Журнал байгом рубрикӕ «Ӕмдугоны хъуыдытӕ»-йæ. Йӕ хъуыдытӕ зӕгъы Ирыстоны Фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитон – «Фыссӕг хъуамӕ кӕддæриддӕр уа йӕ фӕрнӕйдзаг номы аккаг».

135 азы сӕххӕст поэт Багъӕраты Созыры райгуырдыл. Журналы мыхуыр цӕуынц йе ʻмдзӕвгӕтӕ.

Поэт Токаты Алиханы райгуырдыл кæй сӕххӕст 130 азы, уый цытæн мыхуыргонд цӕуынц «Цыкурайы фӕрдыг»-ӕй ист ӕмдзӕвгӕтӕ.

Поэт, тæлмацгæнæг Брытъиаты Аслæнбеджы райгуырдыл сæххæст 85 азы. Мыхуыр цæуынц йе ‘мдзæвгæтæ.

Зындгонд ирон поэт, фыссæг æмæ ахуыргонд Тедеты Рюрикы (Скифирон) райгуырдыл сӕххӕст 85 азы, журналы мыхуыр цæуынц йе ‘мдзæвгæтæ. 85 азы сӕххӕст поэт, прозаик æмæ публицист Уалыты Лаврентыл, 70 азы та – поэт, журналист Абайты Эдуардыл. Журналкæсæг сын бакӕсдзӕн се ‘мдзӕвгӕтӕ. Нæ юбилярты тыххӕй цыбыртӕй сӕ хъуыдытӕ загътой: Малиты Васо, Хъодзаты Ӕхсар, Абайты Эдуард, Букуылты Алыкси, Хозиты Барис, Къадзаты Станислав.

Рубрикӕ «Прозæ»-йы бын журналкӕсӕг æхсызгонæй бакӕсдзæн Гӕбӕраты Юрийы радзырд «Сулайты хъӕдгӕс», афтæ ма Джимиты Кларӕйы таурӕгъ «Темыр ӕмӕ Аминӕ» æмæ Баситы Мысосты радзырд «Таймураз».

«Арф хъуыдытæ цыбыр ныхæстæй», зæгъгæ, мыхуыр цæуынц «Адæм цыргъзонд куыд не сты».

«Ирон нартиадӕйы аз»-ы бынмӕ мыхуыр цæуы Валенти-нӕ Динникы уац «Алцӕмӕй ӕххӕст хъайтар нарты эпосы», ирон ӕвзагмӕ Тъехты Тамерланы тӕлмацӕй.

Рубрикӕ «Мах дуг»-ы лауреатты сфæлдыстад» мыхуыр  кæны Габолаты Зауыры æмдзæвгæты цикл «Мæ мид хъæлæс мæм сусæгæй фæдзуры».

Рубрикӕ «Ахуыргӕнӕгӕн ӕххуысӕн», зæгъгæ, йæ бынмæ мыхуыргонд æрцыд филологон зонӕдты кандидат Куыдзойты Анжелӕйы уац «Контекстон пунктуаци куыд аивадон мадзал».

Рубрикӕ «Дунеон литературон конкурс-ӕркаст «Базыртӕ»-йы бынмӕ бакӕсӕн ис филологон зонæдты кандидат Тъехты Тамерланы «Зӕл, ирон ныхас, нӕ зӕрдӕты». Уыцы конкурс-ӕркастӕй ист къамтимӕ журналкæсæг базонгæ уыдзæн «Max дуг»-ы равдыст»-ы.

Андиаты Барис ӕмӕ Андиаты Регинӕйы уац «Ирон адӕмон орнамент», зæгъгæ, бакæсдзыстут рубрикӕ «Сфӕлдыстадон бынтӕ»-йы бын.

Журналы ма бакӕсдзыстут «Адæмон сфæлдыстад»-ы бынмæ радзырдтæ, таурæгътæ, афтæ ма «Хъæлдзæг хабæрттæ» æмæ «Мæйы цаутыл афæлгæст» дӕр.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.