Уый уыд адæймаг-легендæ!

 Йæхæдæг та, йæ мæлæты размæйы фæдзæхсæн фыстæджы афтæ загъта йæхицæй: «Мæ царды кæронмæ баззайдзынæн романтикæй». Æмæ баззад… Æгæрыстæмæй йæ мæлæты фæстæ дæр. Йæ лæгдзинад, йе рдхæрæны сгуыхтдзинадæн ын чи табу кодта, уыдонæн йæ мæлæты фæстæ дæр баззад романтикæй, ныфсхаст æмæ æнæбасæтгæ гоймагæй. Уый 1977 азы Цæгат полюсмæ йæ ихсæттæг нау «Арктикæ»-йæ ихвæндаг куы айгæрста, уæд уыцы диссаджы хабарæй сæ сæртæ бæрзонд систой æнæхъæн Советон Цæдисы адæм.

Уæдæй фæстæмæ дæр, Кучийы фырт пенсийы куы уыд, ахæм легендарон сгуыхтдзинæдтæ равдисынмæ йын азты уæз йæ фæндаг куы æрæхгæдта, уæддæр-иу йæ табу-гæнджытæ уымæй хастой цæвиттон, уымæй æвæрдтой ныфс. Зæгъгæ ахæм исты, басæттæн цæмæн нæ уыд – уæд та-иу йæ табугæнджыты зæрдыл æрлæууыд номхæссæн ироны лæгдзинад.

Уый уарзтой æгас советон бæстæйы адæм, кад æмæ йын цытимæ ардтой йæ ном дард фæсарæнты дæр. Фæлæ зæххы къорийыл алкæмæй уарзондæр уыд йе мтуг, йемыстæг ирон адæмæн. Арæх цыд Ирыстонмæ, куыд йæ цæгат хаймæ, афтæ йæ хуссар хаймæ дæр. Йе рцыд-иу алы хатт дæр уыд Хуыцауы минæвары фæзындау, адæм-иу кæрæдзийæн цингæнгæ дзырдтой, Кучиты Юри ам ис, зæгъгæ. Алчи дæр-иу бæллыд дардæй йæ уæддæр фенынмæ, йæ къух ын райсынмæ. Кæмфæнды ма уыдаид, алы ран дæр, алы журналисты бæллиц дæр уыд Кучиты Юрийæ интервью райсын.

Ныр йæ райгуырдыл сæдæ азы сæххæсты бон дæр йæ ном ахæм цытимæ хъуысы куыд Ирыстоны алы къуымты, афтæ Уæрæсейы дæр. Бирæ алыгъуызон бæрæгбонтæ банысан кодтой Ирыстоны, фæлæ уал абон нæ ныхасы сæр у, йæ райгуырæн бон ын, кæм цард, уым, Уæрæсейы дыккаг столицæ Санкт-Петербурджы куыд æхсызгон æмæ бæрзонд æмвæзадыл банысан кодтой, уый тыххæй.

Йæ райгуырæн бон Кучиты Юри кæм цард, уыцы хæдзары раз – Стыр Пушкарскы уынгыл æрæмбырд бирæ адæм. Юбилейон мадзал сорганизаци кодта Уæрæсейы Федерацийы Денджызон поляронты ассоциаци. Ардæм æрбацыдысты Ленинграды областы Губернаторы хæдивæг Батанов Эдуард æмæ горæты администрацийы минæвæрттæ, Кучийы фырты лæгæй-лæгмæ чи зыдта, ахæм зындгонд денджызонтæ, кæцытæ раджы ныууагътой се службæ, рагæй сты пенсийы, фæлæ, сæхæдæг куыд зæгъынц: раздæры денджызон нæ вæййы – денджызонтæ кæрæдзи нæ рох кæнынц…

Цытджын церемонимæ æрбацыдысты Санкт-Петербурджы ирон æхсæнады минæвæрттæ, æрыгон фæсивæд. Уæлдай цымыдисаг уый у, æмæ нæ номдзыд æмзæххоны номыл уагъдцæуæг мадзалы хайад кæй райстой дыууæ Советон Цæдисы Хъайтары æмæ цыппар Советон Цæдисы Социалистон Куысты Хъæбатыры. Уым цытджын æгъдауæй байгом кодтой мемориалон фæйнæг – ССР Цæдисы Социалистон куысты хъайтар, атомон ихсæттæг нау «Арктикæ»-йы капитан Кучиты Юрийæн.

Мемориалон фæйнæг байгом кæныны церемони уагъта Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Сергей Новожилов.

Мемориалон фæйнæг байгом кæныны хæс æрхауд уыцы легендарон денджызон балцы Кучийы фырты æмбæлцæттæй сæ иумæ, цытджын полярон, Советон Цæдисы Денджызон флоты кадджын кусæг Ульянов Евгенимæ.

Бирæ хъарм ныхæстæ загъдæуыд ацы бон нæ номдзыд æмзæххоны тыххæй. Раныхасгæнджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй Кучиты Юри йæ сабибонты, куыд бирæ хæххон лæппутæ, афтæ кæй бæллыд тæхæг суæвынмæ, фæлæ йын  хъысмæт  сныв  кодта  æндæр  фæндаг.

Æмæ хъысмæт уымæй стыр хорзы бацыд Советон Денджызон флотæн, Кучийы фырты хуызæн легендарон денджызон ын кæй балæвар кодта, уымæй – сæрыстырæй дзырдтой раныхасгæнджытæ. Нæ сæ ферох, горæт Ленинградæй кæй райдыдта арктикæйон регионы рæзт, кæцыйы рæзтмæ стыр хайбавæрд бахаста Кучийы фырт дæр. Æмæ абон дæр бирæнымæц проекттæ æххæст цæуынц ам, кæцытæ здæхт сты Арктикæйы рæзт æмæ тыгъдадыл аххæссынмæ.

Раныхас ма дзы кодтой Виктор Боярский – Уæрæсейы Федерацийы Географион æхсæнады Арктикæйон къамисы сæрдар, Лемихов Анатоли – Кучиты Юрийы ахуыргæнинаг, ССР Цæдисы Социалистон Куысты Хъайтар æмæ æн-дæртæ.

Цытджын церемонийы ирон адæмы, ома Кучийы фырты æмзæххонты номæй раныхас кодтой Санкт-Петербурджы цæрæг ирæттæ номдзыд актер æмæ режиссер Бутаты Къоста æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Бæззаты Андрей-«Скиф». Уыдон лæмбынæг æрдзырдтой Кучиты Юриимæ сæ фембæлдтыты тæлмæнты тыххæй æмæ æрсидтысты ирон фæсивæдмæ, цæмæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ адæттой сæ номдзыд æмзæххоны лæгдзинад æмæ сгуыхтдзинæдтæ, йæ ном ын ма рох кæной.

Цытджын мадзалы аивадон архайджыты æмрæнхъ хайад райстой поэттæ, кæцытæ æрæмбырдуæвджытæн бакастысты  легендарон  денджызоныл  фыст  æмдзæвгæтæ.

Юбилейон мадзалмæ æрæмбырдуæвджыты раз  бинонтæ æмæ хиуæтты номæй раныхас кодта æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта Кучиты Юрийы чызг Тихомирова-Кучиты Татьянæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.