Нæ республикæйы хъæууон цæрджытæй æмæ фермерон хæдзарадтæй ставдкъах фос чи дары, уыдон ныр иу мæйы бæрц сæ фосæн аразынц вакцинаци нодулярон дерматиты низы ныхмæ. Ацы низ фыццаг хатт фæзынд республикæйы территорийыл.

Хъæууон хæдзарады министрады ветеринарон службæйы управленийы сæргълæууæг Тедеты Ацæмæз куыд зæгъы, афтæмæй ставдкъах фосыл нодулярон дерматит бахæцыны цаутæ иууыл раздæр бахынцыдæуыд Знауыры районы. «Низæн йæ нысæнттæ сты бæрзонд тæвд, цæстытæй æмæ фындзы хуынчъытæй фæкæлы цъæйдон. Уымæй дарддæр стурæн йæ буар фесты дондæппал. Кæд æмæ фосы хицау йæ афоныл фехъусын кæна бынæттон ветеринарон дохтырмæ, уæд уыдон раст терапи саразыны фæстæ фервæзын кæнынц стуры. Ставдкъах фосæн æртæ боны дæргъы арæзт æрцæуы сæрмагонд хос, уый фæстæ цадæггай æрхауы йæ тæвд, 2-3 къуырийы æмгъуыдмæ та бынтондæр фесæфынц, йæ буарыл цы дондæппæлттæ вæййы, уыдон».

Республикæйы сæйраг ветеринар куыд амоны, афтæмæй ахæм хæдзарон фосæн сæ фыд æмæ урсаг хæрынæн бæзгæ не сты. Рынчын фосы æхсыр, зæгъгæ, вæййы бæзджын æмæ сырхбын.

Дерматитæй рынчын фос хъуамæ хицæн æрцæуой æнæниз фосæй. Низ фосыл канд кæрæдзийæ нæ хæцы, низ парахатгæнæг сты бындзытæ, дзынгатæ æмæ джыбытæ дæр.

Тедеты Ацæмæз куыд зæгъы, афтæмæй низы амæттаг цы фос фесты, уыдон æнæмæнг хъуамæ æрцæуой куынæггонд. Уый тыххæй та фехъусын кæнын хъæуы бынæттон администрацийæн, цæмæй мард фосæн скъахтæуа хицæн территорийыл уæрмытæ æмæ дерматитæй амæлæг фос арф ныгæд æрцæуой.

Ныртæккæ низ фæзынд æмæ бахынцыдæуыд республикæйы иннæ районты дæр. Уымæ гæсгæ вакцинаци арæзт цæуы æнæниз ставдкъах фосæн се ‘ппæтæн дæр. Уый нысанæн Уæрæсейы Федерацийы æлхæд æрцыд дерматиты ныхмæ хъæуæг вакцинæтæ, кæцытæ арæзт цæуынц æнæаргъæй. Хъæууон хæдзарады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй вакцинæтæ арæзт æрцыд 12 минмæ æввахс ставдкъах фосæн. Бынæттон ветеринартæ та цæрджыты ‘хсæн дæттынц профилактикон амындтытæ. Ацы низ фосæй адæймагмæ нæ хизы, фæлæ уæддæр къæрцхъус хъуамæ уой, фермерон хæдзарадтæ кæмæн ис, уыдон. Нырма бæрæг нæу нæ территоримæ низ кæцæй æрбафтыд, уый. Ивгъуыд аз фæзынд сыхаг Гуырдзыстоны районты, афтæ ма Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты», – зæгъы Тедеты Ацæмæз.

Мах цымыдис кодтам ацы аз дæр хуытæн африкæйаг емынæйæ исты тæссаг у æви нæ. Уый фæдыл нын куыд радзырдтой, афтæмæй фыццаг хатт республикæйы территорийыл ацы тæссаг низ фæзынд 2007 азы. Фæстæдæр – 2010 , 2011 æмæ . 2016 азты та ногæй фæзынд Дзауы районы Синагур æмæ Теделеты хъæуты. Куыд рабæрæг, афтæмæй низ æрбахастæуыд ацы хъæутимæ æмарæн Гуырдзыстоны хъæутæй. Цæмæй низ ма апарахат уыдаид, уый тыххæй Синагуры хъæууон администрацийы хъæуты цæрджытæ фæдзæхст æрцыдысты, цæмæй сæ хуыты хизынмæ ма уадзой, дарой сæ кондæй. Афтæ ма сæ ветеринартæ базонгæ кодтой низы æууæлтимæ дæр. Бамбарын сын кодтой, низ куы фæзына, уæд цы аразын хъæуы. Хицауад та уынаффæ райста, республикæмæ кæцы арæнтæй æрбафтыд, уырдыгæй продукци ласыны бар мауал уа. Райсгæ мадзæлтты фæстиуæгæн фæстаг аз хуыты африкæйаг емынæйæ фæрынчыны цаутæ нал рабæрæг.

Фæлæ нырма раджы у цин кæнынæн. Хъуамæ адæм æмæ специалисттæ дæр уой цырддзаст æмæ уавæр уа цæстдарды бын. Уымæн æмæ африкæйаг емынæ парахат кæны цырд. Ацы низ кæуыл бахæцы, уыцы хуытæн амæлынц сæ 90 проценты. Вирус тынг фидар у, суанг зымæг дæр нæ мæлы. Парахат цæуы уæлдæфы руаджы. Низ хæсджытæ, гæнæн ис, æмæ уой адæм сæхæдæг дæр. Ацы низæй кæд хуы аир-вæзы, уæддæр йæ царды дæргъы вæййы вирусджын. Афтæмæй закъонмæ гæсгæ низ кæм фæзыны, уыцы территорийыл дыууын километры радиусыл куынæг хъуамæ æрцæуой æппæт хуытæ дæр. Хъæуы сæ басудзын, сæ фæнык та сын уæрмы баныгæнын. Хатт та хуыты мæрдтæ ныгæд æрцæуынц. Афтæмæй вирус зæххы бын цæры 200 боны бæрц. Специалист ма амоны, вирус хуыйы буары куы ирвæза, уæд уым æмбæхст хуызы вæййы 2-5 боны. Низæн ис дыууæ формæйы. Фыццаг формæйæ цæрæгой æвиппайды амæлы, ницы йыл разыны, афтæмæй. Дыккаг формæйæ та йæ тæвд схизы 42 градусмæ, хуы тыхæй фæулæфы, туг фæцæуы, йæ къæхтæ бандзыг вæййынц. Низ ахæссы 12-20 боны, стæй амæлы. Цы хуытæ дзы аирвæзы, уыдон вæййынц мæллæг, цыфæнды бирæ куы хæрой, уæддæр сыл хуыз нæ фæхæцы. Уæдæ ахæм нысæнттæ йæ хæдзарон фосмæ чи хаты, уый хъуамæ зона, йæ хуы рынчын кæй у. Цæмæй низпарахатгæнæг ма уа, уый тыххæй та йæ хъæуы фесафын.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.