Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Республикæ Абхазы РХИ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Елбачиты Аланимæ.

Паддзахады сæргълæууæг ын раарфæ кодта йæ юбилейы цытæн, банысан кодта Елбачиты Аланы стыр хайбавæрд куыд Фыдыбæстæ хъахъхъæныны рæнхъыты, афтæ æфсымæрон Абхазимæ дæууæварсон ахастытæ райрæзын кæныны хъуыддаджы.

«Дæуæн бирæ бантыст дæ адæмæн саразын. Абоны бон ды дæ нæ республикæйы минæвар æфсымæрон Республикæ Абхазы, цыран дын ис æнтыстытæ æмæ Абхазы къухдариуæгад стыр аргъ кæны дæ архайадæн Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы республикæты ‘хсæн ахастытæ рæзын кæнынæн. Афтæ ма дæуæн ис стыр кад куыд нæ адæмы, афтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады раз дæр. Уый у стыр æнтыст. Æмæ демæ хæлардзинадæй дæн сæрыстыр», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент загъта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг-абхазаг дыууæварсон ахастытæ дарддæр дæр рæздзысты æмæ фидар кæндзысты.

Йæ рады Елбачиты Алан бузныджы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн, РХИ-йы æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддаджы йæ хайбавæрдæн ын стыр аргъ кæй кодта, уый тыххæй.

«Хъысмæты фæндонмæ гæсгæ æз дæн нæ республикæйы минæвар æфсымæрон Республикæ Абхазы, кæцыимæ ахастытæ рæзынц динамикон æгъдауæй. Сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны руаджы, кæцы æндавы паддзахадон архайды алы фадыгмæ, ноджы фидардæр кæндзысты. Хъæуы ма нæ базарадон-экономикон бастдзинады фадыг фæхуыздæр кæнын æмæ нын уый тыххæй   ис хъуыддагон адæймæгты æмæ бизнесы стыр дыууæварсон цымыдисдзинад. Афтæ хъуыды кæнын æмæ 2019 аз уыдзæн æнтыстджын», – загъта уый.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы ‘хсæн хæларадон ахастытæ рæзын кæныны хъуыддагмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй æмæ йæ райгуырды боны, 60 азы сæххæсты сæраппонд Бибылты Анатоли Елбачиты Аланы схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.