Куыд нæ республикæйы столицæйы, афтæ районты дæр мадзæлттæ ист цæуынц, цæмæй коронавирусон инфекци ма фæзына нæ бæстæйы æмæ дзы нæ адæмы бахизæм.  Бæрæг куыд у, афтæмæй фыццаг рады æхгæд æрцыдысты ахуырадон уагдæттæ. Уый нæ республикæйы æппæт ныййарджыты дæр æппæрста катайы, фæлæ ныр Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрады амындмæ гæсгæ нæ бæстæйы скъоладзаутæ ахуыр кæнынц интернеты руаджы, ома, дистанцион æгъдауæй. Скъолаты ахуыргæнджытæ сæ ахуыргæнинæгтæн хæслæвæрдтæ дæттынц смартфонты руаджы. Уый, бирæ ныййарджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй у зынвадат, зæгъгæ, сывæллæттæ йæм нæ уыдысты цæттæ, фæлæ сын æндæр гæнæн дæр нæй.

Дистанцион ахуыр цæуы Дзауы районы скъолаты дæр. Куыд æмæ цы амæлттæ кæнынц, уый тыххæй нын бæстондæрæй радзырдта Дзауы районы администрацийы ахуыры хайады сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Касаты Фатимæ. Уый куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæтты ахæм ахуыр цæуы 26-æм мартæй æмæ ныр цадæггай æрнывыл ис ацы системæ. Развæлгъау райадминистрацийы ахуыры хайады кусджытæн фембæлд уыдис скъолаты директортимæ æмæ баныхас кодтой, цæмæй районы ахуыр цæуа Вацапы руаджы, афтæ ма пайда кæной интернеты æндæр сайтты видео æмæ аудио уроктæй. «Махмæ дæр иннæ скъолаты уæлдай ахуыр цæуы дистанцион æгъдауæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллæттæй алкæмæн нæй уыцы фадат, цæмæй Вацапæй пайда кæной æмæ уымæ гæсгæ цæттæ кæной сæ уроктæ. Зæгъæм, Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъолайы цы 216 ахуыргæнинаджы ис, уыдонæй 212 сывæллонæн сæ бон у ахæм методæй ахуыр кæнын. Цыппар скъоладзауæн ахæм техникон фæрæзтæ кæй нæй, (æгæрыстæмæй, сæ ныййарджытæм дæр нæ разынд смартфонтæ) уымæ гæсгæ ахуыры ацы системæйы не сты. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, хъуамæ сæ хъус дарой сæ ахуырмæ. Ахæмтæ ис иннæ скъолаты дæр. Къуайсайы астæуккаг скъолайы дæр цы 151 ахуыргæнинаджы ис, уыдонæй 47 сывæллонæн бастдзинад ис сæ ахуыргæнджытимæ Вацапы руаджы. Бирæтæн та сæ бон нæу интернет баиу кæ-нын, йæ бафидын сæ бон кæй нæу, уый тых-хæй æмæ уыдон дæр иппæрд сты дистанцион ахуырæй.

 Гуфтайы скъолайы ахуыр кæнынц 19 ахуыргæнинаджы æмæ се ‘ппæтмæ дæр ис техникон фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ сæм цæуы ахуыры процесс. Районы дæрдтаг хъæуты интернет-бастдзинад вæййы мæгуырау æмæ сын уымæ гæсгæ вæййы проблемæтæ. Æмткæй Дзауы районы цы 516 ахуыргæнинаджы ис, уыдонæй 385 ахуыр кæндзысты дистанцион ахуыры системæйыл. Ахуыргæнджытæ сын бамбарын кæнынц уроктæ аудиофысты руаджы, афтæ ма фæйнæгыл цы ныффыссынц, уыдонæн дæр сæ нывтæ сисынц æмæ сæ интернеты руаджы арвитынц сывæллæттæм. Афтæ цæуы ахуыр», – зæгъы Касаты чызг. Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй скъолаты бон уагъд æрцæуы æрмæст цыппар урочы. Уымæн æмæ сыл бахъæуынц бирæ рæстæг æмæ фæллайынц. Ахуыр-гæнджытæй алкæмæндæр ис йæхи бынат æмæ афтæмæй интернеты фæрцы фæуадзынц сæ уроктæ. Ахуыргæнинæгтæ сæ хæслæвæрдтæн дæр дзуаппытæ скæнынц интернеты. Сывæллæттæ сæ нысæнттæ дæр райсынц Вацапы æмæ сæ ахуыргæн-джытæ та фæнысан кæнынц журналты.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей нын куыд радзырдта, афтæмæй цæрджытæ æмбаргæ ахаст æвдисынц сæвзæргæ уавæрмæ æмæ æххæст кæнынц Хицауады Уынаффæйы домæнтæ. «Уагдæттæ нæм кусынц, фæлæ дзы куыстæй карантины рæстæгмæ ссæрибар кодтам, дæс азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ кæмæн ис æмæ 65 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы кусджыты ивгъуыд къуырийæ. Алы бон дæр райсомæй дезинфекцигонд æрцæуынц куыстуæтты кабинеттæ æмæ уый фæстæ райдайынц кусджытæ сæ куыст кæнын. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæн кæд уый размæ фылдæр куыст уыдис, уæд ма ныр æрмæст бафснайынц æмæ аласынц брæтты. Уый та æнæмæнгхъæуæг у. Куыд зонут, афтæмæй нæ районы скъолатæ дæр карантины тыххæй рахызтысты дистанцион ахуыры методмæ. Цæмæй ахæм ахуырмæ рахызтаиккам, уый тыххæй развæлгъау сарæзтам уавæртæ. Зæгъæм, Дзауы астæуккаг скъолайы сæвæрдтам роутертæ æмæ дзы ныр ис интернет. Ахуыргæнджытæ бацæуынц æмæ сæ уроктæ, хæслæвæрдтæ дæттынц видео кæнæ аудиофыстмæ гæсгæ. Сывæллæттæ йæ зонынц, цы рæстæджы райдайынц сæ уроктæ æмæ сæ скъоладзауы хæстæ æххæст кæнынц. Фенæм сæ, куыд фæцæттæ кæнынц сæ уроктæ ахуыргæнджытимæ, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы ахуыры гъæд æндæр æмвæзадыл ис, фæлæ уæддæр хъусдарды бын сты æмæ сæ домæм ахуыр. Ахæм уавæрты уал ахуыр кæндзыстæм 13-æм апрелмæ æмæ та уый фæстæ цы уынаффæ рахæссой, уымæ гæсгæ бæрæг уыдзæнис, дарддæр та куыд кæнæм, уый.

Нæ районы милицийы кусджытæ дæр цæрджытæн æмбарын кæнынц, цæмæй сæхи бахизой коронавирусон инфекцийæ æмæ сæ фæдзæхсынц, цæмæй, гæнæн уæвгæйæ, ма хизой уынгтæм. Кæд карантины фыццаг бонты уынгты фенæн уыд сывæллæттæн, уæд-иу сын фæдзырдтой сæ ныййарджытæм æмæ-иу профилактикон куыст бакодтой семæ, зæгъгæ, карантины нормæтæ чи не ‘ххæст кæна, уыдон конд цæудзысты административон бæрндзинадмæ. Ныр æй алчи дæр зоны æмæ домæнтæ æххæст кæнынц. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ нæ районы цæрджытæ ацы хъуыддаджы æмбаргæ ахаст кæй равдыстой. Афтæ – дуканиты дæр. Сæхицæн уыцы бар нæ радтой æмæ сæ товары æргътыл, æндæр регионты куыд схæцыдысты, афтæ схæцыдаиккой. Уый тыххæй сæ бæрæг кодтой æмбæлон органтæ», – зæгъы райадминистрацийы сæргълæууæг. Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй районы уыд ахæм адæймаг, кæцы йе ‘нæниз-дзинады тыххæй дыууæ къуырийы размæ уыдис хос кæнынмæ Гуырдзыстоны æмæ куыддæр æрбацыд, афтæ уайтагъд изоляцигонд æрцыд, йæ хъус æм дардтой Цхинвалы санэпидемстанцы кусджытæ 7 боны дæргъы æмæ йæ ныр знон рауагътой, коронавирусæй рынчын кæй нæ разынд, уый тыххæй. «Уыдис ма нæм ахæмтæ, кæцытæ районмæ æрцыдысты æндæр регионтæй æмæ-иу рахызтысты уынгмæ. Ахæмтæм уайтагъд сæ хъус æрдардтой милицийы кусджытæ æмæ фæдзæхст æрцыдысты, цæ-мæй æххæст кæной карантинон нормæтæ. Зæгъын мæ фæнды уый, æмæ ацы карантины, ацы сæвзæргæ уавæры æмбæлон органтæ æмæ службæтæ тынг хорз, рæс-тæгыл кæй æххæст кæнынц сæ куыст, уый. Æнхъæл дæр нæ уыдтæн, æмæ афтæ оперативонæй æрдардтаиккой сæ хъус сæ куыстмæ, уый», – зæгъы Джиоты Андрей.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.