Лæджы цардæй кæй фæцард, уый дызæрдыггаг никæмæн у, фæлæ афтæ æнæнхъæлæджы, æнæсым æмæ æмырæй цæмæн ацыд, уый у дызæрдыггаг… Афтæ куы уыдаид, уæззау рынчын уыд, кæнæ йæ æнæнхъæлæджы низ атыдта не ‘хсæнæй, уæд æнцондæр уыдаид, чи йæ зыдта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр, фæлæ… Дам-думтыл та бындуриуæггæнæн нæй, гæнæн ис фæсайой, гæнæн ис расайой зæрдæхудт…

Бзæты уæздан лæппу Юри… Ацы уæлион дуне цы рухс адæймæгтæй фидыдта, уыдонæй та иу ацыд дæлион æмыр дунемæ. Уый уыд хæларзæрдæ, хъæлдзæг зæрдæйы хицау, намысджын æмæ рæстдзинадыл æнувыд адæймаг. Тынг бирæ сарæзта йæ туг, йе стæг адæмы, Аланыстоны хæрзиуæгæн, йæ фыдыбæстæйы æдасдзинад æмæ рæсугъд сомбоны сæрвæлтау. Бирæ, тынг бирæ хæрзты бацыд йæ раттæг адæмæн, бирæ лæггад дзы базыдта Ирыстонæн йæ хуссар хай дæр, нæуæдзæм азты райдианы та нын гуырдзы хæст, блокадæ æви æргом геноцид куы расидтысты, уыцы рæстæджы дæр, фæлæ нæ уыд йæ кой уæрæх тыгъдады скæныны бар, сусæгæй та йын цасфæнды фæкæн бузныджы ныхæстæ – кæй хъæуынц, чи сæ зоны, чи сæ хъусы…

Æниу ахæм цыдæртæ домгæ дæр нæ кодта. Йæ цыфæнды хорзракæнды тыххæй дæр бузныджы ныхасмæ никуы æнхъæлмæ каст, сæ фехъусгæйæ та æфсæрмы кодта, йæ уæздан, йæ фæлмæн цæстытæ-иу зæххмæ ныццавта…

Бирæ уæздан, хæдæфсарм æмæ ирон æгъдауылхæст лæппутæ бахъомыл æмæ слæг Ирыстонæн æддейæ, фæлæ уыдонæн се ппæтæй дæр Бзæты уæздан лæппу хицæн кодта бирæ цæмæйдæрты. Фыццаджыдæр уымæн, æмæ цыдæриддæр арæзта, уыдон арæзта уый тыххæй нæ, цæмæй йыл искуы чингуытæ фыссой, кæд йæ удæгасæй нæ, уæд ын йæ мæлæты фæстæ уæддæр саккаг кæной ордентæ, алыгъуызон кады митæ йын кæной. Уый алцы дæр арæзта зæрдæбынæй, уый тыххæй, æмæ йæ фæндыд йæ раттæг адæмæн, йæ фы-дыбæстæйæн лæггад кæнын. Уд æмæ зæрдæйæ лæггад кæнын. Уыд ын иунæг прин-цип: хъæуы афтæ саразын æмæ йæ бон у сараза йæ, уæд ма цæмæ у каст, цæуыл ма хъæуы хъуыды кæнын – хъуамæ йæ сараза…

Йе фсæддон цардвæндаг райдыдта, кæм райгуырд, уырдыгæй, Кисловодскæй. Уым фæцис каст Суворовы номыл æф-сæддон ахуыргæнæндон. Мæскуымæ дæр Кисловодскæй ацыд Бауманы номыл зындгонд уæлдæр ахуыргæнæндонмæ. Фæлæ æфсæддон бинонты ‘хсæн кæй райгуырд æмæ схъомыл, стæй æфсæддон ахуыргæнæндон кæй фæцис каст, æппæт уыдæттæ йæ уæддæр æмæ уæддæр разæнгард кодтой уыцы хаххыл кæронмæ ацæуынмæ.

1971 азы Бзæты Юри ахуыр кæнын райдыдта ССР Цæдисы Паддзахадон Æдасдзинады Комитеты уæлдæр скъолайы. Уæдæй фæстæмæ йæ цард æнгом сбаста æдасдзинады системæимæ, нырма ахуыр кодта, афтæмæй дæр куыста Паддзахадон Æдасдзинады Комитеты централон аппараты.

Комитеты Сырхтырысаджын институт каст фæуыны фæстæ уайтагъд кусын райдыдта æдасдзинады фæдыл фыццаг управленийы. Фæстæдæр æй кусынмæ арвыстой фæсарæйнаг бæстæтæм дæр. 1988 азы нысан æрцыд Паддзахадон Æдасдзинады Комитеты хистæр инспекторæй.

1990 азы Бзæты Юрийы æрæрвыстой Цæгат Ирыстонмæ, Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдарæй. Уый фæстæ дæр бирæ бæрнон бынæттæ раивта: уыд Цæгат Ирыстоны Федералон агентады директор, Цæгат Ирыстоны Æдасдзинады министр, Контрразвæдсгæрсты федералон службæйы Цæгат Ирыстоны управленийы хистæр.

Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ Паддзахадон Æдасдзинады Комитет Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Федералон Службæмæ куы раивдæуыд, уæд Бзæты Юрийы снысан кодтой Сæйраг управленийы хистæры хæдивæгæй.

1998 азы инæлар-майор Бзæты Юри фæстæмæ æрыздæхт Цæгат Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта Æдасдзинады советы секретарæй. Зæрдиаг куыст кодта æрмæст Цæгат Ирыстоны территорийыл нæ, фæлæ æнæхъæн Цæгат Кавказы æдасдзинад сифтонг кæныныл дæр.

Хуссар Ирыстоны адæм уæззау фыдæвзарæнты куы бахаудысты, уæд сæм иу æмæ дыууæ хатты нæ фæдаргъ кодта йе ‘ххуысы къух Бзæты лæппу, кæд-иу ын уый бар нæ уыд, æгæрстæмæй-иу ын тас уыд йæ бынат фесафынæй, уæддæр… Уымæн æмæ уый иудадзыгдæр тыхст йæ адæмы хъысмæтыл æмæ йын уæлдай нæ уыд, чи сæ кæм цæры – цæгаты æви хуссары. Никуы ракаст уæлæнгай цæстæй йæ адæмы, йæ нацийы проблемæтæм, кæддæриддæр цард ирон адæмы рыст æмæ цинæй.

1992 азы гуырдзиаг лæджыфыдхортæ Зары æфцæгыл æнаххос ирæтты куы ныццагътой, уæд сæ ныгæнæн бон Бзæты Юри верттæхæгыл Хуссар Ирыстонмæ æркодта зындгонд ныгуылæйнаг журналист Салхъазанты Фатимæйы, цæмæй æнæхъæн дунейæн фехъусын кодтаид уыцы æбуалгъ трагедийы тыххæй.

Уыцы хъуыддагæй къаддæр хæрзты нæ бацыд Бзæты Юри Ирыстоны хуссар хайæн йæ зын рæстæджыты, фæлæ йын, цы бынæтты куыста, уымæ гæсгæ дзурæн нæ уыд йæ бакæнгæ сгуыхтдзинæдтыл. Зын æмæ хъыгаг уый у, уымæй кæй пайда кодтой чидæртæ æмæ-иу ын йæ бакæнгæ хæрзиуæгон хъуыддæгтæ сæхиуыл кæй æрфыстой. Уымæн æмæ зыдтой, Бзæты лæппуйæн иуæй йæхи раргом кæныны бар нæй, иннæмæй та уый Хуссар Ирыстонæн йæхи равдисыны тыххæй нæ лæггад кæны. Æмæ… Йæ удыбæсты тыххæй-иу хæстарыд Хуссар Ирыстоны адæмæн кæцæйдæрты цы ратона кодта, радта æмæ рарвыста, уыдæттæй-иу чидæртæ та «байстам сæ» кæнæ «балхæдтам сæ» загътой…

Æмæ зыдта æппæт уыдæттæ, куыднæ сæ зыдта, фæлæ никуы ахызт йæ сæрыстырдзинады сæрты, никуы сæ рахаста рæгъмæ. Æгæрстæмæй фæстæдæр азты, пенсийы куы ацыд æмæ йын йæ куысты бынат фесафынæй тас куы нал уыд, уæд дæр…

Уымæн æмæ йын сæйраг уый нæ уыд, цæмæй дзы æппæлыдаиккой, йæ риуыл ын хорзæхтæ кодтаиккой, кæд ахæм цæуылдæртыл æндæртæ, кæмæ не мбæлынц, ахæмтæ мæрдтæм фæцæуынц, уæддæр… Уый уæлдай кад æмæ цыт нæ уарзта æмæ сæ домгæ дæр нæ кодта. Уый йæ царды сæйраг хæсыл нымадта: йæ бон цы уыд, уымæй йæ адæмæн æххуыс кæнын, кæмдæриддæр æмæ цыфæнды хъуыддаджы дæр ирон уæвын, ирон лæджы кад æмæ намыс дæлæмæ ма руадзын, цæстыгагуыйау æй хъахъхъæнын. Ахæмæй ахицæн йæ уæлион цардæй. Æмæ кæд стыр рыст ныууагъта йæ фæстæ, чи йæ зыдта, уыдонæн се ‘ппæты зæрдæты дæр, уæддæр ацыд лæджы цыдæй, йæ фæстæ лæджы, æцæг ирон лæджы фæд ныууадзгæйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.