Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азтæ нæ дарддæрæй дарддæр кæнынц. Нæй рæстæджы цыдæн æруромæн.

Фæлæ цымыдисаг уый у æмæ азтæ куыд цæуынц, афтæ хæсты аххосаг Ныгуылæн бæстæтæй бирæтæ ивын райдыдтой, зæгъгæ, хæст æрцыд Гитлер æмæ Сталины сусæг бадзырдæй, цæмæй Европæйы кæрæдзийыл адих кодтаиккой. О, фæлæ сын кæд ахæм бадзырд уыдис, уæд ма Гитлер Советон Цæдисæн хæст цæмæн расидт? Стæй Нюрнрбергы цы процесс цыд хæсты фæстæ, уым Гитлеры федмаршалтæй, тæрхон кæуыл кодтой, уыдонæй цæуылнæ исчи загъта, мах æххæст кодтам Гитлер æмæ Сталины бардзырд, зæгъгæ? Æппæт уыдæттæ сты миф. Æниу, хæсты истори зыгъуыммæгæнджытæ – Уæрæсейы иуæй-иу демократтæн сæхицæй рацыд «ту нал сæрфынц сæ цæсгомæй» æмæ ма Польшæ, Прибалтикæ æмæ Украинæйы сæргълæуджыты æндæр цы хъæуы – æфхæр, Уæрæсейы аххосджын кæн уыцы фарсты. Уырыссæгтæ цæйау фæзæгъынц: «Для достижения своей гнустной цели все средства хороши». Абон мах хъуамæ тох кæнæм, хахуыртæ чи мысы æнæбындурæй, уыдон ныхмæ, нæ дадатæ, нæ фыдтæ, не ‘фсымæртæ цы стыр уæлахиз æрхастой сæ райгуырæн бæстæйæн, мингæйттæй знаджы нæмыгæй мæлæт чи ссардта, æппæт уыдоны нæмтты цæсты гагуыйау бахъахъхъæнын, науæд нæхæдæг æмæ сомбоны фæлтæр дæр къæмдзæстыг уыдзыстæм историйы раз. Æцæг уымæн хорз æвдисæн сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы цытæн, хæсты хайадисджытæн сæ нæмттæ сæнусон кæныны охыл цы «æнæмæлгæ полк»-ы акцитæ фæцæуы, уыдон.

Хъыгаг у хæсты хайадисджытæ бонæй-бон къаддæр кæй кæнынц. Нæ республикæйы ма уыдонæй цæрæццаг ис цыппар адæймаджы. Зындгонд у махæй алкæмæн дæр, Хуссар Ирыстонæй уыцы фыдхæстмæ 22 минмæ æввахс æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ кæй фæцыдысты æмæ мингæйттæй кæй баззадысты хæсты быдыры, кæй нал ссардтой сæ уарзон уæзгуытæ, сæ цард кæй радтой сæ райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау.

Дзырд дæр ыл нæй уæлахизхæссæг хæстонтæй мах абон сæрыстыр кæй стæм, кад кæй скодтой райгуырæн бæстæйæн, сæ нацийæн. Сæ рухс нæмттæ хæсты бабын уæвджытæн рох кæй нæ цæуынц  кæй сæ раттæг адæмæй, уымæн та æвдисæн сты горæты æмæ хъæуты сæ номыл цы цыртытæ арæзт æрцыд, уыдон.

Уыцы тугкалæн хæстæй сæрæгасæй чи æрыздæхт йæ уæзæгмæ, уыдон амондджын хуыдтой сæхи. Уыдонæй иу уыди Знауыры районæй арчънеттаг лæппу Дзæгъиаты Илья Сергийы фырт. Уый райгуырд 1916 азы мæгуыр, зæхкусæг бинонты æхсæн. Дыууæ азы дæр ыл нæма цыд, афтæмæй фыды ‘рдыгæй баззад сидзæрæй æмæ сабиты хъомыл кæнын æрхауд йæ мадмæ. Сидзæргæс мадæн кæд йæ уавæртæ æнцон нæ уыдысты, уæддæр архайдта, цæмæй йæ рæзгæтæ ахуырыл хæст фæуыдаиккой æмæ Илья 1928 азы фыццаг каст фæци райдиан скъола, стæй та Сталиниры ФЗУ кæй хуыдтой, уым фæци фыццаг курс. Уый фæстæ йын фадат фæци, Тбилисы цы ирон скъола баконд æрцыд уым аст къласы фæуын, йæ хæдфæстæ та – æфсæнвæндаджы рабфак, стæй та æртæмæйон ахуыргæнæджы курсытæ Тбилисы пединституты. 1936 азы кусын райдыдта ахуыргæнæгæй йæ райгуырæн хъæуы. Ам дыууæ азы æххæст нæ бакуыста, афтæмæй æрсидт æрцыд æфсады рæнхъытæм. Афæдзмæ æввахс фæцис полчы курсытæ г. Боровичийы Ленинграды областы. 1939-40 азты та уыд взводы командир г. Выборгы æмæ хайад иста финты ныхмæ хæсты. Фæстæдæр ссис Сырх Æфсады командон сконд хуыздæрггæнæн курсыты курсант, уыд 86 æхсæг дивизийы командиры Дзæгъиайы фырт йæ службæйы уыд цæвиттойнаг, йæ уд хъардта ууыл, цæмæй йын командиртæ цы хæстæ æвæрдтой йæ разы, уыдон æххæст цыдаиккой дырысæй æмæ йын уыдон дæр æмбæлон аргъ кодтой. Йæ мад æм æнхъæлмæ каст, йе службæ фæуд кодта æмæ хъуамæ фæзындаид йæ хъæбул, фæлæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст райдыдта æмæ Илья цæмæй зыдта, службæйæ дарддæр æй цыфыддæр знагимæ хæцын кæй бахъæудзæн. Бахауд хæсты цæхæры. 1941-42 азты уыд взводы командир, стæй та Ленинграды фронты 86 æхсæг дивизийы хистæры хæдивæг. Блокадон Ленинграды сæрыл тохты æвзонг лæппу йæхи цæстæй федта знаджы æбуалгъ æмæ æгъатыр митæ, сылгоймæгты, ацæргæ адæймæгтæ æмæ сабиты уæззау хъысмæт, уыдон æххормагдзинад æмæ-иу йæ зæрдæ йæхи къултыл хоста, æнæуынон ын уыд знаг дывæрæй æмæ сæ ныхмæ хæцыд хъазуатонæй, разæнгард кодта йæ хæстон æмбæлтты дæр, цæмæй фæстаг сулæфты онг тырныдтаиккой райгуырæн бæстæйæ фашистты фæсурыныл. Йæ дæлбар салдаттæн уыд æфсымæры хуызæн æмæ йæ уыдон дæр уарзтой, æнæкъуылымпыйæ æххæст кодтой йæ бардзырдтæ.

1942 азы раразмæгонд æрцыд Ленинграды фронты 520 хайады ротæйы бастдзинады командиры хæдивæгæй, фæлæ уый фæстæ та, фыццаг уал штабы командирæй, стæй та Ригæйы бастдзинады 725-æм артиллерион полкы командирæй. Лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад равдыста Илья знаджы дзæмбытæй Ригæйы ссæрибар кæныны тохты. Мæнгæй йæм, 13 октябры 1944 азы Сырх Æфсады уæлдæр командæгæнæг И. Сталин, бузныджы арфæйы гæххæтт не ‘рырвыста. Кæд хæст 1945 азы фæцис, уæддæр ма службæ кодта 1946 азмæ, стæй йæ фæрныг хæдзармæ, уæлахизхæссæг æрцыд капитаны чинимæ, æрмæст йæ зæрдæйы баззад уæззау тæлмæн, йæ хъæуккаг лæппутæ цалдæрæй æмæ йæ кæсдæр æфсымæр сæ уæзæгыл кæй нал сæмбæлдысты, уый охыл, хæсты уæззау тугæйдзаг цалх сын сæ цардбæллон удтæ аскъуыдта.

Хæстон, куыстуарзаг лæппу, кæд хæстон зын æмæ тæссаг фæндæгтыл рацыд, уæддæр æнæ исты архайгæ нæ хаста йæ сæрмæ æмæ уайтагъд кусын райдыдта Мидхъуыддæгты хайады сæйраг инспекторæй, стæй та æххæстбарджынæй. 1947-1952 та Навтлухы æххæстбарджын хъахъ-хъæнынады хайады, уый фæстæ раконд æрцыд Гуры мидхъуыддæгты хайады милицийы хистæры бынатмæ æмæ дзы фæкуыста 1959 азмæ, цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ. Тбилисы, стæй Гуры ахæм бæрнон бынæтты кæй куыста Илья, уый ууыл дзурæг уыдис æмæ йын гуырдзыйы ‘хсæн стыр авторитет кæй уыдис, куыст иттæг хорз кæй кодта. Ирон лæппуйæн ахæм бæрнон бынат саккаг кæнын афтæ æнцон нæ уыд. Уый нæ, фæлæ ма йæ иттæг хорз куысты тыххæй майдан дæр райста: «За двадцать лет безупречной службы в МВД СССР».

Дзæгъиайы фырты лæггæдтæ хицауадæй нæ уыдысты рохы æмæ хорзæхджын æрцыд ордентæ æмæ майдантæй. Ахæм хорзæхты хицау хъуамæ сæрыстыр уа йæхицæй. Хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй, Фыдыбæстæйон хæсты I-аг къæпхæны орденæй, майдантæ «За оборону Ленинграда», «За отвагу», «Защитнику Орниембаумского плацдарма», «За боевые заслуги», «За победу над Германией», æмæ юбилейон майдантæй та дæсы бæрц.

Хæсты æмæ куысты дæр Илья куыд табуйаг уыд, афтæ уыд бинонты царды дæр. Йе ‘мкъай Дзиццойты чызгимæ цæргæйæ сын Хуыцау балæвар кодта æртæ чызг æмæ иу лæппу, цардыл сæ бафтыдтой, фæуын сын кодтой уæлдæр ахуыртæ. Чызджытæй сæ иу – Ленæ, кад æмæ æгъдауимæ фæкуыста ахуырады къабазы æмæ йын лæвæрд æрцыд Республикæйы сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын ном, баисты хъæбулы хъæбулты хицæуттæ, фæцис сæ хорз, æгъдауыл хæст сиæхстæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, стæй йæ вазыгджын куысты дзæвгар зын-дзинæдтæ бавзæрста не ‘мзæххон, фæлæ йæ цардхъуаг лæппу автомобилон аварийы бахаугæйæ кæй фæмард, уый йын уыд æппæты зындæр. Уыцы уæззау маст цасдæрбæрцæй фæцыбыр кодта йæ царды азтæ æмæ 1998 азы ацыд ацы дунейæ. Йæ рæсугъд уды конд æмæ фæлгондз та рох никуы уыдзæн йæ хъæбултæй, хиуæттæ æмæ йæ æввахс чи зыдта, уыдонæй.

КОЗАТЫ Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.