Маирæн йе ‘фсымæры ус йæ дыууæаздзыд æмæ 8-мæйдзыд сабитимæ. Уыдис ма дзы се ‘ввахс хиуæттæй дæр чидæртæ. Æдæппæт 8 адæймаджы. Машинæ куыддæр фехстой, афтæ йæ дуæрттæ фегом сты æмæ дзы сылгоймæгтæ чысыл сабитимæ рахаудтой æмæ афтæмæй баирвæзтысты уым æввахс корпусы ныккæндмæ. Фæлæ Маир æмæ йæ дыууæ сабийы дзыхъмард фесты. Уæдмæ тугдзых сырдтæ февзæрдысты машинæйы уæлхъус æмæ сæ, цыма кæй амардтой, уый сын фаг нæ уыд, уыйау сыл бензин бакалдтой æмæ сæ басыгътой. Уыцы хæдзары цæрæг Джиоты Фаризæт куыд радзырдта, афтæмæй Маиры усы мароймæ зæрдæйы тæгтæ скъуыдтæ кодтой. Цалдæр хатты афæлвæрдта йæхи амарыныл, фæлæ йæ хъахъхъæдтой. Уæдмæ йæм æрбацыдис йе `фсымæр æмæ йæ уый акодта.

Бæргæ фидар лæууыдысты нæ лæппутæ, фæлæ куыд акæнынц иуæн дыууæ æфсад сты. Сбырстой бирæнымæц танктимæ Хъайтарты уынджы кæронæй. Нæ лæппутæй алчидæр йæ хæс æххæст кодта. Гæззаты Инал дæр, Исахъы уынг æмæ Хъайтарты уынг кæм иу кæнынц, уыцы хæдзары фыццаг фæндзæм уæладзыгон хæдзары цардис. Бырстой уæлæмæ Хъайтарты уынгыл танктæ. Хъуыд сæ исты хуызы æруромын. Алыгъдис сæ размæ Инал. Фæлæ куыддæр телеуынынады онг ныххæццæ, афтæ йæ се снайпер фехста. Ракæсæнтæ нæ уыд. Ихуарæгау згъæлдысты нæмгуытæ. Иналы мард æрмæстдæр æртыккаг райсом сæмбæлд йæ хицæуттыл. Гъе, уый дын фашизм! Нæ, ныхас фашизм æгæр уæздан у, уыдонæн. Æххормаг, ссонтуæвæг сырд. Æндæр сæ ницы рахондзынæ. Ныппырх, ныддæрæн сты телеуынынады къултæ, архивон æрмæджытæ пырхæнты бын фесты. Уый абон дæр мæгуырауæрдæм æндавы куыстуатыл.

Нæ сабыр кодтой лæгхортæ, архайдтой фылдæр хæдзæрттæ басудзыныл, фылдæр адæмы ныццæгъдыныл. Комкоммæ æхстой Сталины уынджы бирæуæладзыгон хæдзæрттæм. Сгуылф кодта Сталины уынджы 96-æм хæдзар. Басыгъдысты фæндзæм уæладзыджы æппæт фатертæ дæр. Цæрджытæ уыцы рæстæджы бадтысты ныккæнды. Икъоты Розæ куы ауыдта йæ фатер, уæд ныррызтис. Басыгъдис йæ цæргæцæрæнбонты фæллой. Баззадис, йæ уæлæ ма цы хæдзар дарæн къаба уыдис, уый мидæг. Æгæрыстæмæй сæ документтæ рахæссын дæр сæ бон нæ бацис. Мæстылгъæд ус цы арæзта, уый æмбаргæ дæр нал кодта. Дзойтæгæнгæ рацыд æмæ йæхи цады баппæрста. Йæ мард ын ссардтой дыууæ боны фæстæ.

Æмæ, цал æмæ цал адæймаджы баисты знаджы амæттаг. Сæ мæрдтæ уæлмæрдтæм дæр нæ хæццæ кодтой, афтæмæй сæ рæстæгмæ ныгæдтой сæ цæхæрадæтты, æдасдæр рæтты…

Островскийы уынджы цæрæг Тыджыты Христофорыл уæд сæххæст 60 азы. Баны-сан æй кодта йе ’мбæлттимæ, йе ‘ввахс адæмимæ. Уыцы бон 7 августы бадтис æмæ кастис, йе ‘мбæлттæ йын цы телевизор балæвар кодтой, уымæ. Уыд сабыр изæр. Адæм æнхъæлмæ кастысты райсом сыл, чизоны, хуыздæр бон скæна, уый ныфсæй. Фæлæ фæрæдыдысты. Райдыдтой æнæнхъæлæджы фынæй горæт æхсын. Æнæнхъæлæджы æркалд, Христофор цы хатæны бадт, уый цар дæр. Бинонтæ фæсæццæ сты. Цыдæр амæлттæй ма ныххæццæ сты ныккæндмæ. Христофорæн йе ‘фсымæр дæр йæ фарсмæ цард æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма, сæм чидæр æмбæхсынмæ æрбалыгъд æмæ йын, зæгъгæ, дуар æрбакæнон. Фæлæ куыддæр схызт, афтæ нæмыг йæ зæрдæйыл сæмбæлд. Лæг ма иу хъæр фæкодта, зæгъгæ, баххуыс мын кæнут. Фæлæ йын никæйуал бон бацис баххуыс кæнын. Йæ баныгæныны фа-дат нæ уыд æмæ уал æй рæстæгмæ бавæрдтой сæ цæхæрадоны…

Уæззау трагеди æрцыдис нæ адæмыл. Гуырдзыстоны президент Саакашвили цы сарæзта нæ адæмæн, уый тынг æлгъаг къахдзæф уыд. Фæлæ бабыхстой æппæт зындзинæдтæн дæр, сæ кæстæртæн сæ сомбон рæсугъддæр кæй уыдзæн, ахæм ныфсимæ.

Бестауты Валя

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.