Ног азы æрбалæудмæ адæм фенхъæлмæ кæсынц уæлдай тынгдæр. Иууылдæр фæтырнынц, цæмæй сæ Ног азыл аккагæй сæмбæлой. Уагъд фæцæуынц алыгъуызон ногазон мадзæлттæ. Æвæццæгæн, нæ республикæйы стæм уагдон баззайы, ногазон мадзал цыран нæ бацæттæ кæнынц, ахæм. Кæд уагдæттæн сæ фылдæр ногазон мадзæлттæ ауадзынц декабры кæрон, уæд нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæн та традицион сси Зæронд Ног аз цытджын æгъдауæй нысан кæнын.

Ныр дæр та уыд афтæ. 11-æм январы Æвзæнгты республикон библиотекæйы уагъд æрцыд мадзал Зæронд Ног азы цытæн. Мадзал бацæттæ кодтой ацы библиотекæйы кусджытæ сæ директор Тототы Ленæйы сæргълæудæй æмæ Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ, Гæззаты Юрина, ацы скъолайы хореограф Мæлдзыгаты Фатимæ æмæ концертмейстер Медойты Аллæйы къухдариуæгадæй. Библиотекæйы стыр зал уыд бæрæгбонвæлыст. Залы хъуыстысты  ногазон музыкæйы зæлтæ, зарджытæ. Æрæмбырдуæвджыты цæстæнгас йæхимæ здæхта залы æвæрд рæсугъдвæлыст Назбæлас.

Мадзалмæ фæуазæг сты РХИ-йы Культурæйы министрады минæвæрттæ, уыцы нымæцы ацы министрады библиотекæты куысты фæдыл сæйраг специалист Дриаты Нателæ, афтæ ма сывæллæтты ныййарджытæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ. Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта  уагдоны директор Тототы Ленæ. Уый зæрдæбын ногазон арфæтæ ракодта йе ‘рхонгæ уазджытæн. Бафæндыд æй уыдонæн фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ сæ царды. Ахуыргæнинæгтæн та загъта, зæгъгæ, «сымах стут нæ фидæн æмæ хъуамæ ахуыр кæнат æрмæстдæр хорз нысæнттыл, уымæн æмæ сымах стут Ирыстоны фидæн. 2017 аз уын фæуæд æнтыстджын аз уæ ахуыры хъуыддаджы. Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæн, абон ацы мадзал чи бацæттæ кодта, уыдонæн. Сымах алыхатт дæр активон хайад райсут нæ мадзæлтты, мах систæм иу бинонты хуызæн». Тототы Ленæ ма бузныджы ныхæстæ загъта РХИ-йы Культурæйы министрадæн Остъаты Мадинæйы сæргълæудæй, ахæм мадзæлттæ уадзынæн сын æмбæлон уавæртæ кæй аразынц, уый тыххæй. Æрæмбырдуæвджытæн ногазон арфæтæ загъта Дриаты Нателæ. Уый дæр уæлдай хъусдард аздæхта ахуыргæнинæгтæм: «Сывæллæттæ арфæ уын кæнын Ног азы цытæн. Тынг æхсызгон мын у сымах  Æвзæнгты библиотекæйы уагъдцæуæг мадзæлтты активон хайадисджытæ кæй стут, уый. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ уæ ахуыры æмæ уый фæстæ та уæ дарддæры царды», – загъта уый. Ахуыргæнинæгты ныййарджытæй сæ иу – Тъехты Аленæ дæр бузныджы ныхæстæ загъта Æвзæнгты библиотекæйы кусджытæн. «Æз мæхæдæг дæр кæддæр уыдтæн ацы библиотекæйы активон чиныгкæсæг æмæ абон та ацы библиотекæйы алыгъуызон мадзæлтты хайад фæисы мæ чызг, 6-æм скъолайы ахуырдзау, стæй ма уый у библиотекæйы чиныгкæсæг дæр. Уагдоны кусджытæн мæ стыр бузныг зæгъын фæнды сывæллæттæм  аудгæ ахаст кæй дарынц, уый тыххæй».

Уый фæстæ райдыдта бæрæгбонон программæ. Мадзал амонджытæ загътой: «Ног азы хорзæх уæ уæнт! Ногазон диссаджы бæрæгбоны уарзынц куыд чысылтæ, афтæ хистæр кары адæм дæр. Ног азы хистæр кары адæм дæр цыдæр уысммæ раздæхынц се ‘взонджы бонтæм, сæхи банкъарынц сывæллæттæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ сывæллæттæн та саразынц æцæг ногазон бæрæгбон».  Æхцон музыкæйы зæлтæм ахуыргæнинæгтæ сæххæст кодтой «Чызджыты кафт». Сывæллæттæ аив бакастысты æмдзæвгæ «Ног аз», афтæ ма æндæр æмдзæвгæтæ дæр. Тынг цымыдисон рауад чызджытæ цы сценкæ «Ирон чызджы хъомылад» бацæттæ кодтой, уый. Цæвиттон, чысыл чызг æппынæдзух уыд уынджы æмæ хъазыд лæппуйы хъæзтытæй, йæ уæлæдарæс чъизи, йæ сæрыхъуынтæ пыхцылтæ. Йе ‘мкарæн чызджытæ та æппынæдзух æххуыс кодтой сæ мæдтæн, сæ уæлæ уыд рæсугъд, сыгъдæг уæлæдарæс. Лæппуйы хъæзтытæ чи кодта, уыцы чызджы мад сæм бахатыд, цæмæй хъазт сарæзтаиккой. Чызджытæ кафын куыд хъуамæ райдыдтаиккой, афтæ райхъуыст чысыл чызджы кæуын. Иууылдæр æм сæ хъусдард аздæхтой æмæ йын уайдзæфы хуызы загътой, зæгъгæ, ды цы хуызæн ирон чызг дæ, бакæс ма дæхимæ, загътой йын ирон чызг уынгты дзæгъæлы кæй нæ рахау-бахау кæны, фæлæ йæ мадæн кæй феххуыс кæны, уый.  Уæд сæм уый дæр бахатыд, зæгъгæ, йæ фæнды цæмæй уый дæр уа уыдоны хуызæн, йæ уæлæ скæна рæсугъд къаба æмæ йын йæ мад дæр сæххæст кодта йæ фæндон. Чызджытæ та йын балæвар кодтой куклæ, цæмæй машинæты бæсты куклæйæ хъаза.  Цалынмæ кæуаг чызг йæхи рæсугъд кодта, уæдмæ иннæтæ азарыдысты «Тауче». Чысыл чызг йе ‘мкарæнты размæ фæзынд рæсугъд къабайы, йæ сæрыхъуынтæ лæгъзфаст, йæ къухты куклæ, афтæмæй æмæ йыл уыдон дæр фæцин кодтой. Ацы сценкæйæн уыд хъомыладон нысаниуæг.

Сывæллæттæ фæхуыдтой Митын Дада æмæ Митын Чызджы. Уыдон дæр сын загътой ногазон арфæтæ æмæ бакастысты æмдзæвгæтæ. Ахуыргæнинæгтæн уагъд æрцыд конкурс ныв кæнынæй. Сывæллæттæ сæххæст кодтой ногазон зарджытæ æмæ алыгъуызон кæфтытæ. Уæлдай тынгдæр мæ рахицæн кæнын фæнды Наниты Дианæйы, уый тынг хорз азарыд цалдæр зарæджы æмæ Бибылты Дианæ та йæ рæсугъд кафтæй йæхимæ æркæсын кодта æрæмбырдуæвджыты. Ногазон мадзалы уагъд æрцыд лоторея дæр. Гæххæттыл фыстæй номыртæ байуæрстой сывæллæттыл æмæ уыдонæй кæй номыртæ схаудтой, уыдон  райстой ногазон лæвæрттæ, уагдоны директоры къухтæй. Иумиагæй залы уæвæг ахуыргæнинæгтæй иу дæр нæ баззад æнæ  ногазон лæвар.

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ ахæм мадзæлтты руаджы сывæллæттæ кæй исынц уæлæмхас хъомылад. Æрмæстдæр бинонтæ, скъола æмæ библиотекæ схъомыл кæндзысты æцæг адæймаджы. Бузныг зæгъын æмбæлы, Æвзæнгты библиотекæйы кусджытæ æмæ 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæн, иумæ афтæ æнгомæй кæй æмгуыстад кæнынц, уый тыххæй, уыимæ иумæ ахæм мадзæлттæ стыр ахъаз сты рæзгæ фæлтæры монон хъомыладæн дæр. Мадзалы кæрон æрæмбырдуæвджытæ иумæ систой зæрдылдарæн къам.

Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.