Цалдæр боны фæстæ æрбалæудзæнис ног, 2018 аз. Ацы бæрæгбон дзыллæтæн иумæйаг кæй у, уый тыххæй йæм ачи дæр фенхъæлмæ кæсы цины æнкъарæнтимæ. Ногазон бæрæгбонмæ нæ горæты разамынад йæхи куыд цæттæ кæны, уый тыххæй нæ уацхæссæгæн Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Хъазиты Хатуна радзырдта:

– Райдианы мæ раарфæ кæнын фæнды æрмæст нæ горæты цæрджытæн нæ, фæлæ ма нæ районты хъæуты æппæт цæрджытæн дæр. Фæнды мæ, цæмæй сæ алчи дæр ног азыл сæмбæла æнæниз æмæ æнæмастæй. Цы хорз фæндтæ æмæ сæм хъуыдытæ ис, уыдон сын сæххæст уой ног, 2018 азы.

Цæрæнбонты нæ адæм бирæ зындзинæдтæ февзæрстой. Фæнды мæ, цæмæй уыдон баззайой историйы, нæ адæмæн та ног азæй фæстæмæ сæ цард кæна хуыздæр, цæрой сыгъдæг арвы бын æнæниз æмæ æнæмастæй.

Куыд æрвылаз, афтæ та ацы аз дæр ног азы бæрæгбонмæ нæхи бацæттæ кодтам хорз. Развæлгъау бакуыстам æмæ сарæзтам бæрæгбонон план. Æххæст кæнын æй райдыдтам æрæджы. Нæ сæйрагдæр хæс у горæты сæйраг уынгтæ сфæлындзын. Театралон фæзуаты æвæрд цæуы ногазон назбæлас. Кæй зæгъын æй хъæуы, гæнæн уыдис æмæ сæвæрдтаиккам удæгас  назбæлæс, фæлæ нæ рæсугъд æрдзы хъæбысы къорд азты чи рæзт, уый ралыг кæнынмæ нæ нæ зæрдæтæ нæ бахастой.

Уымæй дарддæр ма æрвылаз дæр нæ горæты районты цæрджытæ сæхæдæг сæхи тыхтæ æмæ фæрæзтæй сæ-вæрынц æмæ сфæлындзынц ногазон назбæлæстæ. Уый тыххæй дæр фехъусын кодтам адæмæн. Æрвылаз дæр сæвæрынц 9-13 ногазон назбæласы. Уырны мæ, ацы аз хъуыддаг иннæ азтæм абаргæйæ хуыздæр кæй ацæудзæнис. 31 декабры æхсæвы 12 сахатмæ æввахс горæты разамынады сæргълæууæг, йæ хæдивджытæ æмæ хайадты кусджытимæ азилдзысты æмæ сбæрæг кæндзысты æртæ хуыздæр ногазон назбæласы æмæ сæ чи сæвæрдтой, уыдонæн лæвæрд æрцæудзæнис премитæ. Стыр хъусдард здахдзыстæм æрмæст назбæласы сфæлындзынмæ нæ, фæлæ ма йæ алыварс хъæлдзæг мадзæлттæм дæр. Хицæн преми райсдзæн, назбæлæстæй иууыл хæрзарæзтдæр чи уа, уый. Ацы куыстæн ма ис стыр хъомыладон нысаниуæг дæр. Фæсивæд кæнынц æнгомдæр, адæмы зæрдæйыуаг та – хуыздæр.

Горæты уынгты нæй хæлцадон продукттæ уæй кæныны бар, фæлæ адæмы куырдиæттæм гæсгæ, бæрæгбоны размæ уынгты цалдæр боны дæргъы уæй кæндзысты алыгъуызон продукттæ.

Ног аз хъæлдзæгдзинады бæрæгбон у æмæ нæ горæты сæйрагдæр уынгтæй сæ иу – Харебаты Исахъы уынгыл цал-дæр боны дæргъы уæй кæндзысты назбæлæстæ æмæ алыгъуызон рæсугъд хъазæнтæ, фæлындзæнтæ.

Уымæй дарддæр ма æртыккæгæм январы нæ горæты Театралон фæзуаты уагъд æрцæудзæнис концерт. Хайад дзы райсдзысты куыд нæ республикæ-йы, афтæ  цæгаткавказаг артисттæ дæр.

Уымæй дарддæр ма нæ администрацийы агъуысты 26 декабры уагъд æр-цæудзæнис ногазон хиирхæфсæн мадзал. Фæнд кæнæм, цæмæй нæ кусджы-тæй барухс кæнæм алкæйы зæрдæ дæр.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.