Ног аз хъæлдзæгдзинады бæрæгбон у æмæ кæстæрæй-хистæрмæ фæцин кæнынц йе рцыдмæ. Æрвылаз нæ горæтты æмæ хъæуты ахуыргæнæн уагдæттæ сæвæрынц æмæ сфæлындзынц ногазон назбæлæстæ.

Цхинвалы районы дард хъæутæй сæ иуы, Громы сколайы, кæд цъус ахуыргæнинæгтæ ис, уæддæр хистæрты æххуысæй, сæхи тыхтæ æмæ фæрæзтæй кæддæриддæр хъæлдзæгæй сæмбæлынц Ног азы бæрæгбоныл.

Ацы хатт дæр афтæ уыд. Громы хъæуы библиотекæйы сæрглæууæг Къусраты Эвелинæйы æххуысæй сывæллæттæ алыгъуызон хъазентæй срæсугъд кодтой назбæлас. Ахуыргæнинæгтæ уалыты Агуындæ, Куыдзеты Иринæ, Туаты Артем æмæ Ангелинæ, Уырыгаты Дианæ, Хацырты Мате æмæ Марат аив бакастысты ногазон æмдзæвгæтæ. Сывæллææты ма барæвдыдтой ногазон лæвæрттæй.

Чысылæй-стырæй хъæлдзæгæй арвыстой сæ рæстæг.