Æрлæугæ 2019 азы дунеон агентад «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры фæзуатыл Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария йæ фыццаг брифингы рæстæджы æрдзырдта аивгъуыйгæ азы бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы хæрзаудæн куыстыл. Уый у хæрзаудæн фонд «Аланийы Иудзинад»-ы бындурæвæрæг æмæ уыцы фондæй аивгъуыйгæ аз хицæн æрцыд 26 милуан сомæй фылдæр.

Социалон сферæйы фарс балæууынæн хæрзаудæн фонды фæрæзтæй хардз æрцыдысты зынаргъ медицинон препараттæ самал кæнынæн æмæ бирæ æмбæстæгты хос кæнынмæ æрвитынæн.

Æмткæй сисгæйæ, 2018 аз схонæн ис, куыд президенты социалон фадыджы æмæ культурæйы рæзты фарс балæууыны азæй.

«Медицинæйы фадыгæн хицæн æрцыд 9 милуан сомы бæрц. Уыдонæй сахъатджын æмбæстæгтæн инвалидон коляскæтæ самал кæныны нысанæн президенты фондæй рахицæн æрцыд 1, 5 милуан сомæй фылдæр. 7 милуан сомæй фылдæр та хицæн æрцыд, зынаргъ чи лæууы, ахæм хос кæнын æмæ операциты тыххæй. 1,7 милуан сомы та хицæн æрцыд, уæззау материалон уавæры цы бинонтæ сты, уыдонæн.

Культурæйы фадыджы райрæзтæн Бибылты Анатоли йæ фондæй рахицæн кодта 4 милуан сомæй фылдæр. Уыцы фæрæзтæ фæахъаз сты паддзахадон национ хорæн, киностуди «AllonFilm», нывгæнджыты цæдис, дзыллон информацийы национ фæрæзтæ – газет «Хурзæрин» æмæ журнал «Фидиуæг»-æн æмæ чингуыты рауагъдадæн», – банысан кодта Мария.

Бæстæйы сæргълæууæг стыр хъусдард здахы фæсивæды проблемæтæм. 1,5 милуан сомæй фылдæр хицæн æрцыд, уыдон фарсмæ балæууынæн  иууыл хуыздæр студенттæн фæрæзтæ, сывæллæттæн бæрæгбонтæ æмæ хæхтæм балцытæ организаци кæнын, скъола-интернат æмæ сывæллæтты сфæлдыстадон студийæн æххуыс кæнын.

Дарддæр ныхасгæнæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ социалон фадыгæй дарддæр республикæйы сæргълæууæг серьезон хъусдард здахы спорты рæзтмæ. Æрвылмæй дæр финансон фæрæзтæ хицæн цæуы аивадон гимнастикæйы федерацийæн, хæххон лыжæты спорт, футбол æмæ ленк кæныны федерацийæн. Æппæт уыдон фæдыл фондæй хицæн æрцыд 2 милуан сомы бæрц. Ивгъуыд азы кæрон Бибылты Анатоли баныфс æвæрдта, аивадон гимнастикæйы федерацийæн æххуысы фæрæзтæ кæй фæфылдæр кæндзæн, уымæн æмæ гимнастикæйы чи архайы, уыдонæй дыууæйæ систы Уæрæсейы Федерацийы спорты мастертæ.

«Хæххон лыжæты спорт рæзын кæныныл ныртæккæ кусы не мбæстаг, энтузиаст Тедеты Лери, уый сарæзта хæххон лыжæты спорты федераци дæр. Æрхуыдта Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстонæй алыхуызон специалистты. Уыдон Хуссар Ирыстоны бæрзонд хæххон бынæттæ бабæрæг кæнгæйæ, банысан кодтой, хæххон лыжæтты курорттæ саразынæн нын кæй сты хуыцауæй дæтгæ бынæттæ. Ацы хæрзиуæгон хъуыддаг райдайæнæн Президент рахицæн кодта ивгъуыд аз бæрæг фæрæзтæ æмæ дарддæр дæр цæудзæн уыцы æххуыс. Аивгъуыйгæ аз Уæрæсейы территорийыл алыхуызон ерысты хуссарирыстойнаг спортсментæ цæмæй хайад райстаиккой, уый тыххæй Президент рахицæн кодта 850 мин сомы», – дзырдта Комитеты сæрдар.

Æппæт ацы фæрæзтæй уæлдай ма бæстæйы сæргълæууæг баххуыс кодта цæрæнуæттæ аразын æмæ сæндидзын кæнынæн, фæрæзтæ ма хицæн цыд коммуналон лæггæдтæ æмæ кредиттæ бафидыны тыххæй. Уымæн æмæ бирæ цыбыркъух æмæ æвæрæз бинонтæн хатт сæ бон нæ вæййы уыцы хæстæ бафидын. Комитеты сæрдар ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Бибылты Анатоли информацион фæрæзтимæ йæ хыгъдон пресс-конференцийы ныфс бавæрдта, уыцы хæрзаудæн архайд ацы аз дæр дарддæр кæй кæндзæн.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.