1941 аз… Карз тохтæ цыдысты райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад бахъахъхъæныныл.

Уыцы рæстæджы æфсады рæнхъытæм акодтой Джиоты Арсены фырт Тарасы дæр. Уымæй размæ дæр Джиойы фырт куыста æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты. Стыр аргъ ын кодтой кæй æхсæн куыста, уыдон. Фæлæ хæсты райдианы Джиойы фырты дæр бахъуыдис йæ къухмæ хæцæнгарз райсын.

Хæсты райдианы афицер Джиойы фырт Сырх Æфсады рæнхъыты уыд политикон кусæг, хæстонты разæнгард кодта знаджы ныхмæ тохмæ. 1943 аз æнтысгæйæ каст фæцис курсытæ æмæ йын лæвæрд æрцыдис капитаны ном. Ногæй æрвыст æрцыд архайæг фронтмæ полчы командиры хæдивæгæй. Ацы ран дæр та уый йæ хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинадæй, цæвиттон æвдыста йæ хæстонтæн, æн-дæр командиртæн дæр. Йæ хистæртæ йын цы характеристикæтæ лæвæрдтой, уым æй хуыдтой цæттæ коммунист-политикон кусæг, уыимæ хорз командир.

Ахæм цæттæ æмæ æнувыд адæймæгты сæр тынг хъуыдис Райгуырæн бæстæйы хæсты уæззау бонты. Æмæ 1943 азы, хæст йæ тæккæ карзыл куы уыд, уæд Джиоты Тарас нысан æрцыдис Суворов æмæ Богдан Хмельницкийы орденхæссæг 88-æм Сырхтырысаджын Запорожьеаг гвардион æхсæг дивизийы 269 гвардион æхсæг полчы командирæй æмæ уæд ноджы тынгдæр рабæрæг йæ хæстон курдиат.

Мæнæ цы фыста 28-æм гвардион æхсæг корпусы командир, гвардийы инæлар-лейтенант Рыжов, Джиоты Тарасы «Сырх Тырысайы» орденæй схорзæхджын кæнынмæ куы бавдыста, уæд. «88-æм гвардион æхсæг полчы командир, гвардийы майор Джиоты Тарас 1945 азы 7 февралы Одеры цæугæдоны сæрты ахизыны æмæ Рейтвены хъæумæ хæстæг бæрзæнд байсыныл тохты рæстæджы иттæг арæхстджынæй разамынд кодта полкæн. Немыцæгты фистæг æфсады иу батальон, фондз хъомысджын танчы æххуысæй рабырста контратакæйы. Уыцы рæстæджы Джиойы фырт уыдис тохы артдзæсты, йæ ныфсхаст æмæ арæхстджын архайдæй хæстонты разæнгард кодта знаджы ныддæрæн кæнынмæ. Уыцы тохы сæйраг уæз æрхаудта полчы фыццаг æхсæг батальонмæ. Ацы батальон скуынæг кодта ныхмæлæууæджы фистæг æфсады иу ротæйы, ахъаззаг ныхкъуырд радта знаджы цыппар контратакæйæн.

1945 азы 9 февралы та Рейтвейы хъæуы хуссармæ знаг æрбакалдта æнæхъæн полк, 15 танкы, «Королевский тигр»-тæ сын æх-хуыс кодтой, афтæмæй. Ацы тохы дæр та сæйраг уæз æрхаудта Джиойы фырты полчы фыццаг æхсæг батальонмæ. Йæ арæхстджын æмæ ахъуыдыгонд архайд, йæ ныфсхастдзинады фæрцы хæстонты уæнгты бауагъта стыр хъару æмæ уыдон дæр, мæлæт ницæмæ даргæйæ, удуæлдай тох кодтой размæбырсæг знæгты ныхмæ, аккаг ныхкъуырд радтой ныхмæлæууæджы цыппар контратакæйæн, знагыл æрцыд стыр зиæнттæ, афтæмæй фæстæмæ алæууыд. Ахæм сгуыхтдзинæдты тыххæй у «Сырх Тырысайы» орден райсыны аккаг».

Джиойы фырт хъæбатырæй цыд йæ тохы фæндæгтыл æмæ йæ курдиат ноджы тынгдæр фæбæрæг хæсты кæрон. Сырх Æфсады хъомысджын цæфтæй немыцаг-фашистон тыхæйисджытæ дæрæн цыдысты æмæ хæстон архайдтытæ Германы зæхмæ рахызтысты. Уым дæр Джиойы фырты полк хъомысджын цæфтæ фæкодта  фашистон лæгмартæн.

«1945 азы 16 апрелы Франкфурты горæтæн цæгатæрдыгæй, Одеры цæугæдоны былыл знаджы хъахъхъæнынад батонын æмæ полчы дарддæры æнтысгæ размæбырст сорганизаци кæныны рæстæджы Джиойы фырт равдыста иттæг хорз хæстон арæхстдзинад æмæ организаторон курдиат. 24 апрелы йæ полк æнæнхъæлæджы бабырста знаджы аэродроммæ æмæ скуынæг кодта знаджы стыр къорды, уыцы нымæцы знаджы дыууæ бронетранспортеры, 32 автомашинæйы. Уыцы тохы знæгтæй фæмард 47 салдат æмæ афицеры. 110 немыцаг салдат æмæ афицеры та сæхи уацары радтой. Джиойы фырт иууыл стырдæр арæхстдзинад равдыста Берлин байсыны тохты». Афтæ фыста корпусы командир, Джиоты Тарасы Сырх Тырысайы дыккаг орденæй схорзæхджын кæнынмæ куы бавдыста, уæд.

Сырх Тырысайы дыууæ ордены йеддæмæ ма Джиойы фырт хорзæхджын æрцыд Александр Невскийы орден æмæ фондз майданæй.

Фæцис Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Тохфæллад хæстонтæ здæхтысты сæ хæдзæрттæм. Æрыздæхтис уæззау цæфæй Тарас дæр Хуссар Ирыстонмæ. Фæлæ йæхицæн бирæ улæфт нæ радта. 1946 азæй 1948 азмæ ахуыр кодта Гуырдзыстоны Компартийы Централон Комитеты партион скъолайы. Уый фæстæ куыста бирæ бæрнон партион æмæ советон бынæтты.

Раджы ахицæн йæ цардæй Тарас, фæлæ йын йæ рухс ном абон дæр нæ рох кæнынц йæ хиуæттæ æмæ йæ адæм дæр.

КОКАЙТЫ Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.