1941 азы июны мæйы айхъуыст фæдисы дзæнгæрæджы хъæр – Советон Цæдисмæ æрбафсӕрстой немыцаг фашисттæ. Уыцы æвирхъау цау ныннæрыд Ирыстоны кæмтты дæр. Растадысты Иры фæсивæд дæр æмæ цыдысты сæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ цалдæр фæл-тæры рахъомыл.  Хъыгагæн, алы аз дæр къаддæрæй-къаддæр кæны уыцы хæсты архайджыты нымæц, фæлæ сæ иуы ном дæр рох хъуамæ макуы уа махæй, нæ абоны æмæ фидæны фæлтæртæй. Хæсты быдыры чи баззадысты, уыдон æнустæм баззадысты æрыгæттæй. Сæрæгасæй чи æрыздæхти сæ хæдзæрттæм, æмæ абон не ‘хсæн чи сты, уыдоныл та азтæ сæ уæз æруагътой, рынчынтæ кæнынц æмæ, хъыгагæн, къаддæрæй къаддæр кæнынц. Ирыстон уыцы  хæстмæ арвыста дæсгай минтæй сæ фыртты. Мæ ныхас у уыдонæй  æртæ адæймаджы тыххæй.

Фæстæ нæ фæлæууыдысты Чилæхсаты фæсивæд дæр. Дыууæ хæдзарæй дзы ацыдысты фондзæй. Ӕртæйæ дзы æбæрæг сæфт фæкодтой, дыууæйæ – æрыздæхтысты.  Фæнды мæ сæрæгасæй йæ хæдзармæ чи сыздæхт, уыцы дыууæ хæстоны цардыл цыбыртæй æрдзурын. Бирæ уæззау фæндæгтыл фæцыдысты, бирæ хатт лæууыдысты мæлæты къæсæрыл дæр, фæлæ куыд фæзæгъынц, æнæ бонæмгъуыд мæлæт нæй. Иннæ æртæ – рухс дзæнæттаг уæнт!

Дзауы комы чысыл Мугуты авд хæдзар йедтæмæ нæ уыд, уыдонæй цыппар хæдзарæй акодтой дæс лæджы. Сæ иу уыд Чилæхсаты Захар (Зака) æмæ Бетеоны хæдзар. Зака бæрзонд æмæ фидæрттæ лæг уыд. Хъæдæй-иу суг уæрдоныл куы ласта, уæд-иу галтæ кæм нæ фæрзтой, уым-иу Зака уæрдон систа æмæ сын æххуыс кодта. Канд тыхæй æххæст нæ уыд, фæлæ ма адæмон хосгæнæг дæр уыд.  Дзауы комы алы къуымтæй йæм цыдысты хос кæнынмæ æмæ йæ бон куыд уыд, афтæ сын лæггад кодта.

Хуыцау сæ сывæллæттæй амонд цух нæ ныууагъта – рацыд сын æртæ лæппу æмæ дыууæ чызджы. Сæ цæнгты тыхæй, сæ куыствæллойæ сæ бон куыд уыд, афтæ хъомыл кодтой сæ байзæттаджы. Сабитæ рахъомыл сты, æххуысхъом фесты. Сæ уæззау куысты сын сæ къух рог кодтой. Хистæр Петыр (Петка) уыд,  уыдис ын йæхи бинонтæ  – æртæ сывæллоны фыд уыд, йæ кæстæр æфсымæртæ Датика æмæ Зарбегæн бинотæ нæма уыдис.

Ахæм уавæры æрæййæфта Челæхсаты бинонты хæст æмæ æфсымæртæ æртæ дæр фæраст сты хæстмæ. Фыццаг акодтой Петкайы, йæ фæстæ ацыд Датика, кæс-тæр – Зарбеджы та акодтой 1942 азы – дæсæм кълассæй. Ирон мад æмæ фыдæй райгуырæг лæппу йæ сæрмæ никуы хаста йæ фыдæлты кад æндæр адæмты ‘хсæн дæлæмæ кæнын. Ахæм уа-гыл хъомыл кодтой Челæхсаты лæппутæ – Петка, Датика æмæ Зарбег. Петкамæ  ахуырдзинад ницы уыд, æрмæст уæды рæстæджы цы ликбезтæ бакодтой, уым ма йын бантыст дыууæ къуыри ацахуыр кæнын, цы дамгъæтæ базыдта фыссын, уыдон ын ницы ахъаз фесты,  цæмæй хæсты быдырæй йæ ныййарджытæм æмæ йæ сывæллæттæм фыстæг рарвита. Йæхæдæг куыд дзырдта, уымæ гæсгæ-иу йе ̀ мбæлттæн лæгъстæ кодта, цæмæй йын ныффыстаикой фыстæг.

Гъе, æмæ уæдæ кæд кæсын – фыссын нæ зыдта, уæддæр цыппар азы дæргъы уæззау тохты фæндæгтыл уый Ирыстоны зæххæй ныххæццæ суанг Берлинмæ. Хæстæй куы ‘рыздæхт, уæд мах чысылтæ уыдыстæм æмæ дзы мæ зæрдыл баззад, æхсæв-иу йæ тарф фынæйæ куыд фæгæпп кодта æмæ-иу хъæууынгты æд хæцæнгарз “Вперед, вперед!” хъæргæнгæ куыд лыгъд, йæ бинонтæ та-иу йæ фæстæ лыгъдысты. Нæ акомкоммæ цы хъæутæ уыд, уырдæм дæр-иу хъуыст йæ хъæр.

Петка нын ахæм цау ра-дзырдта, зæгъгæ, нын уыд сусæг хæслæвæрд. Цæуын хъуыд цалдæр боны,  Цыдыстæм æхсæвæй бонмæй, къæвда уа æви хур, цъыфдзастыты, æххормæгтæй, иудзырдæй тынг уæззау уыд нæ фæндаг, фæлæ уæддæр нæ хæс сæххæст кодтам, зæгъгæ.

Иннæ ахæм та Берлин сисыныл тохтæ уыдысты. Йæ ныхæстæй бахъуыды кодтон,  ныккæндты куыд æмбæхс-тысты сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ, уыдонмæ, не ‘внæлдтам, нæ хæринæгтæй дæр, дам, иу сын авæрдтам. Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй-иу сыл куы æрцахуыр сты, уæд-иу нын нæ сæртæ асгæрстой, зæгъгæ уыл сыкъатæ зайы; ахæм агитаци уагътой, зæгъгæ, уырысы адæмыл сыкъатæ зайы.

Петкамæ ахуырдзинад куы уыдаид, æвзаг куы зыдтаид, уæд йæ хæстон сгуыхт-дзинæдтæн аргъ æрцыдаид, фæлæ-иу аззад аууоны.

Дауит дæр Ирыстоны зæххæй Германмæ тохгæнгæ фæцыд. Йæ хæствæндаг абон бæрæг нал у, æхсæз мæйы бæрц дзы фæистой фыстæджытæ, уый фæстæ дзы æртæ азы дæргъы бæрæг ницыуал уыд. Бинонты ныфс нал уыд, Дауит ма искуы сæрæгасæй йæ хæдзарыл сæмбæлдзæн, уымæй. Уый та Германы зæххыл уацары бахауд, бирæ фыдæбæтты фæстæ уымæн бантыст концлагерæй ралидзын. Стыр фыдæвзарæнты фæстæ æрбафтыд Советон Цæдисмæ. Кæй зæгъынæй хъæуы,  уыцы уæззау бонтæ сæ фæд ныууагътой Дауиты æнæниздзинадыл, тынг фæрынчын æмæ афтæмæй æрыздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ. Сæ цинæн кæрон дæр нæ уыд, афтæмæй йыл сæмбæлдысты йæ бинонтæ, йæ хъæубæстæ.

Дауитæн йе ‘нæниздзинад ноджы æвзæрæй-æвзæрдæр кодта, æмæ йын загътой, зæгъгæ, дæ хъæуы денджызы былмæ,  снаторимæ ацæуын. Кæй зæгъынæй хъæуы, йæ гæххæттытæ æмбырд кæнын райдыдта. “Бахъуыд мæ  Дзаумæ бацæуын дæр, – дзырдта Дауит. Ӕрхæццæ дæн райкомы хæдзары цур-мæ, лæдзæджы æнцой фæцæуын уынджы æмæ уæртæ уынын, бирæ рæстæджы мæ хъуыдыты кæй агуырдтон æмæ фенын æнхъæл кæмæн нал уыдтæн, уыцы лæджы.  Ацы фашист та ам цы аразы, мæхинымæр дзургæйæ, йæ фæстæ атагъд кодтон. Мæ гæххæттытæ дæр нал райстон фæлæ баййæфтон æмæ айтæ-уйтæ нал фæкодтон, фæлæ йыл уым лæдзæгæй ралæууыдтæн. Адæм æрбатымбыл сты, æмæ нæ баиргъæвтой.” Уый фæстæ сын уый радзырдта, ацы лæг немыцаг концлагеры кæй куыста æмæ уацары чи уыд, уыцы адæмы туг кæй нуæзта…

Ӕртыккаг æфсымæр, Зарбег хæстæй здæхгæ дæр нал æркодта. Ахæм хъысмæт баййæфта йæ фыдыфсымæр Кима æмæ йæ лæппу – 10-æм кълассы ахуыргæнинаг Герсан дæр. Ацыдысты, мингай ирæттау, фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл. Абон дæр бæлвырд бæрæг нæу, кæцы ран фæмард сты, кæм сæ баныгæдтой уыдæттæ. Райгуырæн бæстæйы сæрвæл-тау æрхастой сæ цард ны-вондæн.

Никуы ничи бафсæст цардæй, фæлæ цардбæллондæр чи вæййы, уыдоны зæрдæты цæхæр цæмæн ахуыссы хæсты азарæй. Фæлæ адæмы фарн бирæ у. Нæ ферох уыдзысты ирон адæмæй,  сæ рухс нæмттæ.

Æлборты Агуындæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.