Ӕрӕджы мын мӕ хорз зонгӕ цины ӕнкъарӕнтимӕ радзырдта, йӕ хъӕуы йын бацӕуӕн фӕндаг кӕй цалцæг кæнынц. Бацымыдис кодтон ӕмӕ иу бон фӕндагаразджыты куыст бабæрæг кодтон.

Цӕвиттон, Цхинвалы районы Сатихъары хъӕуы иу сыхмӕ фӕндаг уыд тынг мӕгуырау уавӕры ӕмӕ дзы ӕвзӕр боныгъӕдты канд фистӕгӕйцӕуджытӕ нӕ, фӕлӕ ма автотранспорты хицӕуттӕ  дӕр ӕвзӕрстой зындзинӕдтӕ. Сыхбӕсты цӕрджытӕй сӕ иу – Джыккайты Хаджумар, бахатыд районы разамындмӕ, цӕмӕй сын сӕ фарстмӕ ӕркӕсой. Уавӕр бахынцыдæуыд ӕмӕ ног фӕндаг аразынмӕ бавнӕлдта районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад. Фæндагæн йӕ иумиаг дӕргъ уыдзӕн дыууӕ километры бӕрц. Цӕмӕй къӕвдайы дон фӕндагыл ма лӕдӕрса, уый тыххӕй дзы уыцы бон ӕвӕрдтой ставд хӕтӕлтӕ. Фӕндаджы арӕзтадыл зӕрдиагӕй кусынц экскаваторыл кусӕг Уазӕгты Митя, ӕндадзӕг Ӕлборты Анатоли, грейдерист Козаты Алан, Плиты Юри ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ацы фӕндаг куы сырӕза, уӕд ӕххӕстӕй дзуапп дӕтдзӕн цӕрджыты домӕнтӕн.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.