Фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатацимæ радтыны комитеты сæрдар Елдзарты Константинæн Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты уыдис брифинг.

Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн Елдзары фырт фехъусын кодта Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой» нырæй фæстæмæ ликвидаци кæй æрцæудзæн, æмæ  йæ бынаты сырæздзæн ног организаци, кусджытæн сæ куысты бынæттæ хъахъхъæд æрцæудзысты, афтæмæй. «Республикæйы ивгъуыд азы президентон æвзæрстыты фæстæ ног къухдариуæгад куы æрфидар, уæд æндæр организациты æмрæнхъ «Дорэкспострой»-ы дæр уагъд æрцыд ревизи. Уый фæстиуæгæн рабæрæг 2019 азы 1-æм июнæй 2022-æм азы 1-æм июнмæ ацы куыстуаты хæстæ 170 милуан соммæ кæй схызтысты. Афтæмæй ма къухдариуæгад кусджытæн сæ куыстмызд дæр нæ фыста. Хыгъдон палатæ ма куыд сбæрæг кодта, афтæмæй ацы ведомствæйы дæлбары цы техникæ уыд, уыдон æдзæллаг уавæрмæ æрцыдысты. Стыр уæзласæн машинæтæ урæдæй уыдысты гаражы цæлхытæ æмæ сын хæйттæ кæй нæ уыд, уый аххосæй. Уый хыгъд «Дорэкспострой»-ы къухдариуæгад цы куыстытæ кодта, уыдон нард-уат машинæты æххуысæй», – дзырдта Елдзарты Константин.

Куыд зонæм, афтæмæй ног къухдариуæгадæн йæ бон бацис æрдæг азæй фылдæр æртæсæдæ кусæгæн сæ куыстмызд бафидынæн фæрæзтæ ссарын. Кусджытæн сæ куыстмызд радтыны тыххæй 30 милуан сомы райстой кредит. Уый фæстæ та фæрæзтæ ссарын хъуыд, цæмæй гаражы лæууæг 105 иуæг техникæ сцалцæг кæнынæн. Елдзарты лæппу куыд загъта, афтæмæй ведомствойы документацимæ гæсгæ Паддзахадон унитарон куыстуат йæ кусджытæн бафыста мызд 21 милуан сомы бæрц. Ревизийы рæстæджы ма рабæрæг, цыма организаци хæс райста Фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатацимæ радтыны комитетæй 24 милуан сомы. Уый фæстæ та 30 милуан сомы кредит Нацбангæй райстой. Æппæт уыцы суммæтæм гæсгæ «Дорэкспострой»-ы хæстæ абон сты 84, 5 милуан сомы. Гæххæттытæм гæсгæ æппæт уыцы æхцайы фæрæзтæ ист цыдысты кусджытæн куыстмызд радтынæн.

Ныртæккæ хъуыддаг ис Генералон прокуратурæйы æмæ цæуынц фæдагурæн мадзæлттæ.

«Ацы организацийы ис стыр хæсты ликвидацийы комкоммæ аххосагдæр ацы фарст у. Фæлæ, рох кæнын нæ хъæуы бирæ азты йæ кусджытæ нæ республикæйы фæндæгты арæзтадмæ уæзгæ хайбавæрд кæй бахастой, уый дæр. Ныртæккæ дзы ис профессионалтæ æмæ хорз специалисттæ. Зæгъæм «Дорэкспострой»-ы дæлбар цы дурцъæлгæнæн ис, уый уадзы иууыл хуыздæр асфальт-бетон.

Ахæм профессионалон кусджыты мах хъуамæ бахъахъхъæнæм. Абоны бон «Дорэкспострой» у банкрот. Инвестпрограммæйы цы фæрæзтæ ис, уыдон иууылдæр ацы организацимæ куы ахынцой уæддæр ын йæ хæстæ нæ сæхгæндзæнис. Мах куыстам бирæ варианттыл æмæ æрцыдыстæм иумæйаг хатдзæгмæ – ликвидаци æрцæуæд организаци, йæ бынаты та арæзт æрцæуæд æндæр. Ном ын нæма æрымысыдыстæм, фæлæ уын уый тыххæй фехъусын кæндзыстæм фæстæдæр», – загъта Елдзарты Константин.

Цы ног организаци арæзт æрцæуа, уый дæр æххæст кæндзæн куыстуаты функцитæ, координалон ивындзинæдтæ дзы нæ уыдзæн. Раздæрау кусдзысты фæндæгты арæзтадыл. 14-æм февралы Елдзарты лæппу йæхæдæг фембæлд, «Дорэкспострой»-ы коллективимæ æмæ сын бамбарын кодта иу кусæг дæр йæ куысты бынат кæй нæ фесафдзæнис. Зæрдæ сын бавæрдта, гæнæнуæвгæйæ, фылдæр техникон иуæгтæ æлхæд кæй æрцæудзæнис æмæ масштабондæр проект сæххæст кæныныл кæй бакусдзысты.

Брифингы фæстæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ радтой фарстатæ. Журналисттæ цымыдис кодтой, 2023 азы цавæр куыстытæ бакæндзæн Елдзарты Константины комитет. Горæты уынгты хæрзарæзтад æмæ районтæм цавæр фæндæгтæ цæуы, уыдонмæ та цы хъусдард æрцæудзæн.

Ликвидаци æрцыдис «Дорэкспострой»

Константин куыд зæгъы, афтæмæй Эрцъо-Синагуры фæндаджы реконструкцийы дыккаг этапмæ бавналдзысты, куыддæр боныгъæдтæ фæхуыздæр уой, афтæ. Цъоны хъæумæ фæндаг уыдзæн асфальтгонд, Синагурмæ фæндагæн цы хай арæзт цæуа, уый, фæндæгты конструкцимæ гæсгæ, уыдзæн 5-æм категорийæ. Цъоны онг асфальтгонд уыдзæн, уымæн æмæ ам фидæны уыдзæн, къахдзоныгъты курорт æмæ хæрзвадаттæ саразын хъæуы туристтæн. Синагурмæ фæндаг бирæ вазыгджындæр у. Ацы бынат у субтропикон, цæуы хъæды астæу, къæдзæхтæй дон лæдæрсы æмæ уыцы рæтты хъæуы сæвæрын доны хæтæлтæ. Фæндаджы иувæрсты сараздзысты донцæуæн къанаутæ. Проблемон бынæтты та лæсæн-уромæн бетонон къултæ. Кус-джытæ исдзысты бынæттон цæрджытæй. Уыдон дих цæудзысты бригадæтыл. Практикæ куыд фенын кодта, афтæмæй æрхонгæ кусджытæй бынæттон цæрджытæ зæрдиагæйдæр фæкусынц.

Ацы аз, октябры мæйы кæрон фæуыдзæн фæндаджы 2-аг этап, æмæ 2024 азы та 3-аг этап, куыстытæ адарддæр уыдзысты Инвестпрограммæйы фæлгæтты, дыууæ этапæн дæр хицæн цæуы фæйнæ 207 милуан сомы.

Елдзарты Константин ма куыд загъта, афтæмæй ацы аз бæстон цалцæг æрцæудзæн Цхинвал-Ленингоры сосæвæндаг дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.