Чи цы куыст кæны, алчи дæр уыцы дæсныйад стауы. Уый раст у: ахуыргæнæг ахуыргæнæг у, дохтыр дохтыр у, хуымгæнæг хуымгæнæг у. Царды алы дæсныйад дæр вазыгджын у, фæлæ алы дæсныйады кусæг дæр æрвылбон æвзагимæ кæй архайы, уый рох кæнын нæ хъæуы. Иронæй чи райгуырд, уымæн хъуамæ йæ сæйрагдæр куыст уа йæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын. Йæ ном йæ уæлæ ис: мадæлон æвзаг. Мадæлон æвзаг ын хъуамæ мады ад кæна йæ райгуырдæй фæстæмæ.

Абоны сывæллон тынг хицæн кæны, ахуырады системæ арæзт куы ‘рцыд, уæд цы сабитæ уыд, уыдонæй. Фыццаджыдæр, 21-æм æнусы сывæллæттæн се ‘хсæнадон уавæр у бынтон æндæргъуызон. 

Сывæллæттæн фæци информаци райсынмæ хуыздæр гæнæнтæ. Раздæр кæд æрмæст скъола æмæ урок уыдысты ахæм фæрæзтæ, уæд ныр – дуне, адæймаг, æхсæнад æмæ æрдзы тыххæй алыгъуызон информаци райсæн ис интернет æмæ телеуынынадæй. Абон дзыллон информацийы фæрæзтæ нæ сывæллæтты хъомылады ахсынц стыр бынат, куыд хорзæрдæм, афтæ æвзæрырдæм дæр.

Абоны сывæллæттæ чингуытæ нал кæсынц, уæлдайдæр та – классикон литературæ æмæ, уымæ гæсгæ сæ культурæ дæр у æндæр. Уый та сын ахуыры æвзарын кæны къуылымпыдзинæдтæ. Зæгъæм, чиныг цы сывæллæттæ нæ кæсынц, уыдонæн сæ бон нæу текстæн анализ скæнын, нæй сæм логикон хъуыдыкæнынад, уымæн æмæ сæ миддуне у мæгуыр. Абоны рæстæг сабитæн æнæкастæй канд ирон литературæ нæ зайы, фæлæ уырыссаг æмæ æппæтдунеон классикон литературæ дæр. Уымæ гæсгæ  скъолайы æппæты ахсджиагдæр хæс у сабийы сфæлдыстадон хуызы, хъуыдыгæнгæйæ кæсын сахуыр кæнын.

Хъыгагæн, ныййарджытæ сæ сывæллæтты аразынц ахуырадон предметтæй фылдæр зонындзинæдтæ райсынмæ, айрох сæ вæййы удварны хъомылад æмæ сабийы рæзт.

 Нæ сабиты цард фæстæмæ цæуы компьютеры раз бадынæй. Раздæр-иу уынгты, кæртыты цы хорз хъомылад истой, хистæртæм кæсгæйæ, цы коллективон хорз хъæзтытæ-иу кодтой, уыдон рохуаты зайынц. Уый та сын къуындæгдæр кæны сæ моралон æмæ удварнон принциптæ. Ирон зæххыл ирон сывæллон кæддæриддæр хистæрæн, æмгарæн, сылгоймагæн кад кæнын зыдта (æхсæнадон транспорты бынат радтын, хæссинæгтæ хæссынмæ аххуыс кæнын æмæ а.д.). Ныр уыдон историмæ цæуынц.

 Сывæллæтты фылдæр хай, ΧΧ æнусы сывæллæттимæ абаргæйæ, ницавæр æхсæнадон организациты архайынц, уымæ гæсгæ сæм нæй фæлтæрддзинад царды бирæ къабæзты æхсæнадон куысты хи равдисынмæ, раздзог уæвынмæ, кæрæдзийæн æххуыс кæнынмæ, æмгардзинадмæ, хиуондзинадмæ æмæ а.д. Йæхи разæй искæмæн хорздзинад скæнынмæ цæттæ чи у, ахæмтæ къаддæрæй-къаддæр кæнынц. Фылдæр кæнынц хиуарзонтæ, искæйы зындзинады цурæй иуварс чи ахиздзæн, ахæмтæ.

 Сывæллæтты иу хай ахуырмæ æппындæр нæ бæллынц. Курдиатджын сывæллæттæ бирæ ис, фæлæ уыдон дæр, цы æрдзон курдиатæй хайджын сты, уымæй уæлдай ахуырыл æнувыд нал сты. Фылдæрæй фылдæр кæнынц, зын уавæрты чи цæры, ахæм сабитæ. Уымæ гæсгæ, ахуыры процессмæ бæстон æркæсын хъæуы. Ссарын хъæуы ахæм мадзæлттæ, цæмæй сывæллæттæ ахуырмæ цымыдис кæной.

 Абоны сывæллæттæ сæрибардæр сты, æргомдæрæй дзурынц сæхи хъуыдытæ, арæхдæр цæуынц сæхи фæндыл, царды ногдзинæдтæм дæр тырнынынц, фæлæ сæхи хъарутæй ныфсджын не сты, сæ зæрдæ дарынц ныййарджытыл. Ныййарджытæн та се ‘ппæтæн сæ бон нæу йæ сабийы царды хорздзинæдтæй фæхайджын кæнын. Уымæ гæсгæ арæх сывæллæтты ‘хсæн гуыры тызмæгдзинад æмæ хæрамдзинад.

Бинонтæ раттынц сабийæн мадæлон æвзаджы уарзондзинад æмæ культурæйы райдайæн. Скъола сфидар æмæ райтынг кæны уыцы уарзондзинад, æвзаджы культурæ æмæ адæнкъарынад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.