2014 азæй фæстæмæ Уæрæсейы Федерацийы 31-æм августы банысан кæнынц ветеринарон кусæджы бон. Нысан æй кæнынц нæ республикæйы дæр.

Незамантæй фæстæмæ дæр фосдарды куыст кæнын нæ адæмæн сæ туджы ис. Æмæ уый æнæнхъæлæджы нæу. Зæхкуыстимæ фосдард дæр уыдис сæ царды фæрæз. Фосдард райтынг кæнынæн хорз уавæртæ ис нæ республикæйы территорийыл дæр. Уымæн æвдисæн, советон дуджы иу стæмтæй дарддæр алы хъæуы дæр фосдарды фермæтæ кæй уыдис, уый. Бирæ фос дардтой цæрджытæ сæхæдæг дæр, афтæмæй нæ сæрвæттæ йедзаг уыдысты фосы рæгъæуттæй. Дардтой лыстæг фос – сæгътæ, фыстæ, хуытæ, хæдзарон мæргътæ. Фæлæ нæм зындгонд аххосæгтæм гæсгæ фосдард фæстæмæ алæууыд ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азтæй фæстæмæ. Куынæг æрцыдысты æхсæнадон хæдзарадты фос, зынгæ фæкъаддæр сты цæрджыты фос дæр. Ныр хъæууон хæдзарады ацы къабаз цадæггай æндидзы. Æмæ цæмæй æндидза, рæза, уый тыххæй та сын се ‘нæниздзинадмæ хъæуы хъус дарын. Куыд адæймаг, афтæ фосмæ дæр æмхиц сты алыгъуызон низтæ æмæ сын фæхъæуы хос кæнын. Уымæ гæсгæ фæстаг рæстæджы хъæууон администрациты арæзт æрцыдысты ветеринарон фадгуытæ æмæ дзы цы ветеринарон дохтыртæ, фельдшертæ кусынц, уыдон зæрдæбынæй лæггад кодтой æмæ абон дæр кæнынц, канд фермерон хæдзарады фосæн нæ, фæлæ цæрджыты фосæн дæр. Нæ республикæйы ветеринарон кусджытæн дæр нæ уыдис сæхи сæрмагонд бæрæгбон. Уымæ гæсгæ ветеринарон дохтыр Лолоты Владимир фæндон бахаста, цæмæй ацы бæрæгбон нысан кæной нæ республикæйы  дæр. Йæ фæндоныл сразы сты нæ республикæйы разамынад æмæ ныр 2020 азы 31 августы нæ республикæйы дæр фыццаг хатт банысан æрцыд ацы бæрæгбон – ветеринарон кусæджы бон. Нысан кæнын та йæ райдыдтой, ветеринарон медици-нæйы кусджытæ уæзгæ бавæрд кæй хæссынц ветеринарон æмæ эпизотикон фæрныгад, фосдарды продуктты ветерина-рон-санитарон æдасдзинад сифтонг кæнын æмæ нæ алыварс дуне хъахъхъæныны тыххæй.

Дзурынц, зæгъгæ, медицинæ хос кæны адæймагæн, ветеринар та хъахъхъæны адæймагады. Ветеринари комкоммæ æн-давы фосдарды рæзтыл, ифтонг кæны фосдарды хæрзгъæд продукттæй фæлхас-гæнджыты. Ветеринарийы кусджытæй кæнгæ у продуктты æдасдзинад æмæ уый та нысан кæны, чи сæ пайда кæны, уыцы адæмы æнæниздзинад.

Нæ республикæйы бирæ ис фæлтæрд, сæ хъуыддаг хорз чи зоны, ахæм ветеринарон дохтыртæ æмæ фельдшертæ, кæцыты архайды руаджы мах æлхæнæм æмæ пайда кæнæм фосдарды æдас продукттæй. Уыдон фарсмæ кусынц æвзонг специалисттæ дæр. Уыдонæй сæ иу у Сатихъары хъæуы администрацийы фельдшерон фадыджы ветеринарон дохтыр Лолоты Ренатæ. Ацы дæсныйадыл сахуыр кæнын Ренатæйæн æнæнхъæлæджы нæ уыд. Уый йыл фæцайдагъ йæ чысылæй фæстæмæ, йæ ныййарæг фыд Владимиры архайдмæ гæсгæ. Владимир-иу рынчын фосы куы сгæрста, уæд-иу æм Ренатæ æдзынæг каст æмæ йæхимид сагъæс кодта, ныр, уый дзурын нæ зоны, æмæ йын, уæлдай зындæр уыдзæн, зæгъгæ. Тынг хъыг-иу ын уыд, сæхи фосæй-иу исчи куы фæрынчын, уæд. Йæ цурæй-иу нал цыдис, слæууыд-иу йæ фарсмæ æмæ-иу æй йæ чысыл къухтæй лæгъзытæ систа, афтæмæй-иу йемæ сабыргай ныхæстæ кодта. Фосмæ йæ уарзондзинад бонæй бонмæ куы фылдæр кодта, уæд фидарæй аскъуыддзаг кодта, æрмæстдæр кæй суыдзæнис ветеринарон дохтыр, уый. Ахæм дæсныйадыл сахуыр кæныны фадат та нæхимæ нæ уыд æмæ Дменисы астæуккаг скъола бакæсыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны университеты фармацевтикон факультетмæ. Уый йын хорз ахъаз фæцис хосты миниуджытæ  базонынæн. Фæлæ, Ренатайæн йæ зæрдæ æхсайдта йæ равзæрст дæсныйадмæ æмæ куыддæр йæ диплом райста, афтæ йæ фæндаг акодта Дзæуджыхъæуы хъæууон-хæдзарадон институтмæ ветеринарон факультетмæ. Ныр ын хуыздæр фадат фæцис цæрæгойты миниуджытæ æмæ сæ низтæ рафæлгъауынæн. Æнтысгæйæ йæ фæуыны фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн хъæу Дменисмæ æмæ кусын райдыдта Сатихъары ветеринарон фадыджы. Уырдæм хауынц Сатихъар, Дменис, Сарабукъ æмæ Къохаты хъæутæ. Куы бахъæуы, уæд ацæуы Присы хъæумæ дæр, кæд уымæ нæ хауы, уæддæр никуы базивæг кæны.

Ренатæ хорз æмбары, фосæн канд алыгъуызон низтæй нæ фæхъæуы схос кæнын, фæлæ ма сæ фæхъæуы витаминтæ дæр. Æмæ архайы комплексон æгъдауæй сын схос кæныныл, сæ иммунитет сын бæрзонд кæныныл. Уый тыххæй та ис алыгъуызон препараттæ æмæ сæ фосæн скæны æмбæлон æмгъуыдты. Æрæджы Дменисы хъæуы цæрæг Хуыбиаты Алиханы фыстæ куы фæрынчын сты, уæд уайтагъд сæ уæлхъус балæууыд æмæ иу боны мидæг уый сарæзта 130 судзины бæрц. Ренатæ арæх фæзæгъы, зæгъгæ стыр хæрзиуæг у, æгомыг фосæн баххуыс кæнын.

«Йæ рыст ын фенкъарын мæхæдæг дæр æмæ мын тынг зын вæййы, дзурын чи нæ зоны, ахæм сывæллонау мæм фæкæсы», – загъта Ренатæ..

Уæдæ æвзонг дохтыр зæрдæйæ архайы фосы æнæниздзинадыл æмæ уадз йæхæдæг дæр æнæнизæй, амондджынæй цæрæд!

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.