Дунейы алы къуымты цы инфекцион хæцгæ низ абухы, уый тæгтæ нæ бæстæмæ дæр, цасдæрбæрцæй, хæццæ кæнынц, фæлæ бæстæйы зонджын æмæ æмбæлон архайд æмæ уынаффæты руаджы фадæттæ нæй, цæмæй апырх уа нæ бæстæйы дæр. Зонæм æмæ хъусæм, кæм хиуæттæй, кæм зонгæтæй – ацы низы ахæсты чи уыд æмæ мæлæты къæсæрæй дохтырты руаджы цардмæ чи раздæхт, уыцы хабæрттæ. Æвдисæн стæм уымæн дæр, æмæ низ мæлæтхæссæг кæй у, уымæн. Хатдзæг у иу – хъахъхъæнын хъæуы дæхи дæр æмæ де ввахс адæмы дæр. Æндæр гæнæн нын нæй ныры дуджы.

Бæстæмæ низ ма æрбаирвæзыны нысанæн куыст æрцыд сæрмагонд графикыл æмæ Цæгат Ирыстонæй хуссарирыстойнаг минæварады хаххыл нæ æмбæстæгтæн фадат ис къордгай сæ райгуырæн бæстæмæ æрцæуынæн. Уыдон се ппæтдæр конд æрцæуынц карантины зонæмæ бæстæйы медицинон уагдæттæ æмæ уазæгдон «Алан»-мæ, арæзт сын цæуы тестытæ æмæ куы сбæрæг вæййы, низ хæссæг не сты, уæд 14 боны фæстæ сæрибар æрцæуынц карантинæй.

Хъыгагæн, ацы мадзæлттæм иухуызон цæстæнгас æмæ ахаст нæй не мбæстæгтæн – бирæтæ агрессивон æмæ æнæразыйы ахаст æвдисынц карантины уæвын æмæ уымы уавæртæм. Бирæтæ та æмбаргæ ахаст дарынц ацы ахсджиаг хъуыддагмæ, уымæн æмæ уыдон бæрнон сты æрмæст сæхи æнæниздзинад нæ, фæлæ нæ æмбæстæгты æнæниздзинад бахъахъхъæныныл дæр.

Мах бабæрæг кодтам нæ республикæйы территорийыл медицинон уагдæтты карантины рæстæг чи æрвиты, уыцы æмбæстæгты. Ныхас кодтам, кæй зæгъын æй хъæуы, дæрддзæфæй. Дзауы районон рынчындоны та ныр карантины рæстæг сты нæ æмбæстæгты иу къорд. Карантины уæвæг æвзонг чызг Танделаты Зарина нын райгондæй дзырдта йæ карантины рæстæджы тыххæй.

«Æз æрцыдтæн горæт Самарæйæ. Æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастæн Дзæджыхъæуы мæ рад кæд бахæццæ уыдзæн æмæ кæд рацæудзæн Хуссар Ирыстонмæ. Тынг райгонд дæн, Дзауы рынчындоны кæй дæн, уымæй, æнæуый дæр ацы районæй дæн горæт Къуайсайæ æмæ мын æхсызгон у, уымæн æмæ ам сатæг уæлдæф æмæ хорз персонал ис. Ис нæм хорз хъусдард, нæ тæвд нын барынц, сарæзтой нын тесттæ. Ифтонг стæм хæлцæй, æмæ улæфын зæрдæйы фæндиаг», – дзырдта æвзонг чызг.

Карантины уæвджытæй иу сылгоймаг, хъыгагæн, йæ ном ын нæ базыдтам, дзырдта: «мысдзынæн ма ацы рæстæг, фæлæ мын ахæм æнцой цард нал уыдзæн».

Знауыры районон рынчындон дæр æдзух лæггад кæны карантины уæвæг æмбæстæгтæ æмæ курсанттæн. Ныртæккæ уым карантины рæстæг æрвиты не мсисон Биазырты Мадинæ йæ чызгимæ. Уый дæр нын райгондæй хъусын кæны рынчындоны хорз уавæртæ æмæ йе медперсоналы аудгæ ахасты тыххæй. Иттæг хорз хъусдард нæм, зæгъгæ, ис рынчындоны сæйраг дохтыр Цъæритты Инна, медицинон хотæ Нино Хуцишвили æмæ Гатыгкоты Мананæ. Уавæрæй пайдагæнгæйæ Мадинæ стыр бузныг дзуры рынчындоны медперсоналæн, уымæн æмæ уыдон фæлмæн, æмбаргæ ахаст хорзæрдæм æндавы уыдонæй алкæуыл дæр. Уыдон сæ цардæн тæссаг уавæрты, сæ бинонтæй иппæрд æмæ уæззау куысты графикмæ гæсгæ нæ сафынц сæ адæймагадон миниуджытæ æмæ фæлмæн, æмбаргæ ахаст дарынц алы адæймагмæ дæр.

Цымыдис ма кодтам уазæгдон «Алан»-ы чи уыдис карантины, уыдон хъуыды базонынмæ дæр, фæлæ нын уыдон хъаст кодтой уавæртæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы уагдæтты рады лæууынц барадхъахъхъæнæг органтæ. Уыдон æвæджиаг хæс у, цæмæй бæстæмæ æрцæуæг æмбæстæгтæ ма æмбæлой бынаты уæвджытимæ æмæ ифтонг кæной нæ республикæйы цæрджыты æдасдзинад. Уымæ гæсгæ медицинон персонал, кæцытæ кусынц «сырх зонæйы», сæ цардæн тæссаг уавæрты, сæрды æнтæф рæстæджы сæрмагонд уæлæдарæсы, уыдон хъарутæн аргъ хъæуы. Уыдонимæ иумæ æхсæвæй бонæй рады цы барадхъахъхъæнæг органтæ сæ хъус дарынц карантины фæткмæ, цæмæй нæ бæстæйы территорийыл ма апарахат уа ацы тæссаг низ, уыдон архайдæн дæр хъæуы аргъ кæнын. Аргъ хъæуы бæстæйы къухдариуæгады раст æмæ рæстæгыл райсгæ уынаффæтæн, цæй фæстиуæгæн, зæгъгæн ис, æмæ нæ апарахат ацы æнæхайыры низ.

Махæй алчидæр тыхсы, Уæрæсеимæ нæ цы иунæг фæндаг бæтты, уый æхгæд кæй у æмбæстæгты цæуынæн, тыхсæм фæкъуындæггонд уавæртæй, фæлæ уыцы мадзæлттæ сты рæстæгмæ æмæ хъуамæ æмбаргæ ахаст дариккам æрцæугæ хабæрттæм. Карантин рæстæгмæ у, æмæ йыл рацыдысты æмæ цæуынц бæстæйы къухдариуæггæнджытæ, бæрнон кусджытæ, уымæн æмæ, ноджыдæр ма йæ нысан кæнæм, уыцы мадзæлттæ здæхт сты нæ æмбæстæгты æнæниздзинад бахъахъхъæнынмæ.

КЪÆБУЛТЫ Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.