Алчи дæр а-дунемæ фæзыны йæхи хъысмæтимæ, йæхи ныхыфыстимæ. Лалыты мыггаджы дзырддзæугæ лæгтæй сæ иу – дæлбулкъон, дзæнæты бадинаг, Юрийы хæстæгмæ чи зыдта, йæ фарсмæ бирæ азты дæргъы цы æмбæлттæ фæкуыстой, цы сыхбæсты, мыггаджы `хсæн фæцард, уыдонæй кæйфæндыдæр куы бафæрсай, уæд дын æнæмæнгæй зæгъдзæн: “Цардис зæххыл ахæм адæймаг, кæцымæ мисхалы бæрц дæр никуы бафиппайдтам иу аипдзинад дæр. Уый уыд нæ фæрнджындæр æмæ уæздандæр хистæртæй сæ иу – Лалыты Юри”.

Йæ бакаст хæрзаив, йæ ныхас, йæ фез-мæлды дæр ирондзинады бæрджытæ кæ-мæн зынд, уыцы разагъды Юрийæ сæ сæр бæрзæндты хастой йæ дзæбæх бинонтæ, йæ иунæг чызг Зæлинæ дæр. Сæ мыггаджы, йæ сыхбæсты æхсæн нæ уыдис ахæм цинаг, зианы кæнд, уый йæ лæггады хай кæмæн нæ бакодта. Хæдзары дæр уыд аудаг цардæмбал, хорз ныййарæг фыд. Бирæ азты дæргъы Цоциты Анусиимæ фæцардысты кæрæдзи æмбаргæйæ, се `хсæн зулдзых ныхас дæр никуы рауад. Афтæ æгъдауджын, коммæгæсæй схъомыл кодтой сæ чызг Зæлинæйы дæр.

Лалыты Юри райгуырд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты размæ Цхинвалы районы Куасаталы хъæуы. Куыд бирæ æндæр йе ‘мцахъхъæн лæппутæ æмæ чызджытæ, афтæ уый дæр сабийæ æвзæрста бирæ зындзинæдтæ, хъуагдзинæдтæ. Нæ дзы рох кодтой йæ сабибонтæ æмæ иу арæх æрымысыд æфсируидзæнтæ, сæкæры бæсты иу хус цæхæрайы кæрстытæ куыд хордтой, изæрыгæтты лампæйы дыдзы рухсмæ куыд архайдтой.

Йæ фыд Лалыты Кудзи уыд фыццаг дунеон хæсты хайадисæг, гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ хъæбатыр тохгæнæг. Уыд иуæндæс сывæллоны фыд æмæ хъомылгæнæг. Йæ мад Джиоты Галинæ та хъомыл кодта йæ сывæллæтты æмæ кодта йæ хæдзарон зылдтытæ. Стæй сывæллæттæ куыд стыр кодтой, афтæ куыдхистæрæй лæууыдысты сæ ныййарджыты æнцой, æххуыс сын кодтой хæдзары алыгъуызон куыстыты. Цардмæ йын ахæм ахаст кæй уыд, стæй бирæ  сывæллонджын мад кæй уыд, уый тыххæй йын фæстæдæр лæвæрд æрцыдис, “Мад – хъайтар”-ы ном дæр.

Цард ивын райдыдта хуыздæрæрдæм, йæ гаччы бадт. Фæлæ та уалынмæ рай-дыдта цыфыддæр – Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Фæцыдис та хæстмæ Кудзи иннæ хæстхъом фæсивæдимæ. Адæмы цард та фæстæмæ алæууыд. Галинæйæн йæ зæнæгæй куыстхъом чи уыд, уыдонимæ æнувыдæй куыстой колхозы. Æххæст кодтой хистæрты алыгъуызон фæдзæхстытæ дæр. Юри дæр цумахъом куы фæцис, уæд архайдта бинонты къух фæрог кæныныл.

Лалыты Юрийæн скъоламæ цæуыны рæстæг куы æрцыд, уæд æй ахуыркæнын-мæ барвыстой сæхи хъæуы райдиан скъоламæ, стæй йæ ахуыр адарддæр кодта Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы. Иттæг хорз нысæнттыл æй бакæсыны фæстæ йæм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Йе ‘мбæстагон хæс æххæст кодта Германы. Куасаталаг лæппу, æфсæддон службæ хæсгæйæ тынгдæр банкъардта царды ад. Ам банкъардта æмæ йæхиуыл бавзæрста æфсæддон дисциплинæйы карз домæнтæ. Суинаг афицер æппынæдзух уыд раззагдæр рæнхъыты, уыд цæвиттойнаг салдат йе ‘мгæртты æхсæн. Йæ политикон æмæ æфсæддон цæттæдзинадмæ йын нæ уыд фау æрхæссæн. Йæ уагахаст æмæ хорз службæйы тыххæй уый иста бирæ хорзæхтæ æмæ уымæй кад кодта йæ райгуырæн Ирыстонæн æмæ йæ раттæг адæмæн. Æфсадæй куы æрыздæхт, уæд иу бон дæр дзæгъæлы нæ фæбадт, уайтагъд кусын райдыдта Цхинвалы завод “Эмальпровод”-ы. Фæлæ æфсæддон службæ йæ зæрдæмæ арф кæй айста, кæй йæ бауарзта, уый йын æнцойад нæ лæвæрдта, хуыдта йæ йæхимæ æмæ бацыд, уæд Цхинвалы цы æфсæддон хай уыд, уырдæм. Юри æххæст кодта йæ разылæууæг хæстæ. Алы хъуыддаджы дæр-иу разындысты йæ зонындзинæдтæ, йæ арæхстдзинад. Бæрзонд хаста æфсæддоны кадджын ном, уыимæ ма йын хорз ахаст æмæ æмбарындзинад уыд йæ дæлбар салдæттæм. Уыцы хорз миниуджытæ хатыдысты йæ командиртæ æмæ арæх хорзæхджын цыдис арфæйы гæххæттытæ, зынаргъ лæвæрттæ, паддзахадон хорзæхтæй. Ахæм рæстæджы-иу Юри худгæйæ дзырдта: “Уыцы лæвæрттæ дæр куыд нæ, фæлæ алкæмæй стырдæр хорзæх райстон мæ цардæмбал Цоциты Анусийæ. Уый мын балæвар æмæ банкъарын кодта хъæбулы ад, уымæ цы стыр уарзондзинад райхъал вæййы, уыцы уарзт”.

Уæздан æмæ адджын бинонтæ нывæзтой царды бирæ хорз æмæ тæхудиаджы фæндтæ, æххæст дæр сæ скодтаиккой, фæлæ афтæ тынг цы бæстæ уарзтой, мады хъарм хъæбысы ад сын чи кодта, фехæлд уыцы бæстæ. Ныппырх æмæ фехæлд Советон Æфсады тых æмæ хъару. Гуырдзыстон никæмæйуал аргъуц кодта, нал тарст æмæ арт æндзарын райдыдта, рагæй фæстæмæ кæмæ хъызыдис, уыцы æнæазым ирон адæммæ. Уæдмæ Юри кæм службæ кодта, уыцы æфсæддон хай ацыд Ирыстонæй. Уыдонимæ Юри дæр, фæлæ куыддæр банкъардта Гуырдзыстон Ирыстоны æвыдæй нал ныууадздзæн, уæд æрыздæхт фæстæмæ. Кусын райдыдта, Цхинвалы цы гæрзифтонг къорд сырæзт, уыцы штабы. Йæ æфсæддон цæттæдзинад æмæ зонындзинæдтæ хорз фæахъаз сты æрыгон, æвæлтæрд хæс-тонтæн сæ бацамоныны хъуыддаджы. Уый æнцон хæс нæ уыд, фæлæ Юри ахуыр уыд, ахæм  архæйдтытыл æмæ сæ æххæст кодта æппæт домæнтæм гæсгæ. Бантыст ын бирæ саразын, аразинæгтæ дæр ын цъус нæ уыд, фæлæ йын ног сы-рæзгæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад йæ бæрны бакодта æндæр, ноджы стырдæр хæстæ. Нысан æрцыдис зенитон-артиллерион дивизионы командирæй. Хæст райдайыны агъоммæ, хæстон архайдтыты рæстæджы зенитон-артиллерион дивизионы раз цахæм ахсджиаг хæс-тæ æвæрд ис, уый Юри хорз æмбæрста æмæ æгасæй дæр аныгъуылд йæ разы-лæууæг, хæстæ æххæст кæныны.

2004-æм азы июны гуырдзиаг фыдгæнджытæ сæ хæстон, æбуалгъ архайдтытæ ногæй куы сытынг кодтой, уæд Юри цыбыр æмгъуыдмæ йæ дивизионы хæстонты равæрдта бæрзонд бынæтты. Кæд цыдысты уæззау æмæ æнæмсæр тохтæ, уæддæр уыдон фæстæ нæ фæлæууыдысты. Стыр ныхкъуырд лæвæрдтой гуырдзиаг хотыхджын, фашистон къордтæн. Иу ахæм уæззау тохы рæстæджы Юрийыл хæдтæхæгмæ хизгæ-хизын сæмбæлд, æввахс æм чи спырх, уыцы ставдкалиброн снаряды схъистæй. Юри фæстæдæр йæхи æрæмбæрста республикон рынчындоны. Йæ фыццаг дзырдтæ уыдысты, цы æрцыд, цæмæн дæн ам, зæгъгæ?

Юри кæд ныфсытæ æвæрдта йæхицæн, быхста йæ рыстытæн, уæддæр æрвыст æрцыдис хос кæнынмæ. Уым фæбæрæг ис, дарддæр ын гæнæн кæй нал ис æмæ æххæст кæна æфсæддон хæстæ. Нæ уыд уый æнхъæл æмæ бахауа маст, сагъæс æмæ катайы уацары. Цы бакæнон, зæгъгæ, фарста йæхи, хъахъхъæнынады министрады разамонджыты. Фæлæ-иу зæрдæрухсгæнæн дзуапп нæ райста, æмæ сæ уый дæр нал тыхсын кодта. Юри бæлвырдæй зыдта, исты хъуыддаджы æрлæууын æй кæй хъæуы. Иуран бадын раст нæ уыдзæнис, змæлын, архайын æй хъæуы. Æмæ аскъуыддзаг кодта – кæндзынæн мыддарды куыст. Фæлæ йæм горæты уæды ахуырады разамынад бахатыд, цæмæй сæм æрбацæуа æмæ скъоладзау-тæн амона æфсæддон хъомылад æмæ цæттæдзинад. Юрийæн уыд æхсызгон æмæ стыр æхцондзинады æнкъарæнти-мæ æрывнæлдта йæ куыстмæ. Уый скъоладзаутæй арæзта хæстонтæ, хæстонтæй – хъæбатыртæ, хъæбатыртæй райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджытæ. Йæхи сæрмагонд цæвиттонæй æвзонг фæсивæды æппынæдзух цырын кодта хъæбатырдзинад, адæймагдзинад æмæ  Фыдыбæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ. Фæстаг аз-ты та уый уыдис Цхинвалы Ветеранты советы уæнг.

Фæлæ Юрийыл йæ хъысмæт сайдæй разылд. Бирæ рæстæг нæма рацыд, не `хсæнæй куы фæхъуыд, уæдæй. Фæлæ, цасфæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр йæ уæзбын ныхас,  йæ фæлмæн мидбылхудт, йæ ном – цæрдзысты, бирæ йæ чи уарзта, уыдоны зæрдæты.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, æмæ-иу дæм, Юри, мыййаг дæ уазал ингæнмæ хъарм цæстысыджы æртæхтæ куы æрхауой, уæд æй зон, уыдон кæй сты, дæ иунæг чызг Зæлинæйы æмæ зынаргъ кæмæн уыдтæ, уыцы адæймæгты цæссыгтæ…

Пакъуыйау дын фæлмæн уæд, афтæ тынг кæй уарзтай, уыцы зæхх!

БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.