Куыд æппæт дунейы, афтæ махмæ дæр, Хуссар Ирыстоны Ног азы бæрæгбон нымад цæуы иууыл хуыздæр æмæ уарзондæр бæрæгбоныл. Азивæн кæй вæййы, уымæ гæсгæ Ног азы бæрæгбонмæ стыр æхсызгонæй, цины æнкъарæнтимæ развæлгъау сæхи бацæттæ кæнынц ирон адæм дæр. Не мбæстæгтæй ацы диссаджы бæрæгбоныл чи куыд фембæлы, цавæр традицитæ феххæст кæнынц, уый тыххæй нын сæ хъуыдытæ загътой цалдæрæй.

Мæргъиты Ирбег, ХИЗИИ зонадон кусæг: – Куыд æппæт ирон адæм, афтæ æз дæр ног азы бæрæгбонмæ мæхи бацæттæ кæнын æмæ йыл хорз зæрдæйы равгимæ сæмбæлын. Нæхимæ хохы дæр æмæ ныр, горæты нæ хæдзары дæр (раздæр цардыстæм Тлигомы) Ног азы бæрæгбон нысан кæнын хъæлдзæгæй, фæминас кæнæм. Ме ‘мбæлттимæ та нын ис ахæм традици: январы æртыккаг бон ацæуæм Рукъмæ, не ‘мбалы хæдзармæ æмæ уым адарддæр кæнæм нæ ног азы бæрæгбон. Кæд мит вæййы, уæд митæй дæр фæхъазæм, иудзырдæй, нæ рæстæг хъæлдзæгæй арвитæм.

Ног азы бæрæгбонмæ æз дæр фенхъæлмæ кæсын. Ацы бæрæгбон нымад цæуы, куыд бинонты бæрæгбон. Стæй азивæн вæййы æмæ лæджы цыдæр ныфсытæ вæййы, уымæн æмæ дæ хæдзары æртæ кæрдзынæй куы скувай, уæд хъуамæ хъуыды кæнай æмæ дæ уырнгæ дæр кæна дæ хъуыдытæ кæй сæххæст уыдзысты, уый. Удæгас адæймагæн цалынмæ бæллицтæ ис, уæдмæ цæры. Бæллицтæ йын куы нæуал уа, уæд та нал цæры. Уымæ гæсгæ йæм æнхъæлмæ дæр фæкæсын. Уæд æфсон вæййы, цæ-мæй дæхиуæттæм фæдзурай, дæхæдæг дæр сæм бацæуай, бабæрæг сæ кæнай, бафæрсай сæ, куыд цæрынц. Вæййы афтæ æмæ æнæхъæн аз дæхиуæттæй кæмæдæр нæ бацыдтæ, фæлæ ныр та мæ хæсыл банымайын, цæмæй сæ алкæмæдæр бацæуон æмæ сын раарфæ кæнон.

Ногазон фынгы тыххæй та мæ фæнды зæгъын уый æмæ нæм хъуамæ æнæмæнг фынгыл уа æртæ уæливыхы. Уыцы æртæ кæрдзыны хъуамæ æнæмæнгдæр уой хæдзары конд. Гæнæн ис æмæ хæдзарæн æдтейæ куы бадай, уæд æлхæнгæ кæрдзынтæй дæр акувай, фæлæ ахæм стыр бæрæгбоны домдæуы Хуыцаумæ хиконд сыгъдæг цыхтæй кæрдзынтæй скувын. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæдзары ма скæнынц æндæр ссывдтытæ дæр. Уымæй дарддæр ма нæм фынгыл æнæмæнг хъуамæ уа цыхт æвæрд, уымæн æмæ уый у ирон адæмы традицион хæринаг, æнæмæнг нæ фынгыл хъуамæ æвæрд уа фыдызгъæл, иннæтæ та фынджы фидыц.  Ирон адæм рагæй фæстæмæ хæрды хъуыддагмæ стыр хъусдард здæхтой, уыдис сын сæйраг традицион хæринæгтæ æмæ-иу фыццаграды уыдон æвæрдтой сæ фынгтыл.

Хохы ма куы цардыстæм, уæд ма нæ хъæуы бæрцæй уыдыстæм фондз хæдзары æмæ-иу ног азы кæддæриддæр сæвæрдтам хъæдæй хаст рæсугъд назбæлас. Ныр та ног азы райсомæй раджы уынгмæ рахизын æмæ дзы сывæллæтты куы фенын, уæд сæ æрбакæнын хæдзармæ æмæ сæ барæвдауын адджинæгтæй. Стæй сын бæрæгбоны тыххæй радзурын, бацамонын сын арфæйы цы зæгъын хъæуы, уый. Æфсæрмы фæкæнынц, фæлæ сæ нæ ныууадзын æмæ иумæ схæцæм ногазон арфæтæ дзурыныл.

Хъороты Светлæнæ, Республикон рынчындоны кордиологион хайады къухдариуæггæнæг: – Алы бæрæгбон дæр банысан кæнын æмбæлы зæрдæрайгæйæ æмæ цытимæ, фæлæ мæм афтæ кæсы æмæ Ног азы бæрæгбонмæ адæм фæтырнынц стырдæр æмæ рæсугъддæр æнкъарæнтимæ. Æз дæр бирæ уарзын ацы бæрæгбон, фæлæ фæстаг цалдæр азы афтæ рауайы æмæ уыцы æхсæв мæн бахъæуы куыстмæ цæуын. Æцæг у, бæрæгбонон фынгмæ цы фæхъæуы, уыдон æрцæттæ кæнын, раарфæ кæнын мæ бинонтæн æмæ ацæуын мæ куыстмæ.

Ацæугæ ногазон æхсæвыл мæ бинонтæ дæр сæмбæлдысты цины æмæ хъæлдзæгдзинады æнкъарæнтимæ.  Кæй зæгъын æй хъæуы развæлгъау ахъуыды кодтам бæрæгбонон фынгыл цы ‘рывæрдзыстæм, уыдоныл. Сæйраджыдæр нæфынгыл уыд ирон хæринæгтæ. Се ‘рцæттæ кæнынмæ мæм фæкастысты мæ чындз æмæ мæ чызджытæ. Раздæры азты æппæт дæр арæзтон мæ кæстæрты тыххæй. Ныр та фылдæр архайдтон мæ кæстæрты кæстæрты тыххæй. Уыдон мын сты цыппар æмæ ныридæгæн Ног азы æхсæв фæдæттынц алыгъуызон фарстытæ. Фылдæр сæ цымыдис кæны Ногазон назбæлас æмæ сæ нæ фæхъыг кодтон. Тынг æм кæй æнхъæлмæ кастысты, уый тыххæй йæ сывæрдтон цалдæр бон раздæр.

Уавæрæй спайда кæнгæйæ мæ, куыд мæхи бинонтæ æмæ хæстæджытæн, афтæ Ногазы  Ирыстоны алы æмбæстагæн дæр  фæнды, цæмæй сын ацы ног 2022 аз суа амондджын аз.

ГÆЗЗАТЫ Иван

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.