Ныртæккæ кæд дуг уæззау у, бонæй-бонмæ куыд продукттыл, афтæ æндæр товарты æргътæ дæр рæзынц, иннæ ахæм коронавирусы пандеми кæй апарахт, уый фæстиуæгæн адæмæн сæ кой сæ сæр у, уæддæр нæ царды сæмбæлæм ахæм адæймæгтыл, кæцытæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц фæкæсынхъуаг адæммæ æмæ сын цæстуарзон æххуыс бакæнынц. Æрвылаз дæр скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæн хæрзаудæн акцитæ саразынц куыд зæрдæхæлар амалиуæггæнджытæ, афтæ хицæн адæймæгтæ дæр.

Абон ацы ахуырадон уагдоны ахуыр кæны 200 ахуыргæнинаджы. Ацы рæнхъыты автор йæ профессимæ гæсгæ арæх æрбацæуы скъола-интернаты уагъдцæуæг мадзæлттæм æмæ алыхатт дæр дисы бахауы уагдоны ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ сæ директор Тедеты Роланды сæргълæудæй сывæллæттыл хи хъæбултау кæй аудынц æмæ семæ æвæллайгæ куыст кæй кæнынц, ууыл. Ноджы ма йæ зæгъон скъола-интернаты коллективыл ис уæлдай бæрнон хæс, уымæн æмæ ацы уагдоны ахуыр кæнынц бынтон сидзæр æмæ æрдæг сидзæр сывæллæттæ, афтæ ма  социалон æгъдауæй фæкæсынхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонты сывæллæттæ, афтæ ма инвалид сывæллæттæ дæр. Æппæт коллектив дæр архайы ууыл, цæмæй сидзæр æмæ æххуысхъуаг сывæллæттæ сæхи мæгуыргъуызæй  ма æнкъарой, дарынц сæм фæлмæн æмæ хъарм ахаст. Ахæм сывæллæттæй бирæтæ бынтондæр нæ банкъарынц мады къухты узæлд æмæ сæ уымæ гæсгæ, æгæрыстæмæй, сæ хъæбысы дæр æрбакæнынц æмæ сыл баузæлынц хи мадау.

Ацы бонты Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæн гуманиатрон æххуыс уæзласæн газелыл æрласта нæ горæты цæрæг Кокойты Александр (Мохъо). Гумнитарон æххуысы уыд уæлæдарæс афæдзы алы сезонæн дæр суанг мæйдзыдтæй райдайгæйæ хистæры кары сывæллæтты онг. Скъола-интернаты директор Тедеты Роланд нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ кæд ныртæккæ ахуырадон уагдоны карантин ис, уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ фыццаг рады фæ-дзырдтой бирæсывæллонджын бинонтæм æмæ сидзæртæм, цæмæй уал уыдон равзæрстаиккой сæхицæн уæлæдарæс. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæсывæллонджын бинонтæн ацы уæззау рæстæджы чысыл æххуыс дæр бирæйы бæсты фæцæуы æмæ сын ацы æххуыс та чысыл нæ уыд. Уыдон  райгондæй баззадысты зæрдæхæлар амалиуæггæнæджы хæрзаудæн акцийæ æмæ йын дзырдтой бузныджы ныхæстæ. «Мах нæ цардæмбалимæ стæм бирæсывæллонджын бинонтæ, хъомыл кæнæм аст сывæллоны. Кæй зæгъын æй хъæуы, скъола-интернаты куынæ ахуыр кæниккой нæ сывæллæттæ, уæд нын финансон æгъдауæй зындæр уаид сæ хъомыл кæнын. Фæлæ хуыздæр фæуæд интернаты къухдариуæгад æмæ зæрдæхæлар адæймæгтæ, кæцытæ нæм се ‘ххуысы къух арæх фæдаргъ кæнынц. Ныр дæр та уыд, афтæ. Амалиуæггæнæг Кокойты Александр нын æрласта гуманитарон æххуыс æмæ дзы нæ сывæллæттæн равзæрстам уæлæдарæс. Уымæй нын нæ къух тынг фæрог кодтой æмæ сын зæгъын бузныджы ныхæстæ, Æнæнизæй бирæ фæцæрæд», – загъта нæ горæты Гаглойы фырты уынджы цæрæг Тедеты Миша. Гуманитарон æххуысæй райгондæй баззадысты æхсæз сывæллоны мад Гаглойты Аннæ, цыппар сывæллоны мад Цхуырбаты Каринæ æмæ иннæ ныййарджытæ дæр.

Уагдоны сæргълæууæг Тедеты Роланд куыд банысан кодта, афтæмæй гуманитарон æххуысы уыд драмон кружокы æмæ нырыккон кæфтыты формæ дæр. «Кокойты Александр нын ныр дыккаг хатт æрласта гуманитарон æххуыс, æртæ азы размæ дæр нæ уагдоны хъомылгæнинæгтæн балæвар кодта уæлæдарæс æмæ дзы тынг райгонд æмæ бузныгæй баззадыстæм.  Бæрæг куыд у, афтæмæй 2008 азы августы хæсты фæстæ нæ уагдоны бæстыхæйттæ æндидзыд æрцыдысты гом акционерон æхсæнад «Российские железные дороги»-йы раздæры прези-дент Владимир Якунины фæрцы. Иу ахæмы нæм фæ-дзырдта Кокойты Александр æмæ нын загъта, зæгъгæ, уæм хъуамæ ацæуа РЖД-йы Цæгат Кавказы æфсæнвæндæгты филиалы сæргълæууæг Курдюмов æмæ уын немæ цы аласæм. Загътам ын хъарм доны хъуагдзинад кæй æййафæм, уый тыххæй. Уыдон нын æрластой электрон хъармгæнæн системæ бойлертæ кæй хонынц, уыдонæй. Уымæй нын нæ къух тынг фæрог кодтой».

Уагдоны къухдариуæгад æнæ хъусдардæй нæ ныууадзынц сæ рауагъдонтæй уæззау уавæры чи бахауы, уыдоны дæр. Бирæтæ дзы скъола каст фæуыны фæстæ дæр баззайынц интернаты цæргæйæ сæхицæн цæрæнуат кæй нæ вæййы, уымæ гæсгæ. «Ныртæккæ нæ рауагъдонтæй йе нæниздзинадмæ гæсгæ иууыл тыхстдæр уавæры ис Уалыты Иринæ, кæцы у бынтон сидзæр. Ахуырад æмæ зонады кусджыты Цхинвалы горæтон профцæдисты сæрдар Гасситы Валери чызджы уавæры тыххæй куы базыдта, уæд ын бакодта материалон æххуыс 60 мин сомы æмæ дзы стыр бузныгæй баззадыстæм. Иннæ ахæм арæзтадон организаци СТМ-Юг-ы генералон директор Гæджиты Игорь та нæ хъомылгæнинæгтæй æртæ инвалид сывæллонæн балхæдта хъусæн аппараттæ, кæцытæй иу комплекты аргъ у 25 мин сомы. Иу ныхасæй бузныг сæ стæм сæ хъусдарды æмæ сæ адæймагдзинады тыххæй», – загъта Тедеты Роланд.

Скъола-интернаты ахуыргæнджытæ Бибылты Фатимæ æмæ Харебаты Маринæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ Кокойты Алыксандр цы гума-нитарон æххуыс æрласта, уыдон уыдысты  хъæбæр гæххæттæй 60 къоппæй фылдæры. Афтæ бирæ, дам, уыдысты æмæ хатæны цæугæ дæр нæ кодтой. Уыдон дæр стыр бузныг дзурынц интернаты фæкæсынхъуаг сывæллæттæн иу чысыл дæр чи аххуыс кæны, уыцы адæймæгтæн се ‘ппæтæн дæр. Хæрзаудæн акцитæ чи саразы, уыдонæй, дам, бирæтæ сæ нæмттæ дæр не схъæр кæнынц.

Иу ныхасæй скъола-интернаты коллектив сæ директор Тедеты Роланды сæргълæудæй архайы æмæ æппæт дæр аразынц, цæмæй сæ хъомылгæнинæгтæ сомбоны æхсæнады аккаг бынат ссарой, æфтауынц сæ царды раст фæндагыл. Сæ алы æнтыстыл дæр сын фæцин кæнынц хи хъæбулы æнтыстау.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ æрвылмæй дæр Президент Бибылты Анатоли йæ куыстмыздæй фæйнæ фондз мины кæй æрвиты Цхинвалы æмæ Дзауы скъола-интернатты, Ленингоры районы сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæн æмæ пансионат «Аудындзинадæн».

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.