17-æм августы информагентад «Спутник»-ы пресс-центры ауагъдæуыд брифинг Мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæрар Хъотайты Марияйы хайадистæй. Брифингмæ хуынд æрцыдысты Генералон прокуратурæйы фæдагуырды хайады хистæр Биазырты Александр æмæ Сæрмагонд хыгъды цæстдарды советы уæнг Джуссойты Алан. Дзырд цыди Сæрмагонд хыгъдæй, не ‘мбæстæгтæ цы æхцайы фæрæзтæ райстой кредиты хуызы, уыдон æрбаздахыны механизмыл.

Куыд зонæм, афтæмæй кусæгон къорд саразын æмæ иумиаг æхцатæ æрбаздæхыны схемæ саразыны барамынд радта Президент Бибылты Анатоли. Йæ рæстæджы кредиттæ лæвæрд æрцыдысты хицæн организацитæ æмæ фондтæн. Ацы æхцайы фæрæзтæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн æххуысы хуызы æрвыст æрцыдысты 2008 азы 8 августы фæстæ.

Брифинджы рæстæджы Джуссойты Алан загъта: «Æхсæнадон организацитæ æмæ фондтæн уыцы æхцайы фæрæзтæ лæвар ничи бакодта, уыдоны ахастой кредиты хуызы, кæцытæ хъуамæ Цæстдарды советмæ раздахой. Уыцы ‘хцайы фæрæзтæ организациты æмæ фондты сæрмагонд æхцатæ не сты, уыдон сты Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмы иумæйаг æхца. Йæ рæстæджы ацы æхцайы фæрæзтæ æнæзакъонæй фæйнæрдæм ныппаплой сты æмæ ныр, Президент куыд зæгъы, афтæмæй уыдон хъуамæ æрбаздæхой фæстæмæ, Сæрмагонд хыгъдмæ. Кæд æмæ искæцы организаци кæнæ фонд уыцы бардзырд æххæст кæнынæй йæхи аууон кæна, уæд хъуыддæгтæ æрвыст æрцæудзысты прокуратурæмæ», – фехъусын кодта журналисттæн Джуссойты Алан.

Прокуратурæйы бæрнон кусæг фехъусын кодта, иуæй-иу организациты ныхмæ ныридæгæн фæдагурæн куыст кæй цæуы: «Ис ахæмтæ, кæцытæ æхцаты иу хай ныридæгæн раздæхтой. Мах алкæцы хъуыддагмæ дæр индивидуалонæй æркæсдзыст-æм æмæ, гæнæн уæвгæйæ, раст хатдзæгтæ сараздзыстæм. Фæдысгæрсты рæстæджы бæрæг кæны ахæм цаутæ дæр, æмæ гæххæттыл цы суммæтæ нысан æрцыд, уыдон æххæстбæрцæй лæвæрд не ‘рцыдысты, уымæ гæсгæ бизнес-проекттæ бынтондæр не сæндидзыдтой».

Биазырты Александр ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй райдианы Цæстдарды советы куысты уыд къуыхцытæ, уымæн æмæ Сæрмагонд хыгъд цыма нысанмæздæхтæй сарæзта ажиотаж, афтæ æхцатæ хардз цыдысты хæрзаудæн хъуыддæгты фæдыл. Уый та-иу расайдта стыр быцæутæ. Фыццаджыдæр Сæрмагонд хыгъды сæргълæууæг уыд уæды Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон райрæзты министр Гæбæраты Нугзар. 2013 азы Цæстдарды советы сæргълæууæг Сиукъаты Радион фехъусын кодта, Сæрмагонд хыгъдæй 822 милуан 547 мин æмæ 500 сомы хицæн кæй æрцыд Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæн, цæмæй медицинон ифтонггæрзтæ æлхæд æрцæуа. 237 милуан та лæвæрд æрцыд хатырон кредиттæ цалдæр æхсæнадон организаци æмæ Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты æмæ Паддзахадон Æдасдзинады комитеты хицæн æмæ хицæн адæймæгтæн.

2013 азы, Тыбылты Леонид паддзахады сæргълæууæг куы уыд, уæд дæр куыст цыд, цæмæй Сæрмагонд хыгъдæй æхцайы фæрæзтæ чи ахаста кредиты хуызы, уыцы юридикон цæсгæмттæ сæ фæстæмæ æрбаздахой. Уыдонæй иу хай фæстæмæ раздæхтой, фæлæ стыр суммæтæ чи ахаста, уыдон цадæггай ныхъус сты. Прокуратурæйы зонæнтæм гæсгæ иууыл стырдæр суммæ ахаста «Æнæниздзинады» фонд. Йæ хыгъдмæ ахыгъдæуыд 116 милуан сомы. Фæлæ уыцы æхцайы фæрæзты тыххæй Сæрмагонд хыгъды архивы хъуыддагон гæххæттытæ нæй.

Бирæ æхцайы фæрæзтæ ахыгъд æрцыд Уæрæсейы клиникæтæм, ома, не ‘мбæстæгты æнæниздзинад фæхуыздæр кæныны нысанæн, медикаменттæ æмæ санаторион-курортон хоскæныны нысанæн, хæсты чи фæмард сты, уыдоны бинонтæн. Æппæт уыдæттæ сбæрæг кæныны нысанæн арæзт æрцыд сæрмагонд къамис. Къамисы сконды уыдзæн æмбæлон специалисттæ æмæ тагъд рæстæджы æрæвналдзысты сæ куыстмæ.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, æмткæй Сæрмагонд хыгъды 2008 азы кæй уыд 1 миллиард 12 милуан 3 мин 146 сæдæ сомы. Афтæ ма 2 милуан 125 мин 230 доллары æмæ 23 мин 350 евройы.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.