Æрбалæууыдис уалдзæг æмæ афæдзы ацы афоны та фосмæ æмхиц вæййынц алыгъуызон хæцгæ низтæ. Æмæ цæмæй фос хызт уой уыцы низтæй, уый тыххæй сын арæзт цæуы вакцинæтæ. РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министрады ветеринарон дохтыр Лолаты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй сын судзинтæ арæзт цæуы цалдæр хуызы. Уыдон республикæйы цæрджыты фосæн арæзт цæуынц лæварæй. Уый тыххæй нæ республикæйы разамынад хицæн кæны æхцайы фæрæзтæ.

Ныртæккæ судзинтæ аразынц сыбыраг хæлмагниз, эмкар, фадниз æмæ цармы низы ныхмæ. Ахæм судзинтæ арæзт цæуынц лыстæгкъах фосæн дæр, хуытæн та –  емынæйы ныхмæ.

Лолайы фырт куыд зæгъы, афтæмæй хос нæй африкæйаг емынæйæн, фæлæ хос кæнынц классикон емынæйæн. Æнæуый, ацы дыууæ низæн дæр сæ миниуджытæ сты æмхуызон, фæлæ классикон емынæйы ныхмæ куы скæной вакцинæтæ, уæд нал фæрынчын уыдзæнис. Кæд фæрынчын уа, уæддæр африкæйаг емынæйæ æмæ куыд ма загътон, уый ныхмæ та хос нæй, – зæгъы йæ раныхасы Владимир.

Сыбыраг хæлмагниз æмæ эмкар тынг æнцонæй хæцынц фосыл, уымæн æмæ сæ цырынгæнджытæ баззайынц зæххы, нæ амæлынц. Уыдон бахауынц зæхмæ æмæ сæ бон у зæххы мидæг цæрой мингай азты. Хус рæстæг куы аххæссы, уæд стуртæ æнцондæрæй сыскъуынынц кæрдæг æмæ йæ æд уидæгтæ ахæрынц, æмæ афтæмæй ахæрынц уыцы микробты дæр. Æмæ, уæд æнæмæнг фæрынчын уыдзæн ацы низтæй. Растдæр сæ уый тыххæй фæхонынц зæххæй цæуæг инфекцитæ дæр.

Владимир куыд зæгъы, афтæмæй сыбыраг хæлмагниз фæзынд 16-17 æнусты. Ацы низ рафæлгъауын æмæ йын схос кæныны тыххæй  йæхи фæрынчын кодта челябинскаг ахуыргонд дохтыр, æмæ стæй йæхи сдзæбæх кодта. Уыцы низ та, сæйраджыдæр, фæзыны ахсæны, кæнæ цармыл. Цармыл та фæзыны, дзынгатæ куы фæхæцынц, уæд. Уыцы рæстæджы царм скъуыбæрттæ, схæлмаг вæййы, æмæ куы фегом вæййы хъæдгом, уæд дзыхъхъæй аззайы. Уый тыххæй йæ схуыдтой сыбыраг хæлмагниз. Владимир куыд зæгъы, афтæмæй уыцы низ афтæ тæссаг уыд æмæ дзы адæм тарстысты. Цалынмæ медицинæ размæдзыд нæ уыд, уæдмæ йæ номыл арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны дæр кувæндæттæ. Рахуыдтой сæ Хуысары дзуæрттæ æмæ сæм-иу куывтой, цæмæй сæ бахъахъхъæна ацы тæссаг низæй.

Ацы низ та тæссаг уымæй у, æмæ йын рæстæгыл куынæ схос кæной, уæд туг фæхъæстæ вæййы. Уымæ гæсгæ куывтой Хуыцаумæ, цæмæй сæм ма æрбауадза низ, бахиза сын сæхи æмæ сæ фос дæр ацы фыдбылызæй. Фæлæ уæдмæ фæзындысты йæ ныхмæ вакцинæтæ æмæ адæм сулæфыдысты. Фыццаг вакцинæ ацы низы ныхмæ æрхъуыды кодта францаг ахуыргонд Луи Пастер. Уый фæстæ сæ уадзын райдыдтой уæрæсейы дæр. Æмæ йæ фосæн рæстæгыл куы саразой, уæд иу афæдзмæ нал фæрынчын уыдзысты, сфидар вæййы сæ имунитет дæр. Зæгъын хъæуы уый æмæ сыбыраг хæлмагнизы ныхмæ вакцинæ арæзт хъуамæ æрцæуа фæззæджы, цæмæй зымæджы сфидар уа æмæ уалдзæджы уайтагъд ма фæрынчын уа. Фæлæ цæрджытæй бирæтæ ацы хъуыддаг сæ хъусы иувæрсты ауадзынц нæ сын сæ саразынц рæстæгыл æмæ арæзт æрцæуынц уалдзæджы.

Сыбыраг хæлмагнизæй чи фæрынчын вæййы, уыдон  Лолоты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, афтæ æнцон зонæн не сты, уымæн æмæ низ фæзыны æнæнхъæлæджы æмæ мæлгæ дæр акæны æвиппайды, æртæ бонмæ. Йæ тæвд та схизы 40-41 градусмæ, тыхулæфт фæкæны, схъæстæ вæййы туг. Стуры дзидза уыцы рæстæджы хæрынæн нæ бæззы. Низ йæ райдианы куы рабæрæг вæййы, уæд ын æнцон хосгæнæн у. Уыцы низæй амæлæг стуртыхъæуы судзын. Чи фæрынчын уа, уыцы адæймагæн дæр æнæмæлгæ нæй.

Ахæм низ у ЭМКАР дæр. Йæ микробтæ дæр зæххы мидæг йæхи бахъахъхъæнынц. Фæлæ сыбыраг хæлмагнизæй хъауджыдæр уый хæцгæ низ нæу. Стуртæй иу куы фæрынчын уа, уæд иннæтæн тас нæу бахæцынæй.

Лолайы фырт куыд зæгъы, афтæмæй сыбыраг хæлмагнизæй рынчын кæнынц фос дæр æмæ хуытæ алы рæстæджы дæр, фæлæ ЭМКАРæй та фæрынчын вæййнц 4 мæйæ 4 азмæ, стæй йын тас нал вæййы, уыцы низæй фæрынчынæн. Йæмикроб, сæйраджыдæр, æрбынат кæны дзидзайы æмæ дзы уадзы йæ хъæстæ, газтæ. Йæ фыццаг миниуджытæ ацы низæн сты – фæкъуылых вæййы стур, стæй æвиппайды амæлы. Йæ ныхмæ хос нæй. Ацы низæй нæ рынчын кæны адæймаг. Ацы низæй рынчыны фосы дæр фæхъæуы судзын, цæмæй низ бынтондæр фесæфа, уый тыххæй.

Цæмæй ахæм рынчын стуры фыдызгъæл базармæ ма бахауа, уый тыххæй хъæууон хæдзарады министрад архайы клеймотæ бацæттæ кæныныл. Ахæм клеймо цы фыдызгъæлыл уа, уый нысан кæндзæнис, æнæниз фыдызгъæлкæй у, уый.

Афтæ, уæдæ, хъæуы цырддзаст уæвын фосдарджыты, цæмæй сæ фос хызт уой алыгъуызон низтæй. Хъæуы сын рæстæгыл вакцинæтæ аразын. Æнæуый та алы низ дæр нæ республикæмæ æнцонæй æрбафтдзæнис, уымæн æмæ Гуырдзыстоныарæнгæрæтты арæзт æрцыдысты алыгъуызон лабораторитæ, цыран фæлгъауынц алыгъуызон хæцгæ низты.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.