Ацы аз Цæгат Ирыстонмæ уæййаг æрбаластой æхсæз мин æмæ æрдæг нæзбæласы. Уый у иннæ азтæй æмбис къаддæр. Уымæн йæ нысан у æрдзыл аудын. Бæрæг куыд у, афтæмæй æрвылаз дæр æнæ уæйæ баззайынц бирæ нæзы бæлæстæ æмæ сæ бынат ссарынц бырондæтты. Уымæ гæсгæ, ацы аз Хъæууонхæдзарадон министрад фагыл банымадта æрмæстдæр уал бæласы æрбаласын.

Ацы аз Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæз срæсугъд кодта, фондз метр чи у, ахæм 30-азыккон рæсугъд фæлгонц назбæлас. Республикæйы сæйраг елкæ ацыхатт æлхæнын нæ бахъуыд, фæлæ йæ цæрджытæн зæрдæбын ногазон арфæтимæ балæвар кодта Николаевскы цæрæг Виктор Безин.

Ацы хатт нæм Ногазы Митын Дада сдзурдзæн иронау. Стæй канд дзургæ нæ, фæлæ хъуамæ скæна ирон дзаумæттæ. Сабитыл зилдзæн лæвæрттимæ ирон урс кæрц æмæ урс нымæтхуды æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дзурдзæн ирон æмдзæвгæтæ. Уый у культурæйы министрады ног проект, æмæ сæ ныфс ис, алкæй зæрдæмæ дæр кæй фæцæудзæн.

Республикæйы 25 мин сывæллоны архайдзысты бæрæгбоны мадзæлтты. Уыдон сты сидзæртæ, сахъат сывæллæттæ, стæй æвæрæз æмæ бирæсывæллонджын бинонтæй. Ацы аз ма сыл бафтыдысты, Украинæйы сæрмагонд операцийы чи архайы, уыдоны сывæллæттæ. Уыдонæн лæвар сараздзысты алыхуызон мадзæлттæ. Æвæрд сын æрцыд сæрмагонд «Бæллицты елкæ». Уыцы елкæтыл сывæллæттæ ауындзынц писмотæ сæ бæллицтимæ. Ацы аз дзы сауыгътой 800 писмойы. Алкæй бон дæр у уыцы писмо райсын æмæ сабийы бæллиц сæххæст кæнын.

Дзæуджыхъæуы администрацийы хъæппæрисæй 22 декабры горæты уынгты цæуын райдыдта ногазон трамвай. Бон æртæ зылды чи ‘ркæны, уыцы бæрæгбоны трамвай фæлгонц у алы ругъдгæнæнтæй, йæ мидæг ын æвдисынц мультипликацион кинонывтæ, ацаходæн дзы ис цай æмæ адджинæгтæй. Трамвайы лæвар атезгъо кæнын у алкæцы сабийы бон дæр.