Ахæм уыдис йæ фæндаг Знауыры районы Хæрисджыны (Торманеул) хъæуккаг Чилæхсаты Платоны тохы фæндæгты дæргъ. Æцæгæй йæ хæстон фæндаг та райдыдта Мæскуыйæ, уым ахуыр кодта СЦКП ЦК уæлдæр партион скъолайы 1939-1941 азты. Каст æй фæцис июлы мæйы 1941 азы, гъеуæд слæууыд Сырх Æфсады рæнхъыты, йæ тохы фæндæгтæ райдыдтой Ныгуылæн, Цæгат Кавказ, 1-аг Белорусийаг фронттæй.

  Хæсты цæхæры цалынмæ нæ бамидæг нæ хæстон бæгъатыр, уæдмæ нæ цæст рахæссæм йæ царды фæндæгтыл, æмæ нæ бон у развæлгъау зæгъын, хорздзинæдтæ дзы уый бæрц нæ уыд, цас дзы фыдæбæттæ æмæ тухитæ уыд.

Платон райгуырд 1914 азы мæгуыр зæхкусæг бинонты хæдзары. Йæ фыд Иликъо, йæ мад Като (Козиан) уыдысты æртæ фырт æмæ иу чызджы хицау. Платон уыдис астæуккаг фырт.

Царды фæндæгтæ дугæй аразгæ сты, Платоны дуг та уыд йæ тæккæ æнхъизæныл. Нырма уал 1914 аз, империалистон хæсты тугкæлдттæ, 1917-18-19 азты гуырдзыйы фыдмитæ Хуссар Ирæн, стæй уæд 1920 аз, фыццаг геноциды æбуалгъы диссæгтæ. Æппæт уыдæтты æвзонг Платон федта йæхи цæстæй, адæймаг та сывæл-лонæй цы фены, уый дзы никуы ферох вæй-йы.

Дугты фыдæнæн Платонæн æрдз радта хæдбындур зонд, уæнгты фидардзинад, алы хъуыддагмæ æвзыгъддзинад. Уыдæттæ та йын рабæрæг сты йе скъолайон бонты, Цъунары астæуккаг скъолайы куы      ахуыр кодта, уæд. Каст æй фæци 1933 азы. Ахуырмæ æвзыгъд уыд, хæдзары хъуыддæгты йæ мад æмæ йæ фыды къух куы фæрæуæг кодта, уæд 1936 азы йæ ных сарæзта Ленинградмæ, ссис И.Сталины номыл хъæууонхæдзарадон университеты студент. Уый фæугæйæ, æрыздæхт йæ Ирыстонмæ æмæ бавнæлдта алыгъуызон æхсæнадон куыстытæм. Куыста нæ областы культурæйы хайады хистæрæй, стæй та сахар Цхинвалы горком партийы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæгæй, 1939-1941 азты та уыдис Уæлдæр партион скъолайы хъусæг Мæскуыйы. Æууыл фесты Платоны ирд æмæ хурбон фæндæгтæ, дарддæр æм æрхаудтой туджы быдыртæ, æгъуыссæг æхсæвтæ, хæцæнгæрзтæй арæзт мигъджын бонтæ. Уыдонæн та сæ дæргъ уыдис фондз азы. Фондз азы фондз бон не сты…

Платон хæсты быдырмæ фæцыд æвзыгъд æмæ нæртон удыгъæдимæ, хорз æмбæрста фашизмы дуг, фыдыбæстæйы уавæр æмæ йæхимидæг алы хатт дæр фæлхатт кодта Къостайы ныхæстæ: «Цæйнæфæлтау сæрибар адæм, цагъарæй туг калæм знагæн, фæлтау нын амæлæт хуыздæр» («лучше умереть свободным, чем кровавым потом рабами деспоту служить»).

Уæлдæр æй загътон, Платон йæ куыстытæ куы фæцис Мæскуыйы, уæд райдыдтой йæ хæстон фæндæгтæ Мæскуыйы бынæй, хайад иста Днепрыл ахизыны операцийы, Польшæйы ссæрибар кæныны, егъау уыд йæ тох Германы зæххыл, активон хайад райста Берлины сисыны тохты. Платон хорз æмбæрста, знаг дæрæнгонд кæй цæуы йæ лæгæты, кæй у йæ уд исыныл, æгъатыр у йæ мæлæты размæ æмæ кæд 1943 азы уæззау цæф фæцис, уæддæр фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта æмæ равдыста æрдхæрæны диссæгтæ. Фыстой сæ: «В боях за город Берлин товарищ Келехсаев проявил образцы мужества, отваги, героизма и воинского умения, как верный сын советского народа, преданный матери – Родине».

Нымайын сæ комкоммæ, Платон цытæ бакуыста, уыдæтты: «Получил задачу от командования бригады по захвату переправы через водную преграду – канал Тельтов с группой пяти автоматчиков, пошел в атаку на одну роту  противника. Во время боя перерезал провода заминированного моста, предотвротив взрыв последнего, тем самым обеспечил беспрепятственную переправу корпусов 1-ой гвардейской танковой армии. Келехсаев в бою за эту переправу лично сам уничтожил свыше 10 гитлеровцев. Как командир штурмовой группы, он в уличных боях Берлина показал себя одним из храбрых воинов, идя всегда впереди своего отряда. Захватил до 250 пленных, уничтожил два расчета противотанковых пушек, подорвал орудие противотанковой гранатой».

Платон кæимæ уыдис, кæй къухдариуæджы бын уыд, уыдæттæ уыдтой ирон уæйыг, ныфсхаст лæппуйы æнтыстытæ, уæлдайдæр та капитан Флоров, 2 мотохсæг батальоны командир, кæцы бавдыста Платоны, кæй у Советон Цæдисы хъайтары ном райсыны аккаг. Фæлæ уыцы амонд Платонмæ не рхауд, уый бæсты йын саккаг кодтой «Сырх Тырысайы орден». Ацы хъуыддаг æрмæст Платоныл не рцыд, бирæ ирæтты тыххæй цæуы ныхас Бежанты Д. райдайгæйæ, бавдыстой сæ хъайтарты ном радтыны тыххæй, фæлæ цы фесты гæххæттытæ, уый абоны-бон дæр ничи зоны.

Платон уымæ нæ кæсгæйæ, йе нувыд фæндæгтыл йæ къух нæ систа, хæсты фæстæ ма фæцис иу афæдз Советон Æфсады рæнхъыты, æгæр стæмæй ма, 1944 азы Ленинграды каст фæцис бронетанкон Уæлдæр скъола дæр.

Æрыздæхт Платон фæлладæй, фæлæ сæрыстырæй йæ Ирыстонмæ æмæ та дысфæлдæхтæй бавнæлдта егъау æхсæнадон куыстытæм.

Райдыдта кусын Обллиты, фæстæдæр фæлладуадзæн паркы директорæй, паддзахадон музейы зонадон хайады. Рацыд пенсийы, загъта йæхицæн, ныр иу цъус ацæрдзынæн сабыр æмæ æнæмастæй. Фæлæ сæ бон ныккалæнт Рацарæзт, Демократи æмæ Æргом ныхас. Стыр Цæдис базгъæлæнтæ, нацитæ бавнæлдтой кæрæдзи хъуынхъис хæрынмæ, мæнгард Гуырдзыстон бавнæлдтой ног геноцид саразынмæ, «сыгъдæг быдыр» саразынмæ Хуссар Ирæн.

Уыдта æппæт дæр Платон, рыст йæ зæрдæ Ирыстоны хъуыддæгтыл, тынг ныфс æвæрдта Стыр Уæрæсейæ, фæлæ уыцы æххуыс нал æрыййæфта, ацыд ацы мæнг дунейæ июны мæйы 1992 азы.

Ныууагъта хæдзарвæндаг, йæ бинойнаг Тыбылоны, йæ дыууæ чызджы Людмилæ æмæ Луизæйы. Райгонд уыд йæ зæнæгæй, фæуын сын кодта Дзæуджыхъæуы мединститут, уæзданæй, рæсугъдæй абоны-бон лæггад кæнынц нæ адæмæн. Сæрыстыр уыд Платон йæ сиæхстæй дæр, Басаты Лев æмæ Хæныкъаты Володяйæ. Се ‘гъдау, се фсæрм, сæ хæдзардзин уагахастæй.

Хæдзарвæндаг алы бон дæр кæсынц Платоны сынтæг, йæ хатæны къулы фæлыстмæ. Уырдыгæй æрттивынц алы бон дæр Платоны царды фæндæгтæ æвдисæг нывтæ, йæ хæстон хорзæхтæ. Уыдон та сты: «Сырх Тырыса»-йы, «Александр Невский»-йы, «Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæнты ордентæ», дзæвгар у сæ нымæц, цы майдантæ æмæ арфæйы гæххæттытæ фæиста, уыдонæн.

Платоны хæдзарвæндагыл бирæ дзурæн ис. Йе ннæ фсымæртæ Алекси æмæ Сократ дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цæхæры уыдысты. Сæ иу Алекси 1943 азы хъæбатырæй фæмард хæсты быдыры, иннæ Сократ сæрыгасæй æрыздæхт æмæ цæрæн бынатæн равзæрста Бако.

Уæлдæр загътон, Платоны хæстмæ акодтой Мæскуыйæ. Уый куы фехъуыста йæ цардæмбал Тыбылты Еленæ, уæд бацыд æфсæддон комиссариатмæ æмæ йæхи арвитын кодта хæсты быдырмæ æмæ куыд медицинон хо, афтæ лæггад кодта цæф, фæкæсынхъуаг æфсæддонтæн.

Цалынмæ советон дуг йæ тыхы уыд, уæдмæ Платоны бастдзинæдтæ тыхджын уы-дысты кæмыты ахуыр кодта, стæй уæд фронты кæимæ уыд, уыцы æмбæлттимæ. Алы бæрæгбонты арфæтæ кодтой кæрæдзийæн, хуыдтой кæрæдзи.

Уæлдæр партион скъолайы кæимæ      ахуыр кодта, уыдон æй æрцагуырдтой 1949, 1984, 1987 азты, кæнынц ын зæрдиаг арфæтæ йæ юбилейты азты дæр, стæй уæд ног азы къæсæрыл дæр. Хуынды, арфæйы гæххæттытыл алы хатт дæр йæ къух фыста æхсæнадон академийы ректор Р.Г.Яновский.

Лæгау лæг уыд Платон, ирондзинад тыхджын уыд йæ зæрдæйы, уарзта йæ адæмы, йæ хъæубæсты, Вокзалгæрон уынджы цы сыхимæ цард, уыдоны. Уарзон лæг уыд нæ сахары цæрджытæн, цы бæрнон бынæтты куыста, уым æй уарзтой йæ уарзондзинады тыххæй.

Йæ хæстон сгуыхтдзинæдтыл дзурын нæ уарзта, фæлæ ирон лæг нæртон цæмæй уыд, уыдæттыл та рыг абадын нæ уагъта.

Ныртæккæ Хуссар Ир лæуд у дыууæ стыр боны банысан кæныны къæсæрыл – 75 азы æххæст кæны Платон цы тугуарæнты тохы уыд, уый фæудыл, 100 азы та гуырдзыстон Хуссар Ирæн цы фыццаг геноцид сарæзта, ууыл.

Платон уыдис йæ адæм æмæ Ирыстоны патриот, цы тохы фæндæгтыл рацыд, уым ма йыл æргомæй зынд, кæй уыд интернационалист дæр. Йæ царды фæстаг бонты Платон зæрдæрыстæй акаст йæ адæмы уавæрмæ, мæнгард сыхæгты цъаммар, æгъатыр митæм. Уыдæттæ йын йæ царды фæндаг, æвæццæгæн, фæцыбыр кодтой. Чи зоны, мæрдтæм цæугæйæ сфæлхатт кодта поэты ныхæстæ:

«Æз нал дæн карз дуджы адзарæй

Нæдæр хæстон, нæдæр зæххон…

Цæрæд нæ Ирыстон хæдбарæй,

Цæмæй ма адзалыл хъæцон»

Стыр тугкæлдтыты фæстæ Ирыстон 2008 азæй ссис хæдбар республикæ. Уымæ бæллыд Платон дæр, æцæг æй æййафгæ нал æркодта. Ир сæ хæрзгæнджыты никуы ферох кæндзысты, нæ сæ уыдзæн рох Платоны ном дæр. Кæд Советон Цæдисы хъайтары номæвдисæг гæххæт йæ къухты нæ бафтыд, уæддæр Ирыстонæн Платон ис уыцы номхыгъды.

Плиты Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.