Ахуырады министрады уынаффæмæ гæсгæ нæ республикæйы иумæйаг ахуырадæн скъолатæ карантины рæстæджы рахызтысты дистанцион системæйы ахуырмæ. Тестон режимы архайынц иууыл æнцонвадатдæр «Дневник. ру», «Фоксворд» æмæ «Whats-App»-æй.

Фæлæ зæгъын хъæуы уый, æмæ интернеты мæгуырау уавæр къуылымпы кæны дистанцион ахуырад.

Стæй ма ис ахæм ахуыргæнинæгтæ дæр, кæцытæн нæй фадат интернетæй пайда кæнынæн. Хъыгагæн, ахуыргæнджытæй дæр ис ахæмтæ, кæцытæм хæдзары нæй ноутбуктæ. Зæгъæм, «WhatsApp» видеоныхасы руаджы ахуыргæнæгæн йæ смартфоны æрмæст цыппар скъоладзау баиу кæныны фадат ис. Интернет бастдзинад «Zoom»-мæ та бахизæн ис, æрмæстдæр, компьютерæй.

Цалынмæ карантин конд не ‘рцыд нæ республикæйы, уæдмæ министрады кусджытæ иумæйаг æмбырды аскъуыддзаг кодтой, интернетæй пайда кæныны фадат кæмæн нæй, уыдонæн кæй дæтдзысты хæслæвæрдтæ телефонæй. Æмæ, дам, сæ хæслæ-вæрдтæ куыд сæххæст кæной, уый сбæрæг кæндзыстæм карантины фæстæ. Фæлæ пандеми æгæр адаргъ æмæ ныр бæлвырдæй ничи зоны, майы мæйы дæр ахуыры процесс адарддæр уы-дзæнис æви нæ. Уымæ гæсгæ хъæуы исты мадзæлттæ агурын, цæмæй ахуырдзаутæй алкæмæн дæр уа дистанцион æгъдауæй ахуыр кæныны фадæттæ.

Цхинвалы скъола-интернаты ныртæккæ ахуыр кæны 167 ахуыргæнинаджы. Уыдонæй æрмæстдæр се ‘мбисæн ис фадат дистанцион ахуырæн, иннæтæн нæй техникон фадæттæ.

Ахуырадон процесс соорганизаци кæнынæн скъола-интернаты дирекци агуырдта, спонсорон æххуыс сын чи бакæна, ахæм адæймæгтæ.

Национ бангы сæрдар Зассеты Феликс сразы Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæн 19 смартфоны балхæнын, цæмæй сын фадат уа дистанцион ахуыр кæнынæн карантины рæстæджы. Смартфонтæй ифтонг æрцæудзысты, ахуыргæнджытæй нырмæ кæмæн нæ уыд ахæм телефонтæ, уыдон дæр.

Ныр уыдон баиу кæнын хъæуы интернетмæ æмæ уыцы хæс та йæхимæ айста хæрзаудæн фонд «Мах ныфс». Фонды хистæр Гаглойты Таирæ куыд зæгъы, афтæмæй уыдон ныридæгæн бадзырдтой компани «Остелеком»-имæ, цæмæй рæстæгмæ сифтонг кæной æнæаргъæй интернет-бастдзинадæй скъола-интернаты ахуыргæнинæгты.

Фонд «Мах ныфс»-ы фæрцы ма æнæаргъ интернет-бастдзинадæй ноджыдæр ифтонг æрцæу-дзысты бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг мæдтæ дæр. Ацы бонты та фонды уæнгтæ хæлцадон продукттæй сифтонг кодтой 500 бинонты. Уыдон сты æмдзæрæндæтты чи цæры, зæронд, æвæгæсæг, бирæсывæллонджынтæ æмæ иунæгæй сывæллæттæ чи хъомыл кæны, ахæм бинонтæ. Ахæмтæн æххуыс цæудзæнис дарддæр дæр. «Мах ныфс» æххуысхъуаг адæм агуры районты æмæ дæрддзæф хъæуты дæр. Уымæ гæсгæ курæг сты алкæмæй дæр, кæд мыййаг ахæм адæймæгтæй номхыгъдмæ исчи нæ бахауд, уæд фехъусын кæнæт Хъайтарты уынгыл фондæн цы штаб ис, уырдæм.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.