Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария «Спутник – Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры йæ æрвылкъуырион брифингы рæстæджы сарæзта хатдзæгтæ аивгъуыйгæ къуырийы нысаниуæгджындæр цаутæн.

Ивгъуыд къуыри хъыгаг хабарæй райдыдта. Алы æмбæстагæн дæр хъыг уыд Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады уæрæсейаг уынаффæгæнæг Игорь Галь æмæ йæ бинойнаджы трагикон мæлæт. Игорь Галь уыд стыр специалист, кæцы, æцæгæйдæр, архайдта æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыг фæхуыздæр кæныныл,нормативон базæйыл бакусын, «Тагъд æххуыс»-ы станцы куыст фæхуыздæр кæнын, хуссарирыстойнаг медикты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны фадæттæ рæзын кæныныл. Уæрæсейы Федерацийы йæ бастдзинæдтæй пайда кæнгæйæ, уый бæстон кодта бирæ хъуыддæгтæ,хуссарирыстойнаг медикты профессионализмы æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æппæт дæр сарæзта, цæмæй бæрæг æрцыдаид ацы æмкъæйтты æнæнхъæлæджы мæлæт. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сæ мæлæты аххосаг у сыгъдхъæстæ газы фæстиуæг. Уæрæсейаг чиновник æмæ йе ‘мкъайы мæлæты аххосæгтыл кусынц фæдагурæн органтæ.

Республикæйы аивгъуыйгæ къуырийы хабæртты ‘хсæн ма ис Ленингоры районы Гуырдзыстонимæ арæнтыл уадзæн пункт, «Раздæхæн» 6 февралы, æхгæд кæй æрцыд, уый. Æдасдзинады советы уынаффæмæ гæсгæ хуссарирыстойнаг къухдариуæгад аскъуыддзаг кодта, Ленингоры районы цæрджыты дыууæ мæйы иу хатт Гуырдзыстонмæ æмæ фæстæмæ уадзын. Уый хауы ахæм категорийы æмбæстæгтæм, кæцытæ нæдæр хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ сты, нæдæр – уæрæсейаг. Хъотайты Марияйы ныхæстæм гæсгæ Ленингоры администрацийæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Гуырдзыстон æмæ Ленингоры районы æхсæн цалынмæ уадзæн пункт гом уыд, уæдмæ арæныл цы æмбæстæгтæ ахызт, уыдонæн сæ 95 проценты фæстæмæ æрбаздæхтысты. Ацы аз арæн æхгæд хъуамæ æрцыдаид 2 февралы, фæлæ бæстæйы къухдариуæгады уынаффæмæ гæсгæ адарддæр 6 февралы онг. Ам хъуыддаг баст уыд, йæ æнæниздзинад цудыд кæмæн уыд, уыдоныл дæр, оперативон хъусдард здæхт цыд æмбæстæгты домындзинæдтæм дæр. Йæ ныхасы ма дзырдта, ацы районы фæлхасадон товарты æмæ медицинон препаратты ифтонгад æмæ æндæр фарстытыл.

Ныртæккæ зымæг хатт йæ хъуынтъыз кæрц кæй фæзилы, уымæ гæсгæ Транскам иуæй-иу хатт æрæхгæнынц, зæйтæй æрцæуыны тæссагдзинады аххосагмæ гæсгæ. Ацы бонты дæр митуардтæ кæй ис, уымæ гæсгæ, гæнæн ис, æмæ хатт уа рæстæгмæ æхгæд.

Дарддæр брифингы рæстæджы дзырд цыд, Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли 2019 азы президентон фондæй цæрджытæн цы æххуыстæ бакодта, уыдоныл. Уыцы æххуысты гуырахст у 30 милуан сомæй фылдæр. Уыцы фæрæзтæ фылдæр хицæн цыдысты социалон æгъдауæй æххуысхъуаг бинонтæн æмæ се ‘нæниздзинад йæ уагыл кæмæн нæу, ахæмтæн.

Хуссар Ирыстонæн æддейæ бæрзондтехнологон медицинон æххуыс бакæныны тыххæй хицæн æрцыд 10,7 милуан сомы, фæндаггæгтæ æмæ цæрынæн хæрдзтæн та – милуан сомы бæрц. Спортивон федерацитæ æмæ спортсменты ерыстæм æрвитынæн та – 5,7 милуан сомы.

Бирæ тыхст æмбæстæгтæ кредит райсынц, фæлæ йæ бафидын сæ бон кæй нæ вæййы, уымæ гæсгæ фылдæр кæны сæ процент. Ахæм æмбæстæгтæн æххуыс кæныны тыххæй та уыцы суммæйæ хицæн æрцыд 120 мин сомы.

Уымæй дарддæр æрдæг милуан сомæй фылдæр хицæн æрцыд паддзахадон ансамбль «Симд»-æн кафæн дзаумæтты æрмæг самал кæнын æмæ бахуыйынæн.

Хъотайты Марияйы ныхæстæм гæсгæ, Президент балæууыд киностуди «Аллон фильм»-ы фарс, уыдонæн та хицæн æрцыд 600 мин сомы. Чингуытæ уадзыны тыххæй та – 1,2 милуан сомы, паддзахадон службæгæнджытæн автомашинæтæ амал кæныны тыххæй – 7,2 милуан сомы, ифтонггæрзтæ самал кæныны тыххæй та – 1,5 милуан сомы.

Цыбыркъух æмæ æвæрæз æмбæстæгтæй æххуырст фатерты чи цæры, уыдонæн æххуысы гуырахст та уыд 900 мин сомы бæрц.

Къуырийы нысаниуæгджын цауты æхсæн ма паддзахадон комитеты сæрдар банысан кодта, бæстæйы Президент Бибылты Анатоли кæй банысан кодта йæ 50 азы юбилей. Уымæн йæ юбилейы цытæн арфæтæ ракодтой Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр къухдариуæгад æмæ æндæр бæстæты æмæ республикæты сæргълæуджытæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.