Цхинвалы районы раззагдӕр фермерон хӕдзарадтӕй сӕ иу у «Тъбет», уымӕн йӕ къухы кӕддӕриддӕр ӕфты раппӕлинаг фӕстиуджытӕ. Ацы хӕдзарадӕн къорд азты арӕхстджынӕй разамынд кӕны куыстыл иузӕрдион адӕймаг Цхуырбаты Иван, кӕцы йӕ хъуыддагыл у ӕнувыд, кӕсы йӕм бӕрндзинады цӕстӕй ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕны бакӕнгӕ куыстӕй. Хӕдзарад кӕны куыд фосдард, афтӕ зӕххы куыст дӕр ӕмӕ дыууӕ къабазы фӕстиуджытӕй дӕр цӕуы раззагдӕрты рӕнхъыты. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Цхуырбайы фырты ӕмцӕдисон Бибылты Мелсик дӕр кӕй у куыстуарзаг, хорз рӕхсы техникӕимӕ архайынмæ ӕмӕ алыгъуызон хъӕууонхӕдзарадон куыстытӕ бакӕнынц сӕхӕдӕг. Хӕдзарад ацы аз 25 гектары байтыдта цъойы культурӕ ӕмӕ уал дзы ӕркарстой 12 гектары, карст уистӕ куыд хус кӕной, афтӕ сӕ пресс дӕр кӕндзысты ӕмӕ сӕ ӕфснайдзысты мӕнгагъуысты. Афтæмæй, куыд ацӕугӕ аз, афтӕ та ацы аз дӕр сӕ фосӕн сцӕттӕ кӕндзысты фаг холлӕгтӕ ӕмæ базымӕгиуат кӕндзысты ӕдыхстӕй. Байтыдтой ма 12 гектар хоры культурӕ дӕр ӕмӕ уый ӕфснайынмӕ та ӕрӕвналдзысты фӕстӕдӕр. Цы тыллӕг ӕркӕной, уымӕн йӕ иу хай среализаци кӕндзысты, иннӕ та фидӕн азмæ нывӕрдзысты тауинагӕн.

Хӕдзарады хистӕр Цхуырбайы фырт куыд загъта, афтӕмӕй сӕм стуртӕ та ӕдӕппӕт нымадӕуы 40 сæры, уыцы нымӕцы хъуццытӕ -18 ӕмӕ родтӕ та -15. Ис сӕм дуцӕн аппарат ӕмӕ иу хъуг ӕрдуцынӕн бахъӕуы 10 минуты. Хъугдуцӕг Тасойты Аллӕ мын куыд радзырдта, афтӕмӕй ацы тӕвд бонты ӕхсырӕрдыгъд кӕд фӕкъаддӕр, уӕддӕр сӕ нырма рухс кӕны йӕ зӕрдӕ, стӕй се ‘хсыры гъӕд у тынг хорз. Йӕ иу хайӕ йын ахсынц цыхт, иннӕ та горӕты фӕлхасгӕнджытӕм фӕхӕццӕ кӕнынц.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.