Хуссар Ирыстоны ветеринартæ хæдзарон цæрæгойтæн æнæаргъæй аразынц  вакцинаци æрранизы ныхмæ. РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министрады пресс-служ-бæйы банысан кодтой, зæгъгæ, æрранизы ныхмæ вакцинаци у тынг ахсджиаг.

Уагъд цæуы хæдзарон куыйты æмæ гæдыты сфыст æмæ æнæмæнг цæуынц вакцинаци. Хуссар Ирыстоны Хъæууон хæдзарады ветеринарон æмæ фосдарды управленийы хистæр Тедеты Ацæмæзы зонæнтæм гæсгæ, азы фыццаг æмбисы дæргъы вакцинæтæ арæзт æрцыд 1008 хæдзарон цæрæгойæн. Кæд ацы низы фæдыл нæ республикæйы уавæр вазыгджын нæу, уæддæр алыхат дæр у тæссаг. Уымæ гæсгæ, курæг стæм республикæйы цæрджытæй, цæмæй уæлæхох ма уой сæхи æдас скæныныл æмæ саразой вакцинæтæ сæ хæдзарон цæрæгойтæн æрранизы ныхмæ. Ветеринарон дохтыртæм æрбахатæн ис хъæууон хæдзарады министрады паддзахадон уагдон «Ветеринарон хъусдарды управлени» – мæ, кæнæ фæдзурын ахæм номырмæ: 8-929-809-09-20», – зæгъынц пресс-службæйы.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æрраниз у тынг карз хæцгæ низ, уый бахъыгдары нуæртты сæйраг системæйы. Къæбылатæ æмæ гæдыйы лæппынтæн фыццаг хатт вакцинæ скæнынц дыууæ мæйдзыдæй, дыккаг хатт сын ревакцинаци аразынц къæбылатæн 3-4 къуыриый фæстæ, гæдыйы лæппынтæн та 21 боны фæстæ. Хъомыл цæрæгойтæн вакцинаци аразынц афæдз иу хатт. Иммунитет сын 10 бонæй раздæр нæ фæзыны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.