Зын цардуагон уавæрты цы æмбæстæгтæ бахаудысты, уыдонæн 16 апрелы Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад байгом кодта «Тæвд хахх». Абоны бон уырдæм æххуысы тыххæй бахатыдысты 4 адæймаджы.

«Дыууæйы цымыдис кодта Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн арæныл ахизыны фарст, дыууæ адæймаджы та бахаудысты зын цардуагон уавæрты фæкъуындæггонд мадзæлтты рæстæ-джы», – банысан кодта «тæвд хаххы» диспетчер.

Куыд загътой, афтæмæй зын цардуагон уавæрты чи бахауд, уыдонæн снысан кодтой химæрайсты бон, æнæмæнгхъуæг æххуыс сын бакæндзысты Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады æмæ ноджыдæр æрсидтысты, цæмæй дзурой ахæм телефоны номыртыл 8929 811 36 16 10.00 сахатæй 17.00 сахатмæ. Хуссар Ирыстоны апрелы фæуды онг Президенты Барамындмæ гæсгæ нымад цæуы æнæкусгæ бонтыл. Уæрæсейы Федерациимæ арæныл дыууæрдæм хизынæн дæр æвæрд æрцыд арæнтæ, 1-æм маймæ  ноджы раздæр дæр та æхгæд æрцыдысты Гуырдзыстонимæ арæныл æппæт уадзæн пункттæ. Республикæмæ коронавирус ма æрбауадзыны тыххæй æхгæд æрцыдысты, адæм бирæйæ кæм тымбыл кæнынц, ахæм бынæттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.