Стыр Фыдыбæстæйон хæст нымад у историйы æппæты æгъатырдæр æмæ тугкалæндæр хæстыл. Райгуырæн бæстæ гитлерон фашизмæй бахъахъхъæнынмæ тохы быдырмæ Ирыстон дæр фервыста йæ фæсивæды фылдæр хай.

Статистикон бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ Кавказаг иннæ нациты ‘хсæн нымæцмæ гæсгæ, Ирыстон фронтмæ арвыста æппæты фылдæр хæстонтæ. Сæ нымæц уыд 23 740 хæстоны. Уыдоны ‘хсæн уыд сылгоймæгтæ æмæ хæрзæрыгæттæ, кæцытæй бирæтæ фронтмæ ацыдысты бархийæ. Хъыгагæн, уыдонæй фæстæмæ æрыздæхтис æрмæстдæр сæ къаддæр хай. 11 711 ирон хæстоны бабын сты знаджы нæмыгæй, 7 минæй фылдæрæй фесты æбæрæг сæфт, 5 минмæ ‘ввахс сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхтысты сæрæгасæй, фæлæ сахъатджынтæ æмæ онгцухтæй. Уыцы номхыгъды уыд Хуыгаты Хъасболат дæр. Хъасболат райгуырд 1910 азы Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы рæсугъддæр хъæутæй сæ иу Часавалы. Йæ сабибонтæ уыдысты зын æмæ æвæрæз. Иу аз ыл куы сæххæст ис, уæд йæ фыд Уасил, йæ сабитæн хæринаг амал кæнгæйæ, нал сæмбæлд йæ бинонтыл, фæцис донласт. Хъасболаты мад  Джусойты Мамида баззадис йе ‘ртæ чызг æмæ иу фыртимæ иунæгæй. Цыдысты азтæ, æмæ та Хъасболатмæ, саби уæвгæйæ, æнхъæлмæ каст ног зындзинад, фараст азы йыл куы цыд, уæд райдыдта 20-æм азты ирон адæмы геноцид тугмондаг Гуырдзыстоны къухдариуæгады ‘рдыгæй. Ирон адæм фесты сæ уæзгуытæй лидзинаг, сæ цард бахъахъхъæныны охыл. Иннæ лигъдæттимæ Джусоен дæр акодта йæ сабиты Цæгат Ирыстонмæ. Хъасболат нал фæрæзта иннæтимæ æмдзу кæнын æмæ йæ йæ хистæр хотæ радгай фæхастой се ‘ккой. Уым ацардысты цыбыр рæстæгмæ, Ирыстоны Хуссар хайы рæстæг куы æрсабыр ис, уæд фæстæмæ æрыздæхтысты сæ хъæумæ æмæ ам дард-дæр кодтой сæ цард.

Хъасболат йæ усгуры кары куы бацыд, уæд æмкъайæн æрхаста начърепайаг  Наниты Титайы. Амондджын æмкъæйттæн райгуырд æртæ фырты æмæ дыууæ чызджы. Зæнæджы кæстæр Григолыл æртæ мæйы куы сæххæст ис, уæд райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Хъасболат уыд бирæсывæллонджын бинонты хицау æмæ йын æфсæддон уагæвæрдмæ гæсгæ бар уыд, цæмæй ма ацыдаид фронтмæ, фæлæ йæ сæрмæ не схаста йæхи бааууон кæнын æмæ 1941 азы, хæсты райдайæны, ацыд фронтмæ бархионæй. Баззад Нанион фондз æнахъом сабиимæ, йе ‘взонг уæхсджытæм æрхауд хæдзардарæджы уæззау уаргъ, уыд ын зындзинæдтæ, фæлæ хæххон чызг нæ фæтасыд, нæ фæцудыдта царды зындзинæдты раз. Уыйхыгъд хайад иста колхозон куыс-тыты, фæсфронт хъазуатон зиуты æмæ хъо-мыл кодта йæ сабиты.

Хъасболат дæр, йæхи равзаргæ фæндагыл фæцæугæйæ, йæ разылæууæг хæстæ æххæст кодта цæсгомджынæй. Йæ фырты фырт Спартак куыд радзырдта, афтæмæй йæ дадайы хæстон фæндæгты тыххæй нæй бæлвырд бæрæггæнæнтæ, фæлæ фыдызнаджы ныхмæ тохы активон хайадиæг кæй уыд, уый тыххæй ис факттæ æмæ документалон бæлвырдгæнæнтæ. Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады паддзахадон архивы бæлвырдгæнæн, номыр 2217335 мæ гæсгæ, Хъасболат уыд Ленинграды 7-æм фронты 912 æхсæг батальоны 43 æхсæн корпусы хæстон. Уым ма дзырдæуы: «Тов. Хугаев всегда самым первым выполняет любое задание. Смелый и бесстрашный боец. С 7 января 1944 года по 14 января 1944 года был в группе по ин-женерной разведке переднего края противника. В составе сделан 30 метровый проход против участка обороны 3 стрел-кового батальона 50 отдельной стрелковой бригады. В ночь перед нас-туплением производил разведку переднего края противника, дав хорошие результаты и проявив отвагу и мужество…»

26-æм августы 1943 азы Днепры донбылгæрон Советон æфсæдтæ райдыдтой хæстон операци Днепр ссæрибар кæныны тыххæй, кæцы аххæссыд декабры мæймæ. Ацы тохты хайад истой 4 милуан æввахс хæсто-ны. Уыдоны рæнхъы уыд Хъасболат дæр. Уым фæцис радон цæфтæ дæр, фæлæ ирон хъæбатыр лæппу нæ ахызт йæ раззагон позицитæй æмæ фæтох кодта суанг йæ фæудмæ.

1941 азы 8-æм сентябрæй немыцаг фашисттæ райдыдтой Ленинград бацахсыны тыххæй бабырстытæ. Фашистон Герман горæт бацахсынæн лæвæрдта стыр стра-тегион æмæ политикон нысаниуæг. Уыцы аз, 10 июлы горæтмæ бахизæны цыд карз тох æмæ 30 августмæ немыцаг æфсæдтæ бацахстой Ленинградмæ æфсæнвæндæгтæ, горæтмæ нал уыд хæлцадон продукттæ æмæ хæцæнгарз ласыны уавæртæ. 8-æм сентябры та ахицæн кодтой Ленинградимæ æппæт фæндагон бастдзинад. Райдыдта  Фыдыбæстæйон хæсты нысаниуæгджындæр тохтæй сæ иу – блокадон Ленинград бахъахъхъæныны тох, кæцы аххæссыд 1944 азы 27 январмæ. Уым æххормаг æмæ уазалæй фæмардысты 1 милуанмæ æввахс сабыр цæрджытæ, уым Советон æфсæдтæй фæмард тынг бирæ.  900 боны æмæ 900 æхсæвы дæргъы Ленинграды блокадæ нымад у историйы æппæты тугкалæндæр блокадон рæстæгыл. 350 Советон хæстоны хорзæхджын æрцыдысты ор-дентæ æмæ медалтæй, уыдонæй 266 ссисты Советон Цæдисы хъайтары номы аккаг, 1,5 миллуан хæстоны та хорзæхджын æрцыдысты «За оборону Ленинграда»-йы медалæй. Уыцы карз тохы йæ райдайæнæй йæ фæудмæ хайад иста Хъасболат дæр.

Йæ хæстон фæндæгтæ Хъасболаты бахастой суанг Берлинмæ. Уыцы тох цыд 1945 азы 16 апрелæй 8-æм маймæ. Уый уыд Советон æфсæдтæн развæлгъау бацæттæгонд операци, кæцы сæ къухты бафтыд 23 бонмæ æмæ ссис Фыдыбæстæйон хæсты кæройнаг архайд. Хъасболат советон хæстонтимæ иумæ 1945 азы 8 майы фембæлд стыр Уæлахизы боныл Берлины зæххыл.

Уыцы аз æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ, йæ бинонтæм бирæ уæззау нуæстимæ, фæлæ – сæрæгасæй. Йе уæнгты æрхаста знаджы нæмыджы 7 схъисы, уыдонæй иу уыд йæ зæрдæйы тæккæ бынмæ. Уыцы схъис ыл куы сæмбæлдис, уæд æй мæлæтæй фæхицæн кодта æрмæстдæр иу сантиметры – æрмæстдæр иу сантиметры уыд знаджы нæмыджы схъис æмæ Хъасболаты зæрдæйы ‘хсæн.

Йæ цæфтæй дарддæр ма Хъасболат фронтæй æрхаста йæ кад æмæ бирæ хорзæхтæ. Уыд хорзæхджын I-аг æмæ III-аг къæпхæнты Кады ордентæй, «За оборону Ленинграда» æмæ «За форсирования Днепра»-йы медалтæй, Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг  къæпхæны Орден, тынг бирæ Кады грамотæтæ æмæ хæсты активон хайадисæджы æндæр хорзæхтæ.

Æрыздæхт фæстæмæ йæ райгуырæн хæхбæстæм æмæ ам дарддæр кодта йæ цард. Бацыд Къуайсайы æрзæткъахæн управленимæ æмæ та ам дæр уыд активон кусæгыл нымад. Хъасболат ма æрæййæфта 1989 азты ирон адæмы геноциды райдайæн азтæ, фæлæ йын, хъыгагæн, нал бантыст йæ уарзон Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бонмæ фæцæрын.

Хъасболат йæ фæстæ ныууагъта æнæмæлгæ кад, кæцы рох макуы хъуамæ уа йæ фæдонтæ æмæ фæлтæрæй-фæлтæртæм лæвæрд цæуа, куыд сæрибардзинады сæрвæлтау тохгæнæг.

              ХУЫГАТЫ Миленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.