8-æм августы Дзауы районы цæрджытæ Кады аллеяйы æрымысыдысты августы хæсты сау бонтæ æмæ фæмардуæвæг хъæбатыр лæппуты номыл æвæрд цырты раз сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ. Районы администрацийы кусджытæ Джиоты Андрейы сæргълæудæй бацыдысты фæмардуæвæг хæстонты уæлмæрдтæм æмæ сын ирон æгъдаумæ гæсгæ рухс загътой.

Æрæмбырдуæвæг адæм иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой Хуссар Ирыстоны сæрыл сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыцы хъайтарты рухс нæмттæ. Дзауы фæллойгæнджытæн та сæ зæрдыл æрлæууыд 2008-æм азы августы сæумæрайсом. Уыцы райсом кæд трассæйыл, цæст кæуыл не ххæссыд, уыйбæрц Уырысы æфсæддон техникæ лæууыдис æмæ адæмæн лæвæрдтой стыр ныфс, уæддæр сывæллæттæ, сылгоймæгтæ уыдысты тарст æмæ алчидæр агуырдта æххуыс сæхи кæм бааууон кодтаиккой, ахæм æдас бынæттæ. Гуырдзиаг хæдтæхджыты æрбабырст адæмы фæкодта фыдæнхъæл æмæ кæмæн куыд гæнæн уыд, афтæ сæ бинонты æрвыстой Цæгат Ирыстонмæ. Уыцы хæстон цауты тыххæй ацы бон дзауæгтæ кæрæдзийы зæрдыл æрлæууын кодтой, фæлæ та-иу уæддæр сæ ныхасы сæр уыдысты зынгхуыст хъайтартæ. Адæм сæ зæрдыл дарынц æмæ хорз хъуыды кæнынц знаджы нæмгуытæй чи рафтыдысты, Ирыстоны уыцы цардбæллон хъæбулты. Дзауы районæй августы хæсты фæмард цалдæр хæстоны æмæ сын кæддæриддæр арын хъæуы сæ рухс нæмттæ.

Нæхæдæг æвдисæн кæмæн уыдыстæм, нæхиуыл цы уæззау хъизæмæрттæ бавзæрстам, уыдон иууылдæр истори йæ чиныджы ныффыста æмæ сæ хъуамæ зоной нæ фидæны фæлтæртæ. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр 2008-æм азы августы хæст никуы ферох уыдзæн, тугкалдæн æвдисæн чи уыдысты, уыцы зæрдæрыст адæмæй.

Ныр уыцы æгъатыр æмæ тугкалæн хæстæй рацыд дыууадæс азы, фæлæ абон дæр адæмæн уыцы уæззау бонтæ сæ зæрдыл лæууынц æмæ сæ мысынц æнкъардæй, цæссыг калгæ. Куыд æй зонæм, афтæмæй ацы фондзбонон хæсты сæ райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау знагимæ æнæмсæр тохты сæ удтæ радтой дзауаг хъайтар лæппутæ дæр æмæ сын кад кæнынц Ирыстоны адæм. Уыдонæй дыууæйæ уыдысты ОМОН-ы хæрзæвзонг хæстонтæ Санахъоты Алан æмæ Къæбысты Алан. Сæ дыууæ дæр фæмард сты, Тъбеты хъæуы къуылдымыл. Ацы лæп-путæ ныфсхаст æмæ хъæбатырæй æрлæууыдысты знаджы ныхмæ æмæ фæмард сты хъæбатырæй. Тъбеты хъæумæ æввахс, раздæр институтæн ног агъуыст кæм арæз-той, уымæ хæстæг та комкоммæ фехстой мотоæхсæн дивизийы танкон батальоны хæстон Цхуырбаты Батыры. Ныр сæ хæстон æмбæлттæ куыд æрæмысынц, уымæ гæсгæ лæппутæ уыдысты æцæг хæстонтæ, йæ уд чи нæ бамбæхстаид æмæ кæронмæ знаджы ныхмæ чи лæууыдаид, раст ахæм лæппутæ.

Сабаты изæрæй, уыцы зынгхуыст хъайтарты рухс нæмттæ мысгæйæ, Дзауы районы администраци бацархайдта, цæмæй районы центрмæ æрбамбырд уой æмæ æрæмысой 2008 азы хæсты хабæрттæ. Æрбамбырд сты райцентры Кады аллеямæ æмæ цытджын æгъдауæй хæсты фæмардуæвæг лæппуты номыл сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ, ссыгътой цырæгътæ. Фыдохы митингы раныхас кодтой администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, районы æфсæддон къамисариаты хистæр Санахъоты Юри æмæ æндæртæ. Зынгхуыст лæппуты рухс нæмттæ арыны тыххæй айзæлыдысты фыдохы музыкæйы зæлтæ. Адæмы размæ рахызт зарæггæнæг Къæбысты Маир æмæ сæххæст кодта зæрдæ-иу чи бацагайдта, ахæм хъыджы зарæг «Тохы быдыры», зæгъгæ. Къæбысты Маир ацы зарæджы ныффыста йе ‘фсымæры хъæбул Къæбысты Аланыл æмæ дзы алы аз дæр ссары Ирыстоны августы хæсты чидæриддæр фæмард знаджы къухтæй, æппæт уыдон рухс нæмттæ. Ирыстоны зынгхуыст хъæбултыл ма зарæг сæххæст кодта бардон зарæггæнæг Хъуылымбегты Лейлæ дæр.

ЦХУЫРБАТЫ  Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.